Ирыстон æмæ та ирон адæм банысан кодтой Хетæджы Уастырджимæ кувæн бон. Ацы фæстаг дыууæ азы чысыл фæцудыдта, фæмæгуыргъуыз  нæ национ бæрæгбон, фæлæ цы бакæнæм – адæмы тæригъæд йæ фæдыл æфтыд фæуæд ацы æнæхайыры вирус æрымысæг æмæ æрхъуыдыгæнæгæн!.. Фаронау та ацы аз дæр, уый размæйы азтимæ абаргæйæ, къаддæр адæм æрбацыд Хетæджы къохмæ, фæлæ та дзы фенæн уыдис ирон æгъдау, ирон уæздандзинадæн.

Хонын æй райдыдтам алыгъуызæттæ: Хетæджы кувæндон… Хетæджы къох… Тымбыл хъæды дзуар… Хетæджы Уастырджи… Фæстаг азты Хетæджы кувæндон, Хетæджы Уастырджи сси æппæт ирон адæмы кувæндон, æппæт ирон адæмы дзуар, æппæт ирон адæм сæ зæрдиагдæр ныхас кæм фæзæгъынц, ахæм бынат. Хетæджы кувæн бонтæ систы нæ адæмы уарзондæр, æхсызгондæр, зæрдæйæн адджындæр бонтæ.

Хетæджы Уастырджи ирон адæмæн у æргом дзуар, æргомæй сын чи ахъаз кæны, сæ фыдбылызтæ сын чи сафы, кæддæр Хетæгæн Уастырджи йæ зыны сахат цы æххуыс бакодта, сæ зын сахат сын ахæм æххуыс чи кæны, уыцы табуйаг дзуар. Адæм хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Уастырджи Хетæгæн цы æххуыс бакодта, уыцы æххуыс дын бакæнæд».

«Сусæны мæйы хурмæ зæхх дзæнгæрæг куы фæкæны, быдырдзаутæн сæ хидæй хуылыдз хæдæттæ сæ фæсонтыл куы баныхæсынц, уæд Хетæджы къохмæ бафтын дзæнæты къæсæрæй бахизынæй уæлдай нæ вæййы – æнусон тулдзытæ, тæрсытæ, фатхъæдтæ, кæрзытæ сæ пæлæхсар бæзсыф къалиутæ кæрæдзиуыл сбыдтой, арвы цъæх ма дæм зыны се ‘хсæнты тæрхъусдзармыйас гæмттæй», – фыссы позт Хъодзаты Æхсар.

Дыууæ æнусмæ æввахс уыдзæн, академик Андрей Шегрен афтæ куы фыста: «Если кому случится убитъ в этом лесу зверя, тот должен тотчас собратъ туда всех жителей своего аула и там же на месте, всем обществом зверя того скушатъ, если он съедобный, в противном случае броситъ его, одним словом, выноситъ из лесу ничего не позволяется под опасением смерти и слепоты».

Хетæджы Уастырджимæ кувæн бонтæ вæййынц сæрды, июлы дыккаг къуырийы. Хетæджы кувæндонмæ фыццаг æр-мæстдæр нæлгоймæгтæ цыдысты. Алы хъæуæн дæр йæхи кувæн бæлас, йæхи сæрмагонд бынат уыди. Цыдысты бæх-уæрдæтты, бричкæты, саргъыбæхтыл, фистæгæй. Бирæтæ-иу æхсæвы кувæндоны баззадысты. Ирыстоны дзырд-дзæугæдæр лæгтæ, дзуары лæгтæ куывтой Хетæджы Уастырджимæ, фæсивæд кафыдысты, зæлланг кодта ирон зарæг, арвмæ хъуыстысты хъуытазмыр фæндыры уæздан зæлтæ, дардыл нæрыд къæрццæмдзæгъд. Фæсивæд хæцыдысты хъæбысæй, уагътой бæхдугътæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, уыцы лæгæвзарæн бонты ирон сылгоймæгтæн дæр æндæр гæнæн нал уыд æмæ ахызтысты фыдæлтыккон рагон æгъдауы сæрты. Ирыстоны нæлгой-мæгтæ хистæрæй, кæстæрæй аивылдысты тохы цæхæрмæ. Стæм хæдзарæй фæстæмæ скувæг нæлгоймаг нал баззад. Æмæ ирон ныййарджытæ, саударæг сидзæргæс устытæ, амондагур чызджытæ сæ фыдæлты, сæ цардæмбæлтты, сæ фидæны æмкъæйтты фæдзæхстой Лæгты дзуарыл, цæмæй сæ Тымбыл хъæды дзуар йæ рахис базыры бын бакæна, цæмæй сæ хæдзæрттыл æнæфыдбылызæй сæмбæлой, Ирыстонмæ уæлахизимæ æрыздæхой.

