Царды æппæт нæ архайд, æдасдзинады фæзындты типологи нын фадат дæттынц æдасдзинады дæсгай, сæдæгай хуызтæ рахицæн кæнынæн. Уыдонæй ахсджиагдæртæ сты политикон, экономикон, социалон, æфсæддон, технологион, экологион, удварнон, динон, информацион, социокультурон, паддзахадон, генетикон, хæлцадон, медицинон, демографион æмæ æндæртæ.

Ахæм классификаци дырысæй лæвæрд нæ цæуы, уымæн æмæ иу хуыз æдасдзинад сыгъдæг хуызы, æндæр фæзындтæ æмæ фактортимæ æнæбастæй, æрдзы нæ вæййы.

Ацы классификацимæ гæсгæ æппæт æрсидтыты Парламенты депутаттæ бакуыстой æмæ истой закъæттæ: экологион, информацион, хæлцадон, сæудæджерадон æмæ æндæр хуыз æдасдзинæдты тыххæй. Сæ нæмттæ та дзурæг сты сæхиуыл.

Фæстаг цалдæр азы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны цы процесстæ цыдысты, уыдон мæгуырауæрдæм бандæвтой æппæт не ‘хсæнады моралон-хæрзæгъдауон уавæрыл. РХИ-йы Парламенты депутатты инициативæмæ гæсгæ ацы азы 11 майы уагъд æрцыдысты байхъуыстытæ. Депутаттæн сæ бон нæ уыд æвæлмас ахаст равдисын, æхсæнады цы процесстæ цæуы, уыдонмæ, цæвиттон, æнæххæст кары сывæллæтты аморалон уагахасты фактты фæдыл Цхинвалы фæсивæды минæвæртты реакцимæ. Социалон хызæгты цы информаци фæзынд, уый æхсæнадмæ равзæрын кодта катайдзинад æмæ бирæ фарстатæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны паддахадон хицауиуæгады ‘рдыгæй. Байхъуыстыты хайадисджытæ сæ катайдзинад равдыстой фæсивæды удварнон-хæрзæгъдауон æмæ патриотон хъомылады уæвæг проблемæты фæдыл. Уыдон нымайынц, зæгъгæ, удварнон-хæрзæгъдауон æмæ патриотон хъомылады бындуры сæвæрын хъæуы традицион удварнон хъомылады системæ, кæцы хынца ирæтты культурæ æмæ традициты сæрмагонд роль.

Парламентон байхъуыстытæ уадзыны рæстæджы арæзт æрцыдысты бæрæг хатдзæгтæ. Йæ хайадисджыты хъуыдымæ гæсгæ паддзахадон хицауиуæгады органтæ хъуамæ бакæной стыр куыст. Парламентон байхъуыстыты хайадисджытæ райстой æмæ сфидар кодтой рекомендацитæ фæсивæды удварнон-хæрзæгъдауон æмæ патриотон хъомылад фæхуыздæр кæныны нысанæн.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ бæрндзинадмæ конд æрцæуæд, сывæллæтты антисоциалон архайдтытæ аразыны, антисоциалон архайдтытæ бааууон кæныны тыххæй бæрнджын чи сты, уыцы адæймæгты (къласгæстæ, директортæ æмæ æндæртæ);
  2. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады æнæведомствæйон хъахъхъæныны кусæгыл уголовон хъуыддаг конд цæуæд æнæххæст кары сывæллæтты рæдийын кæныны факты тыххæй;
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмбæлон Комитетæн хæсгонд æрцæуæд, цæмæй контроль кæной, закъæттæ куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл, бæлвырддæрæй та ахæм закъæттæ:

1) «Наркотикон фæрæзтæ, психотропон буарадтæ æмæ сæ аналогтæй æнæзакъонæй пайда кæныны фæдыл административон æмæ уголовон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы Закъон;

