Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл Æххæстбарджын Козаты Гульнарæ кусæгон балцы уыдысты Гуфтайы хъæуы.

Ацы ран Гуфтайы астæуккаг скъолайы РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад хистæр кары сывæллæттæн фæнд кæны æнæнизгæнæн лагерь байгом кæнынмæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг æмæ РХИ-йы Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл Æххæстбарджын сæхицæн нысанæн æрæвæрдтой, сывæллæтты райсынмæ лагертæ куыд цæттæ сты, уый рабæлвырд кæнын.

Басгæрсты рæстæджы лагеры къухдариуæгадмæ исты цæстыахадгæ фиппаинæгтæ не ‘рхауд. Козаты Гульнарæ сын кæмæ бацамыдта, уыцы иуæй-иу аиппытæ, йæ директор Тедеты Гретæ куыд загъта, афтæмæй рæхджы иуварсгонд æрцæудзысты. Раздæр ма раст ахæм басгæрст ауагъдæуыд, Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл цы лагерь бакондæуыд, уым дæр.

Козаты Гульнарæ куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ лагеры – Гуфтайы хъæуы æмæ скъола-интернаты – сæрды æмгъуыды дæргъы баулæфдзæн 500 сывæллоны.

«Сывæллæтты лагертæ æдзухдæр цæудзысты бæрæггонд, нормативон домæнтæн дзуапп дæттынц æви нæ, – банысан кодта Пухаты Эрик. – Ахсджиаг у, цæмæй сывæллæтты улæфты рæстæг уа хæрзвадат æмæ æдас».

РХИ-йы Хицауады официалон сайт   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.