Уымæн ын райдыдтой уæлдай тынгдæр табу кæнын ирон адæм, Хуссары гуырдзыйы къухæй куы цагъды кодтам, Цæгаты – хъулгъайы къухæй, уæд. Ацы  хатт дæр та йын йæ кувæн бон уымæн ныллæгъзтæ кодтой ирон адæм хуссарæй цæгатмæ, цæмæй сæ бахиза фыдбылызтæй. Дзуары лæг Едзиты Андрей æртæ кæрдзыны уæлхъус ирон бæгæныйæ йедзаг кæхцимæ йæ диссаджы рæсугъд æмæ мидисджын куывды ссардта Иунæг Кадджын Хуыцауы ном дæр, Хетæджы Уастырджийы ном дæр, Ирыстоны иннæ зæдтæ æмæ дзуæртты нæмттæ дæр. Фæкуывта зæрдæбын æмæ зæрдиагæй. Афтæ зæрдæбын æмæ зæрдиагæй айстой куывд дыккаг æмæ æртыккаг кувæг дæр. Дзуары лæджы хæдфæстæ ракуывта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Йæ ракуывдмæ байхъусгæйæ цы ирон лæг нæ загътаид: тæхуды, Ирыстоны фылдæр куы уаиккой, иронау афтæ рæсугъд чи ракува, ахæмтæ! Рæсугъд æмæ мидисджын куывд ракодта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр. Йæ ракуывды сæйраг хъуыды уыд, Хетæджы Уастырджи Ирыстонæн, ирон адæмæн иумæйаг кæй у, æмæ уымæ гæсгæ алы ирон лæджы хæс дæр кæй у, цæмæй Хетæджы Уастырджийæн йæхи фæдзæхсгæйæ бафæдзæхса алы ирон адæймаджы дæр, йæ бынмæ æрба-цæуыны фадат ын фæцис æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.

Хур арвы астæуæй ауырдыг кодта, уæддæр ма цыдысты æмæ цыдысты куывддон адæм сæхи æмæ сæ къабæзты, æппæт ирон адæмы Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхсынмæ.

Æхсызгон цы уыд: аргъуанты дин ныл тыхбаст кæй ныккодта, уыдæттæй нæ фыдæлтыккон ирон традицион дин хицæн кæнын кæй райдыдтам, уый – алчи дæр Хетæджы Уастырджимæ кувынмæ æрбацыд æнæ цырæгътæй. Æрмæстдæр æртæ чъири æмæ ирон бæгæныимæ. Æхсызгон уыд, Хетæджы къохы та ацы аз дæр, ирон бæгæныйæ дарддæр, иу æртах дæр карз нозт кæй нæ уыд. Æхсызгон куыднæ уыд, Хетæджы къохы куывддзау сылгоймæгтæ иууылдæр кæй уыдысты къабаты, сæ сæртыл кæй уыд, ирон æфсарм æмæ уæздандзинад æвдисæг кæлмæрзæнтæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.