2) «Æнæниздзинадыл æндавæг æнæалкоголон æмæ лæмæгъалкоголон нуазинæгтæ мидæмæ ласын, уадзын, парахат æмæ реализацийы бар нæ дæттыны тыххæй» 2012 азы райсгæ РХИ-йы Закъон;

3) «Республикæ Хуссар Ирыстоны сывæллæтты хæрзæгъдауон æнæниздзинад бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлтты тыххæй» 2012 азы 31 октябры райсгæ РХИ-йы Закъон;

4) «Республикæ Хуссар Ирыстоны сывæллоны барты сæйрагдæр гарантиты тыххæй» РХИ-йы Закъон;

5) «Наркотикон фæрæзтæ æмæ психотропон фæрæзты тыххæй» РХИ-йы Закъон;

6) «Сывæллæтты улæфт, æнæниз кæныны æмæ куыстыл цайдагъ кæныны организацийы бындурты тыххæй» РХИ-йы Закъон;

7) «Се сконды буарад «Прегабалин» кæмæн ис, уыцы хосгæнæн препарат «Лирикæ» æмæ йæ аналогты æнæзакъонæй мидæмæ ласын, амал кæнын, æфснайын, уæй кæнын, афтæ ма сæ æнæмедицинон æгъдауæй пайда кæныны тыххæй уголовон æмæ административон бæрндзинады тыххæй» РХИ-йы Закъон;

8) «Сывæллæтты æнæниздзинад æмæ рæзтæн зиан чи хæссы, ахæм информацийæ сæ хъахъхъæныны тыххæй» РХИ-йы Закъон;

9) «Тамако «Снюс», «Насвай», афтæ ма хæццæ тамако ласын, амал кæнын, æфснайын, уæй кæнын æмæ дымыны бар нæ дæттыны тыххæй» РХИ-йы Закъон;

10 ) «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæйы тыххæй» РХИ-йы Закъон;

