Сывæллæтты хъомыл кæныны рæстæджы ныййарджытæй бирæтæ æмбæлынц ахæм проблемæйыл, куыд ахуыры рæстæджы уроктæ куы ныууадзы. Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæр кълæсты ацы проблемæ фæактуалондæр вæййы æмæ уый тынгдæр мæсты кæны куыд ныййарджыты, афтæ ахуыргæнджыты дæр.

Уымæ гæсгæ бирæтæн актуалон свæййы фарста «Сывæллон уроктæ куы рауадза, уæд цы хъæуы аразын?», фæлæ цалынмæ хъæртæ кæнын æмæ «Ныры фæлтæр фесæфт», «Мах рæстæджы ахæмтæ нæ уыд», уыдæттæ дзурын райдайат, уæдмæ ахъуыды кæнут ууыл, цы уыд сымах рæстæджы. Зæрдыл æрлæууын кæнут, уæхæдæг-иу цæмæн рауагътат уроктæ, кæд уый иу хатт, кæннæд дыууæ хатты уыд, уæддæр. Уæды аххосæгтыл куы ахъуыды кæнат, уæд фарста «цы саразон?», – зæгъгæ, дзуапп æрцæудзæн йæхигъæдæй.

Æрмæстдæр ахæм ситуацийы, цы æмæ куыд хуыздæр бакæной, уый чи нæ зоны, уыдонæн мæнæ цалдæр амынды.

Сывæллон уроктæ куы рауадзы, уæд фыццаджыдæр сбæрæг кæнын хъæуы, цæмæн афтæ кæны. Бацархайут, цæмæй йын базонат йæ ахуыргæнджытæй, мыййаг, конфликты сты се ‘мкъласонтимæ, кæннæд скъолайы иннæ ахуырдзаутимæ. Йæ иумæйаг уагахастæй йын проблемæтæ ис æви нæ. Уыдон, чизоны, ахуыргæнджыты цæсты ма хауой, фæлæ сын уа бæрæг серьезон фæстиуджытæ.

Аххосæгтæ

Сывæллоны, гæнæн ис, скъоламæ йæ зæрдæ нæ хæссы, уымæн æмæ уым æппæт дæр зын бамбарæн у, кæннæд та уый развæлгъау зоны, цæмæй йæ бафæрсдзысты, уый.

Дыккаг вариантмæ хауынц отличниктæ-змæнтджытæ, кæцытæ раджы ахызтысты, скъолайон программæ цы домы, уыцы æмвæзадæй. Уыдон, æнæуый æппæтдæр зонынц æмæ ма цæмæн цæуынц ацы скъоламæ. Ахæм рæстæджы æнæмæнг сбæлвырд кæнын хъæуы, цæуыл хардз кæны саби йæ рæстæг скъолайæн æддейæ æмæ ацы процессмæ хъæуы хъус æрдарын. Партæйы фарсмæ «æнкъардæй бадыны» бæсты, сывæллон, гæнæн ис, фылдæр базона æмæ йæхицæн исты пайдайы архайд кæна.

Æмæ кæд сывæллон цух кæны скъола, уымæн æмæ йæм рæстæг æрвитын хуыздæр кæсы цавæрдæр æнæуаг æмбæлттимæ, кæцытæ бæрæг нæу, куыд бандавдзысты ууыл,  уæд уыдон та сты уæлдай тæссаг симп-томтæ.

 

Уынаффæтæ ныййарджытæн

Фæлæ, уæддæр иууыл тæссагдæр симптом у сайын. Сывæллон сайын куы райдайа – бæрæг у, цыдæр кæй æмбæхсы, уый. Ахæм рæстæджы сывæллонимæ хъæуы æргомæй ныхас кæнын, цæмæй уыл баууæнда. Бафæлварут, радзурат ын, тынг хорз æй кæй æмбарут, уый, зæгъгæ, йæ рæстæджы сымахæн дæр уæ бон кæй нæ уыд партæйы фарсмæ бирæ рæстæг бадын, æддейæ хорз боныгъæд кæй уыд, уый тыххæй.  Хатт уроктыл кæронмæ бадын-иу уын зын кæй уыд. Бацархайут йæ бахъæлдзæг кæныныл, ацæут компромиссыл. Афтæмæй, гæнæн ис æмæ ас-къуыддзаг кæнат ахсджиаг проблемæ. Сывæллон дæр куы фæхата, баууæндæн уыл ис, уæд гæнæн ис бинонты ‘хсæн ахастытæ дæр фæхуыздæр уой.

Практикæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ æнæпайда у уе ‘мбæлтты, кæннæд зонгæты фæлтæрддзинад райсын, уымæн æмæ у алы сывæллон дæр у индивидуалон характеримæ æмæ у удгоймаг, кæцы нæу æндæрты хуы-зæн.

Æууæндут уæ сывæллæттыл, фæлæ уæ рох ма уæт рæстæгæй-рæстæгмæ сæм   хъус дарын се ‘нтыстдзинæдтæм æмæ куыд цæуынц скъоламæ, уымæ. «Фæстæмæ раздахæн кæмæн нæй, уыцы момент» къухæй куы аирвæза, уæд тынг зын уыдзæн сывæллоны ахаст æмæ психикæйы исты фæивын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.