ИРОН АДÆМЫ ГЕНОЦИДЫЛ 100 АЗЫ БОНМÆ

Алы адæймагæн дæр йæхирдыгон, йæхи сæрмагонд рæстдзинад ис, афтæ алы адæмтæн, нацитæн дæр. Йæхи зылынджыны, аххосджыны бынаты ничи æвæры, цыфæнды æргом æмæ быдитт æнæрæстдзинадыл дæр ничи басæтдзæн, йæхимæ азым ничи райсдзæн. Туркæгтæ сомихæгтæй цас ныццагътой, бирæ паддзахадты уый бæрц адæм нæ цæры, фæлæ ма сын геноциды кой скæн! Сæ цæстмæ сын æй чи бадары, уыцы адæмтæм, паддзахадтæм знаджы цæстæй акæсынц…

Афтæ не нусон знæгтæ – гуырдзы дæр… Сæдæ азы æххæст кæны, ссæдзæм азы нын цы геноцид расидтысты, ууыл, фæлæ йæ кой скæнын дæр нæ уадзынц, цыма никуы ницы æрцыд, сæхи афтæ дарынц. Æстæм азы геноцид та Уæрæсейы аххос кæнынц. Уымæн æви уыдæттæн цы схонæн ис: политикон æдзæсгомдзинад, националон цъаммардзинад, нырыккон дунейы æнæрæстдзинад.

Ис афтæ зæгъæн, дуне бамбыд!..

Нæма нæ бауырныдта? Кæй нæ уырны, уымæн йæ бар йæхи, фæлæ афтæ у. Æрхæссæм хуымæтæджы цæвиттон: цавæрдæр гуырдзиаг дохтыры йæ расыг къæхтæ арæны сæрты ‘рбахастой æмæ йæ закъоны, дунеон барады нормæты бындурыл арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой. Æмæ йæ федтам, цы дзы рауад… Æнæхъæн Ныгуылæн къахыл слæууыд, йæ сæрыл дзурынц, æртхъирæнтæ кæнынц, Америкæйы Иугонд Штатты «се ‘взарæн системæйы уæрæсейаг диверсион архайд» дæр айрох, Важа Гаприндашвилийы мæтæй сыл хуыссæг нал хæцы. Æгæрстæмæй индиаг студенттæ дæр «Джими, Джими, Аджа, Аджа» нал хъæр кæнынц, фæлæ «Важа, Важа»… Фæлæ сæ исчи ирон адæмы геноциды кой скодта?.. Нырма дæр сæ хъæбултæм дзыназгæйæ зæрдæскъуыдтæ чи кæны, уыцы ирон мæдты æбæрæгæй сæфт лæппуты кой сæ исчи скодта?  Ничи. Æмæ нæ дæр скæндзысты, уымæн æмæ сын махæй ницы пайда ис…

Америкæйы Сенат, дам, банымадта сомихæгты геноцид… Æмæ йæ йенырмæ цæмæннæ банымадтой?.. Нырма ныр базыдтой, туркæгтæ милуан æмæ æрдæг æнаххос сомихаджы кæй ныццагътой, уый? Зыдтой йæ, фæлæ сын йæ банымайын пайда нæ уыд. Ныр æй банымадтой, уымæн æмæ смæсты сты Туркмæ, уæ-рæсейаг ракетæтæ кæй æлхæны, уый тых-хæй…

Уый дунеон политикæйы æмбыд атмосферæйыл дзурæг нæу, уæдæ цы у?..