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйæн хæсгонд æрцæуæд, цæмæй бабæрæг кæна, уæлдæр ранымад закъæттæ куыд æххæст цæуынц, уый;
  2. Рекомендаци лæвæрд æрцæуæд цæмæй бакуыстæуа национ идеологи.
  3. Уагъд цæуæд ахъуыдыгонд, эффективон фæсивæдон политикæ.
  4. Ногæй æркастæуæд «Удварнон-хæрзæгъдауон программæмæ» æмæ йæм бахаст æрцæуæд æмбæлон ивындзинæдтæ.
  5. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадæн хæсгонд æрцæуæд, цæмæй бакуса æмбæлон программæтæ уæлдæр ранымад закъæттæ æххæст кæныны фæдыл.
  6. Æрбæстон чындæуæд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, авторитетон адæймæгты, сфæлдыстады, аивады, спорты бæрæг æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыд, фæсивæды уыцы минæвæртты, паддзахадон службæгæнджыты, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны депутатты скъоламæ цæуыны системæ.
  7. Æрвылаз дæр уагъд цæуæд фæсивæды съезд æмбæлон структурæтæ æмæ министрадты, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты хайадистæй, цæмæй бæлвырд æрцæуа республикæйы фæсивæдон политикæйы уавæр.
  8. Ногæй æркастæуæд ахуырадон системæмæ æмæ йæм хаст æрцæуæд нæ нацийы культурæ æмæ традициты элементтæ.
  9. Бацамындæуæд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадтмæ хаст æрцæуой нæ фæсивæды æмæ æгасæйдæр нацийы æнæниздзинады, демографион фонды æмæ моралон уавæры фарстатæ.
  10. Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрадæн, горæты æмæ районты ахуырады хайадтæн бацамындæуæд, цæмæй хъусдард аздахой ахуыргæнджыты моралон уавæрмæ, бæрæг домæнтæ бакусгæйæ, афтæ ма сæ кусынмæ исгæйæ æвзарой хуыздæрты.
  11. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрадæн бацамындæуæд, цæмæй дырысæй æвзарой, ахуыргæнæн уагдæттæм кæй æрвитынц, уыцы адæймæгты.
  12. Ногæй æркастæуæд сывæллæтты антисоциалон ракæндты тыххæй ныййарджыты бæрндзинадмæ æркæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ æмæ, куы хъæуа, уæд фæкарздæр уæт банысангонд нормæтæ, æмбæлон закъæттæ райсгæйæ. Æххæсткæнынадон хицауиуæгады æмбæлон органтæн хæсгонд æрцæуæд, цæмæй бакусой æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ бавдисой банысангонд нормативон барадон акттæ.
  13. «Стыр Ныхас» – Куырыхонты совет баконд æрцæуæд сывæллæтты удварнон-хæрзæгъдауон æмæ патриотон хъомылады куыстмæ, афтæ ма фæсивæды антисоциалон ракæндты фæдыл уынаффæтæ райсынмæ, ирæтты традицитæ æмæ æгъдæуттыл æнцой кæнгæйæ.
  14. Арæзт æрцæуæд «Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Фæсивæдон Ныхас». Ацы организацимæ хъæуы æрбахонын кусынмæ æрыгон адæймæгты, кæцытæ хицæн кæнынц сæ хорз уагахастæй æмæ сæ къухты бафтыд бæрæг æнтыстытæ ахуыры, сфæлдыстады, аивады, куысты æмæ æхсæнадон архайды, хайад истой нæ республикæ бахъахъхъæныны.
  15. Зынхъомылгæнинæгты категоримæ ахæссæн кæй ис, уыцы æрыгон адæймæгты эффектвондæрæй хъомыл кæныны нысæнттæн Республикæ Хуссар Ирыстоны ногæй байгом æрцæуæд астæуккаг профессионалон-техникон ахуыргæнæн уагдон, цæмæй дзы ахуыр кæной, бархалынадтæм æмхиц чи сты, уыцы рæзгæ фæлтæр æмæ астæуккаг ахуырады программæимæ исдзысты конкретон кусæгон професси дæр. Раздæр ахæм хуызы ахуыргæнæн уагдон уыдис дыууæ ведомствойы дæлбар Мидхъуыддæгты министрады æмæ Ахуырады министрады. Ахæм ахуыргæнæн уагдон саразыны тыххæй хъæуы ивындзинæдтæ бахæссын РХИ-йы архайæг закъондæттынадмæ æмæ бакусын хъæуы ахæм ахуырадон уагдæтты архайды фæдыл уагæвæрд.
