Цардæсконд афтæ у, æмæ хатт, хъыгагæн, æрцæуы æнамонд цаутæ. Ахæм рæстæджы фыццаг æххуысмæ чи фæзыны, уыдон сты ирвæзынгæнджытæ. Уыдон æппæт дæр саразынц, цæмæй фыццаджы фыццаг фервæзын кæной адæймаджы цард – куы пырх арæзтæдты бынæй, куы зынгсирвæзты арты æзæгтæ æмæ фæздæгæй, куы – фæндагон – транспортон цауы рæстæджы, донивылдтытæ æмæ уæззау хæххон уавæрты. Хуссар Ирыстоны Агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы куыстыл дзырд куы цæуа, уæд сæ хъыгъды ис мингай агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ, фервæзын кодтой бирæнымæц адæмы цард, баххуыс кодтой æфхæрдбаййафæг адæмæн.

2011 азы 1 январы нæ Республикæйы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл уæды министры сæрмагонд бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд министрады дæлбар Агурæн – ирвæзынгæнæн службæ. Уæдыонг дæр уыд ацы службæ, кæд службæйы официалон отряд нæ уæвынад кодта, уæддæр. Фæлæ йæ сырæзтæй ацы отряд йæ хъæуæг æмæ æвæджиаг службæ райдыдта Дзауы районы Рукъы хъæуы Зынгсирвæзты ныхмæ тох æмæ ирвæзынгæнæг хайы базæйыл. Уый фæстæ цадæггай хъомысджындæр кодта æмæ рæзт ацы службæ æмæ ныртæккæ йæ æдзухон бынат ис нæ горæты Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны бæстыхайы хæдфарсмæ.

Уæлвæткон уавæрты министрады ацы дæлхайы æвзонг службæгæнджытæ сæ профессионалон æвзыгъддзинæдтæ æмæ цæттæдзинад ноджы хуыздæр æмæ хъомысджындæр кодтой Уæрæсейы ирвæзынгæнæн центрты, уым бæрзонддæр кодтой сæ квалификаци. Æмæ ныртæккæ ацы службæйы рæнхъыты ис цæттæ дæлдондзогтæ, сапертæ, кинологтæ æмæ альпинисттæ. Профессимæ æнæкæсгæйæ алы службæгæнæджы сæйраг хæс дæр у æмæ хъæуæг рæстæджы сæхи цардæн тæссаг уавæрты адæймаджы цард ирвæзын кæнын.

Агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы командæгæнæджы хæдивæг Марданты Димитр нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ се штатон нымæц къаннæг кæй у, уымæ гæсгæ хатт вазыгджын операциты рæстæджы фæтыхсынц æмæ æххуысмæ фæсидынц республикæйы æндæр тыхон службæтæм.

Нæ республикæйы агурæн-ирвæзынгæнæн службæ саразынмæ егъау хайбавæрд ис Марданы-фыртæн. Ацы отрядыл дæр къухдариуæг кодта авд азы бæрц. Фæлæ йæ уæддæр фылдæр фæндыд отряды кусджыты профессионалон æгъдауæй цæттæ кæныны хъуыддаг, æмæ ныртæккæ æххæст кæны хæдивæджы хæстæ.

Агурæн-ирвæзынгæнæджы дæсныйад ахæм у, æмæ тасдзинад ма хъуамæ æнкъарай, уымæн æмæ фылдæр хатт æмбæлынц уæззау цаутыл.

Ахæм уæззау æмæ æнæферохкæнинагæй ирвæзынгæнæгæн йæ зæрдыл баззайдзæн, æрæджы Рукъы тоннелы хуссарварс митзæйы бын уæрæсейаг æфсæддæн службæгæнджытæ куы фесты, уыдон агурыны цау. «Фæстаг службæгæнæджы, зæгъæн ис, агуырдтам æхсæвæй бонæй. Фыццаг бон куыстам райсомы æртæ сахатмæ, уый фæстæ боныгъæдмæ гæсгæ тас уыд ногæй зæй рацæуынæй, æмæ-иу æрурæдтам агурæн куыстытæ. Æртыккаг бон куы разынд зæйы бын, уæддæр арæзтам æппæт дæр, цæмæй йæ раздахæм цардмæ, фæлæ дзæлгъæды…».