Махæн та цæуыл дзурæг сты æппæт уыдæттæ? Æрмæстдæр ууыл, нæхи йедтæмæ ныл кæй ничи батыхсдзæн. Нæ геноцидыл дæр хъуамæ нæхæдæг дзурæм, нæхæдæг тох кæнæм нæ рæстдзинадыл. Хъуамæ нæ бынтондæр мацæмæ æвдæлид, хъуамæ хъуыды кæниккам æр-мæстдæр ууыл, нæ тыхтæ куыд бангомдæр кæнæм, не знæгтæн нæ иудзинад куыд фенын кæнæм, ууыл. Мах та кæрæдзи хæрæм. Кæйдæр ардыдæй, Соросы доллæртæй æви нæ æнæсæрфаты ахоссæй, уый хъауджыдæр нæу. Сæйраг, цы уынæм, уый у.  Америкæ дæр æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ дæр Гуырдзыстоны сæ риутыл æгънæгæн нæ хуыйынц, никуы æмæ сæ ницæмæн бахъуыд. Гуырдзыстон сын æрмæстдæр цæвæн лæдзæг у, æмæ йæ кæйдæр, кæйдæр цы – стыр Уæрæсейы фындзы бын тилынц. Æндæр ницы у сæ бон, уыцы лæдзæг сын чи тилын кæны, уыдонæн. Сæ бон фылдæр куы уаид, уæд æй афонмæ равдыстаиккой, фæлæ уыдон дæр Гуырдзыстонæй хъæбатырдæр не сты. Политикон дзæнгæда æмæ æртхъирæнты бын æмбæхсынц сæ тæппуддзинад. Уый та сын августы хæсты æгæр фергом æмæ ма сæхи раст кæнынц аслам æмæ æнæуд истерикæйæ. Тæргайгæнаг сабийы зæрдæ адджын гуылæй куыд алхæнай, уыйау, Украинæ æмæ Гуырдзыстонæн сæ былтæ сæрдынц НАТО-мæ сæ бакæныны ныфсæй. Уыдоны дæр уырны, бецау – æндæр сыл цы бон ис æмæ цин кæнынц уыцы рæвдауæн гуылыл. Фырцинæй фестадысты бындзсурæн лæдзгуытæ æмæ сæ тилынц уыдон дæр…

Æмæ се мбисонд сæхи уыдонæн. Алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис ацы мæнг дунейы. Шамилы загъдау, лæг кард лæджы хурхмæ кæм дары, уыцы дунейы. Мах та цы фæуæм, куыд кæнæм? Абон нæ дон æмæ уæлдæфау цы иудзинад хъæуы, уый нын бонæй бонмæ фидардæр хъуамæ кæнид, мах та йæ нæхи къухтæй бы-рæгътæ кæнæм дæрдджын нымæтау…

Æппæт дæр нын сæмтъеры… Гуырдзы нын кæй сарæзтой, уыцы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты аз дæр нысан кæнæм, æмæ не знæгты куыроймæ дон дæр уадзæм… Махыл абон нæ историон хъысмæт æвæры иу хæс: хъуамæ æрмæст Уæрæсейæн нæ, фæлæ æгас дунейæн дæр бауырнын кæнæм, гуырдзы нын цы геноцид сарæзтой, уый нын нæ национ размæцыд куыд тынг бахъыгдардта, уый æмæ йæ сæдæ азы фæстæ уæддæр цæмæй банымайой. Къамис дæр сарæзтам уый тыххæй, цæмæй ссарæм, цас гæнæн ис, уымæй фылдæр факттæ, гуырдзы нын геноцид кæй сарæзтой, уый чи фæбæлвырддæр кæна, ахæм факттæ. Махмæ та, уый æмрæстæджы, национ хъайтартыл кæй «нымайæм», уыдон цавæрдæр тугхъæлæс гуырдзиаг диверсанты сæрыл хæцынц, террорист уыд æви нæ, уый дзырддаг æмæ дызæрдыггаг кæнынц, цыма йæ низæй нæ амард, фæлæ йæ мах нæхæдæг амардтам… Гъеныр хæйрæг фест æмæ дунейы адæмтæн бауырнын кæн, гуырдзы нын геноцид кæй сарæзтой, уый!..

Исчи нæм, фæнды йæ сыхагмæ, фæнды йе ‘мкусæгмæ – иу чысыл цæйдæр тыххæй смæсты, зæгъгæ, уæддæр хъуамæ æгас дунейы адæмты Ирыстонмæ æркæсын кæна. Æмæ цæй тыххæй? Бынаты, кæнæ исты пайдайы тыххæй. Мæсты кæмæ дæ, кæй нæ уарзыс, уый истæмæй фелхыскъ кæн, уыйедтæмæ… Интернеты алыгъуызон худинаггæнæг диссæгтæ чи баппары, уыдон цæуыл фæхъуыды кæнынц? Хорз, де «знаджы» смæсты кодтай, сулæфыдтæ? Æмæ дын Ирыстон æмæ ирон адæм та цы кодтой? Дæ рыстзæрдæ æмæ хъæд-хъиутæ фыдыбæстæйы де знæгты цæсты цæмæн æфтауыс?.. Ахæстоны ахæстты фæнадтой æви нæ фæнадтой, хъуыдис сын æви сын нæ хъуыдис, æмбæлдис æви не мбæлдис, уыдæтты тыххæй æндæр рæтты дзургæйæ у, цæмæн хъуыдис уыдæттæ не знæгтæн базнын кæнын?.. Æмæ уый тыххæй дзуапп чи ратдзæн?..

