2017-03-14
Хуссарирыстойнаг хæстонтæ Чехойты Иван Славикы фырт, Пæрæстаты Сослан Михаилы фырт æмæ Зозиты Спартак Русланы фырт Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыдысты Георгийы дзуары 4-æм къæпхæнæй се ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй. Уыдон сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исынц практикон æгъдауæй фыццаг бонтæй фæстæмæ. *** УФ-йы президент Владимир Путины Барамындæй
Президент Гаглойты Алан Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстонæй рацæугæ, Ростовы ирон æхсæнады минæвар Гасситы Максимы. Паддзахады сæргълæууæджы Барамындмæ гæсгæ уæлдæр хорзæх лæвæрд æрцыд Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар Ирыстоны æфсæддон службæгæнджытæ æмæ бархионтæй хайад чи исы, уыдонæн баххуыс кæныны сæрмагонд хайбавæрды тыххæй. «Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй ды æххуыс кæныс Хуссар Ирыстоны хæстонтæн. Уый егъау æххуыс у не
Знон Хуссар Ирыстоны, 32 азы размæ закъондæттынады ахсджиаг орган арæзт кæй æрцыд, уый цытæн Президент Гаглойты Алан фембæлд Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй Парламенты Аппараты кусджытимæ. Бæстæйы разамонæг арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн, Ирыстоны зæххыл стыр бæрæгбоны тыххæй. Уæды рæстæджы, зæгъгæ, нæ адæмы раст, æмæ хъысмæт скъуыддзаггæнæн къахдзæф сбæрæг кодта бæстæйы дарддæры уæвынад æмæ йæ рæзт. «32 азы размæ, 9 декабры
Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд бангты кусджытимæ æмæ сын раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Бæстæйæн иумиаг куысты тыххæй Хуссар Ирыстоны бангты кусджытæн æгæрон бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады разамонæг. Уæ куыст, зæгъгæ, сæйраджы баст у адæмæн лæггад кæнынимæ. «Уыцы хъуыддагæй нæ иппæрд кæнæм бæстæйы разамынады дæр æмæ дызæрдыггаг нæу, уыцы иумиаг куыст хуыздæр æмæ бæрзонддæр æмвæзадыл конд кæй
© 2023 Xurzærin