Ног азы æрбалæудимæ алы хатт дæр горæты уынгты, скъолаты кæртыты æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты сарæх вæййынц питардæты гуыппытæ. Цасфæнды фæдзæхст ма цæуой сывæллæттæ, уæддæр пиратехникæйы æрмæджытæм сты æмхиц. Пиратехникæ та тас кæй хæссы сывæллæтты æнæниздзинадæн, уымæн æвдисæнтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдыстæм. Кæд ныййарджытæ бафæдзæхсынц сæ сабиты, уæддæр æрцæуы æнамонд цаутæ дæр. Æрвылаз дæр Уæрæсейы телеканалтæй ног азы фæстæ радæттынц хабæрттæ пиротехникон æрмæджыты аххосæй цы æнамонд цаутæ æрцыд, уый фæдыл.

Цалдæр азы размæ мах дæр æвдисæн уыдыстæм ногазон æхсæв питардæ зиан кæй æрхаста Знауыры районы цыппараздзыд сабийæн. Пиротехникæ спырх йæ къухтыл æмæ сывæллон йæ иу цæстæй бакуырм. Уæдæй нырмæ уымæн арæзт æрцыд цалдæр уæззау операцийы, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй чысыл лæппу абон дæр нæма суыдта йæ цæстæй.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйæ нæм куыд фехъусын кодтой, афтæмæй райдыдтой рейдтæ, æрвылаз дæр куыд вæййы ног азы хæдразмæ, афтæ. Республикæйы базарадон объектты пиратехникæ æнæзакъонæй чи уæй кæны, уыдон рафæлгъауыны нысанæн.

Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ æр-вылбонон кусæгон басгæрстыты фæстиуæгæн, ногазон питардæтæ балхæнæн нæй нæ горæты. Пиратехникон æрмæджытæ цы амалиуæггæнджытæ реализаци кæнынц, уыдон æрцыдысты фæ-дзæхст, административон баф-хæрд сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уымæй.

Мидхъуыддæгты министрады бæрнон кусæг ма куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн контролон азылдтытæ кæнынц пиротехникæ æмæ ногазон хъазæнтæ цы дуканиты уæй кæнынц, уыдоныл. Амалиуæггæнджытæ фæдзæхст цæуынц, цæмæй дарддæр мауал халой закъон, тæрхæджы бынæй сабитæн зианхæссæг æрмæджытæ мауал уæй кæной. Рейдты рæстæджы, пиротехникæ цы уæйгæнджытæм баййафынц, уыдонæн, дам, сæ байсынц. Уый фæстæ сæ скуынæг кæнынц. Кæд æмæ уæйгæнджытæ барвæндæй раттынц сæ продукци, уæд æфхæрд не ‘рцæуынц, науæд административон суагъæ саразыны фæстæ  хъуыддæгтæ лæвæрд æрцæуынц тæрхондонмæ, кæцы рахæссы уынаффæ. Амалиуæггæнджыты ‘хсæн уагъд цæуы профилактикон куыст дæр: «Мах сидæм цæрджытæм, цæмæй сæ сывæллæтты бахизой тæссаг пиротехникæйæ», – загъта ма барадхъахъхъæнæг органты кусæг.

Æз мæхæдæг дæр бацымыдис кодтон æмæ азылдтæн дуканитыл. Цымыдис мæ кодта, æцæгæйдæр, хъахъхъæнынц æви нæ уæйгæнджытæ ацы фæтк. Куыд рабæрæг, афтæмæй барадхъахъхъæнæг органты фæдзæхстытæм æнæкæсгæйæ питардæтæн Цхинвалы иуæй-иу дуканиты сæрибарæй ис балхæнæн. Уæйгæнджытæй кæмæ бахатыдтæн, уыдонæй иу дæр «нæ» нæ загъта. Уымæй дарддæр ма мын мæ разы æрæвæрдтой пиротехникæйы цалдæр хуызы – асламæй, зынаргъы онг. Иу цыбыр дзырдæй æнæцæлхдуртæй балхæнæн ис иуæй иу дуканиты питардæтæ. Æцæг, иу уæйгæнæг мæ фарстамæ дызæрдыгдзинад равдыста, зæгъгæ, ацы продукцийæн нæй уæй кæныны бар. Сæ иу та мын афтæ «нæма рластон, фæлæ-иу мæ, дыууæ боны фæстæ абæрæг кæн».

Ацы «эксперимент» куыд фенын кодта, афтæмæй зианхæссæг «хъазæнтæ» балхæнæн ис нæ горæты сæрибарæй.

Куыд зонæм, афтæмæй дуканиты кусджыты фыццаг хатт нæ фæдзæхсынц, фæлæ иуæй-иу æдзæсгом амалиуæггæнджыты уыцы фæдзæхстытæ нæ сæттынц.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.