  16. Рæзгæ фæлтæры хъомылад фæхуыздæр кæнын ахъаз кæндзæнис ирæтты æгъдæуттæ æмæ традицитæ ахуыр кæныны фæдыл дисциплинæ «Чырыстон дины истори æмæ традицион ирон уырнынæдтæ» скъолаты бакæнынæн. Ацы фарсты фæдыл кусы РХИ-йы Ахуырады министрад. Чырыстонад æмæ традицион ирон уырнынæдтæ сты ирон адæмы национ хиæмбарынады бындуртæй сæ иу æмæ уый фыст ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы (Сæйраг Закъоны) 33-æм статъяйы 2-æм хайы. Ирæттæм национ идея æмбæлон уагыл нымайын æндавы нæ адæмы удварнон-хæрзæгъдауон уавæрыл. Гæнæн ис национ идея агурæн уа чырыстонад æмæ традицион ирон уырнынæдты. Ахуыры программæ ис саразæн хуымæтæгдæр хуызы райдиан кълæстæн æмæ уæрæхдæрæй та хистæр кълæстæн;
  17. Интернеты зианхæссæг æндæвдадæй рæзгæ фæлтæры бахизыны хъуыддагæн ахъаз кæндзæнис уый ахуыргæнæн уагдæтты æрæхгæныны тыххæй техникон фæрæзтæй пайда кæнын. Экстренон службæтимæ бастдзинады тыххæй ахуыргæнæн уагдæтты хъуамæ сæндидза стационарон бастдзинад. Ахæм нормæ ис райсæн закъондæттынадон æмвæзадыл кæнæ та Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæйæ. Социалон хызæгтæй ахуырады нысæнттæн пайда кæныны тыххæй спайдагæнæн ис компьютерон кълæстæй, ахуыргæнджытæ æмæ директоры кабинеттæй, интернет телты руаджы уагъд кæдæм у, уым;
  18. Рæзгæ фæлтæры ахуыры æмæ хъомылады процесстыл уæлæмхас контроль кæныны тыххæй ахуыргæнæн кълæстæ, æрмадзтæ, ахуыртæ уадзынæн аудиторитæ æмæ спортивон залтæ хъуамæ ифтонг уой видеоцæстдардæй;
  19. Сывæллæтты хъомылады хъуыддаджы ныййарджыты бæрндзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй уыдонæн хъуамæ бахæс æрцæуа, цæмæй радгай уой скъолайы уроктыл. Ахæм практикæ ныббиноныг кæнгæйæ, ныййарджытæ фылдæр зондзысты, сæ сывæллæттæ цы архайынц, сæ хæлæрттæ чи сты æмæ сæ фылдæр цы цымыдис кæны. Ахæм мадзал стыр æххуыс уыдзæн ахуыргæнджытæн дæр сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæнгæйæ. Афтæ зæгъæн ис, ома, уый у закъоны ныхмæ, ныййарджыты иппæрд кæны сæ куыстæй, фæлæ нæ кæд цымыдис кæны нæ сывæл-лæтты фидæн, уæд ахæм мадзæлттæй пайда кæнын мæгуырау нæу;
  20. Рæзгæ фæлтæры удварнон-хæр-зæгъдауон æмæ физикон хъомылады тыххæй фæндон хæссæм, цæмæй райдиан кълæсты ахуыр фæуыны фæстæ ахуыргæнинæгтæ иууылдæр, скъолайы ахуыр кæнынæй дарддæр, архайой хæдархайгæ аивадон къордты, спортивон секциты кæнæ сывæллæтты техникон станцы кружокты. Ахуыры азы фæуды æмæ æндæр къласмæ ахизыны рæстæджы хъуамæ хынцыд цæуой къласæн æдтейæ ахуыры фæстиуджытæ дæр;
  21. Социалон хызæгты порнографи æмæ негативон информаци парахат кæныны, негативон службæйон информаци сæ хъусын кæныны фæтк æрæвæрын æмæ уый тыххæй æфхæрд фæкарздæр кæныны нысæнттæн райсын хъæуы хицæн нормативон-барадон акттæ, кæцытæ бæстон кæнынц ацы фарстаты. Кæд æмæ ахæм информаци парахат кæнынц æнахъомтæ, уæд бæрндзинад æвæрд цæуы ныййарджытыл.
  22. Астæуккаг скъолатæм раздахын хъæуы æнæмæнгхъæуæг скъолайон формæ, кæцы æмбæлон у райсгæ стандарттæн. Республикæйы астæуккаг специалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты æвæрд æрцæуæд карз «дресс-код» æмæ иуварс æрцæуæд цæстыхауæг бакаст æмæ уагахаст. Суанг ахуырæй рацух кæныны онг.
  23. Æнæмæнгхъæуæг у Национ æдасдзинады концепци.
  24. Æркастæуæд æмбæстагон-патриотон æмæ удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады фæдыл дзуапп чи дæтта, ахæм бæрнджыны бынат æппæт хуызты ахуырадон уагдæтты штатон расписанийы бакæныны тыххæй фарстмæ.

Байхъуыстыты хайадисджыты ныфс ис, уæлдæрранымад мадзæлттæ кæй фæахъаз уыдзысты гоймаджы удварнон-хæрзæгъдауон потенциал бæстон кæнынæн хæрзвадат уавæртæ аразынæн, бæрзонд æмбæстагдзинад æмæ патриотизмыл хъомыл кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.