Цас фæсарæйнаг æнæхицауадон организацитæ нæм ис – уыимæ алыгъуызон, афтæхуыйнæг «сæрибар» информацион фæрæзтæ. Уыдæттимæ чи сбæндæн, семæ æмгуыст чи кæны, ахæмтæ дæр нæм бирæ ис. Æмæ цы у сæ æмгуыстады нысан? Не ‘мтуг, немыстæг адæмыл, Ирыстоныл цъыф калын! Чысыл ницæй тыххæй дæр фæдис ныхъæр кæнынц, фæлæ нырма уыцы æнæхицауадон информацион фæзуатты иу ирон дæр не скодта, гуырдзы нын кæй сарæзтой, уыцы геноцидыл сæдæ азы кæй æххæст кæны, уый кой. Афтæмæй нæ риутæ хойæм, иууылдæр патриоттæ стæм!

Стæй æрмæст уыдонмæ хауы ацы азым æви махæй алкæмæ дæр?

Алчи дæр æй зоны, нæ Парламент кæй бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ, цæмæй нын банымайой нæ геноцид. Паддзахадон Думæйы разамынад ныфс æвæры ацы фарстмæ æркæсынæй, уымæй уæлдай нæ алы æмвæзадтыл домынц, нæ геноцид æвдисæг æрмæджытæ, факттæ. Кæмæ бахатыдыстæм, уыдон батыхстысты, базмæлыдысты, мах нæхæдæг та цы ми кæнæм? Хистæр кары адæм бон-изæрмæ нæ раздæры æмæ ныры разамынадæй кæй æфхæргæ кæнынц, кæмæй – хъаст, интернеты чи «арæхсы», уыдон та кæрæдзимæ рафысс-бафыссыл бахъуыдысты. Кæм хъарм, рæвдауæн, рæстæгмарæн, æвдæлон ныхæстæ, кæм та – фидистæ, уайдзæфтæ. Фæлæ та дзырд ууыл дæр нæ цæуы – куыд нæ æвдæлы æмæ нæ цæмæн æвдæлы уыдæттæм?

Нæ геноцид банымайыны фарст нын сæйраг цæмæннæ у?..

 Чизоны йын йæ ахсджиагдзинад алчи не мбары? Уый дæр дзы ис!.. Айфыццаг мæ, ахæм цыдæр кæуыл не мбæлд, иу ахæм лæг афтæ бафарста: «Уæддæр æй не мбарын, нæ геноцид нын банымайой, уый махæн цы дæтты?»…

Уæлдæр скодтон индиаг студентты кой. Æлхæнгæ сæ бакодтой, сайгæ сæ фæкодтой æви сæ тæрсын фæкодтой, дзырд ууыл нæ цæуы, гукк! Дзырд ууыл цæуы æмæ æнæхъæн зæххы къорийы адæм федтой, индиаг студенттæ зæххы иу кæронæй иннæ кæронмæ домынц, цæмæй мах ссæрибар кæнæм, зонгæ дæр кæй нæ кæнынц, ахæм гуырдзиаг дохтыры. Чизоны дохтыр дæр нæу. Мах æй зонæм, арæны фæтк чи фехæлдта, ахæм гуырдзиагæй. Фæлæ йæ сæрыл дзурынц индиаг студенттæ. Махæн нæ геноцидыл сæдæ азы сæххæст, æмæ иу æхсæнадон организаци, иу куыстуат афтæ нæ зæгъы, алæма, кæд та сомихæгты геноцид радон хатт нымад æрцыд, уæд мах дæр адæм куы стæм, мах геноцид сæдæ азы фæстæ уæддæр цæмæннæ исчи нымайы?.. Сывæллон гуылыл куынæ скæуа, уæд ын гуыл кæй ничи ратдзæн, уый нæм цæмæннæ хъары?..

Куы загътон, Паддзахадон Думæйы къухдариуæгад ныфс æвæры нæ геноцид нын банымайынæй. Фæлæ… Æнцондæр сын нæ уыдзæн, цæмæй сæм ардыгæй арвитæм официалон сидтытæ?.. Зæгъæм, ветеранты номæй, ахуырдзау фæсивæды номæй, педагогон æмæхсæнады номæй, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы номæй æмæ афтæ дарддæр…

Уый афтæ зын саразæн куынæ у, уæд ма кæмæ, кæнæ цæмæ у не нхъæлмæ каст?

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.