Иумиагæй сисгæйæ, хæххон ирвæзынгæнæджы професси вазыгджын у, кæм зæй æрцæуынæй у тас, кæм – дуртæ кæлынæй æмæ афтæ дарддæр.

Ацы службæйы кусджытæ сæ профессионалон æмæ физикон цæттæдзинадыл кусынц, службæ кæм хæссынц, уыцы территорийыл. Регулярон æгъдауæй уадзынц æмбæлон ахуыртæ.

«Ирвæзынгæнæг хъуамæ уа хъæддых, фæндвидар, æнæниз, хæларзæрдæ, интеллектуалон æгъдауæй размæ-дзыд, уымæн æмæ адæмимæ кусы. Цасдæрбæрцæй психолог дæр хъуамæ уай –  моралон æгъдауæй фидар æмæ медицинон фадыджы кусæг дæр, уымæн æмæ йæ професси домы. Æмæ уыцы æргъадтæй хайджын сты нæ отряд».

Сæрмагонд машинæтæ æмæ ифтонггæрзтæй ифтонг у дæлхай. Йæ рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд программæйы æххуысæй 2013 азы отряд ифтонг æрцыд иттæг хорз техникæ æмæ хъæуæг фæрæзтæй.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы кусджыты куыстмыздтæ сты хуыздæргъуаг. Уыцы хъуыддагыл куыст цæуы бæрзонд æмвæзадыл, кæцы хорзæрдæм бандавдзæн æмткæй Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл министрады куыст æмæ архайдыл, дисциплинæйыл æмæ пенсион ифтонгадыл.

Советон рæстæджы Марданты Димитр архайдта альпинизмæй профессионалон æгъдауæй, райста фыццаг разряд. Уыцы разряд кæмæн уыд, уый иста сæрмагонд жетон. Æнæ уымæй дарддæр профессион æгъдауæй ацы фадыджы рæзæн нæ уыд. Марданты лæппу альпинизмæй архайдта Цæгат Ирыстоны, Суанеты, Памиры хæхтыл. Нæ уацы хъайтар схызт Памиры хæхтæй иууыл бæрзонддæр – Крыжановскаяйы бæрзæндмæ. Уыцы бæрзæндтæй цалдæрмæ чи схызт, уыдонæн лæвæрдтой «Снежный барс»- ы ном. Йæ удыхъæрмæ гæсгæ цы професси равзæрста, ууыл у иузæрдион. Йæ царды дæргъы цы зонындзинæдтæ æмæ практикæ рацыд, уый ныр æнæвгъауæй амоны æмæ дæтты æвзонг службæгæнджытæн.

Бæрæгбоны цытæн ацы отрядыл командæгæнæджы хæ-дивæджы цæст йæ коллегæтæн бауарзта æнæниздзинад, профессионалон æнтыстытæ æмæ сæ куыстæн æмбæлон аргъ, уымæн æмæ уыдон фылдæр хатт сæ цардæн тæссаг уавæрты архайынц адæймаджы цард ирвæзын кæныныл. Хатт адæймаджы цард фервæзын кæнынæн хъæуы цыдæр минуттæ, æмæ уыцы рæстæг нæ ауадзынц ирвæзынгæн-джытæ. Тæссаг æмæ уæззау профессийыл хæст адæмæн нæ зæрдæ зæгъы фидардзинад, æнæниздзинад, æмæ царды бирæ хæрзиуджытæ. Ног азы къæсæрыл стæм, æмæ бирæ арфæтимæ уыдонæн дæр нæ цæст уарзы æнамонд цауты фæдыл къаддæр цæуыны сæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.