Фыццаг хай
Куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Украинæ æмæ Тайваны алыварс уавæр скарздæр кæныныл кусынц уыцы иу дунеон тыхтæ.
Ивгъуыд къуырийы æнæнхъæлæджы скарз ис Тайваны алыварс уавæр. Америкæйаг политик парламенты минæвæртты палатæйы сæрдар Ненси Пелосийы æрфæндыдис официалон балцы ацæуын Тайванмæ. Уый уыди провокацион хъуыды, уымæн æмæ Китайы Адæмон Республикæ Тайваны нымайы йæхи зæххыл æмæ цæхгæр ныхмæ ныллæууы, исчи куы равдисы, Тайван хæдбар паддзахадыл кæй нымайы.
Ненси Пелосийы балц дæр бацæттæгонд уыди ахæм бæрзонд æмвæзадыл, цыма æххæст хæдбар паддзахадмæ рараст. Кæй зæгъын æй хъæуы, официалон Пекин ацы хъыззыгæнæн митæм тынг рамæсты. Æндæр америкæйаг политик республикон партийæ, Тенессийы штатæй сенатор Марша Блекберн афтæ дæр ма загъта, зæгъгæ Китайы паддзахадон телеуынынад æрсидти Китайы æфсадмæ, цæмæй Ненси Пелосийы хæдтæхæг уæлдæфмæ фехстой. Блекберны ацы уавæр, паддзахады ахæм митæ æвиппайды расайдзысты хæст Китай æмæ Америкæйы æхсæн.
Америкæ йæ хæстон хæдтæхджытæ хæссæг нау «Рональд Рейган»-ы сæргълæудæй иугæндзон бацыдысты Хуссар Китайаг денджызмæ. Китай дæр йæ хæстон наутæ бараст кодта уыцы ранмæ. Китайаг информацион фæрæз «Глобал Таймс» фидарæй фехъусын кодта, зæгъгæ, америкæйаг æмæ китайаг науты ‘хсæн исты быцæудзинад куы сæвзæра, уæд Несси Пелосийы балц уавæр афтæ скарз кодта æмæ хæстæн æнæ райдайгæ нæ уыдзæн.
Ацы регионы уавæр рæстæгæй-рæстæгмæ фæкарз вæййы, фæлæ ныры хабæрттæ хицæн кæнынц уæды æндыгъд уавæртæй. Хъуыддаг уый онг дæр бацыд æмæ Китайы Адæмон-Сæрибаргæнæг Æфсады разамынад фæсидти салдæттæм æмæ сæ бафæдзæхста, цæмæй сæхи хæстмæ цæттæ кæной.
Мæскуы хæцы Пекины фарс Тайваны бæстæйы фæдыл æмæ растыл нымайы Китайы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Си Цзиньпины политикæ. Си Цзиньпин та фидарæй бамбарын кодта Америкæйы президент Джо Байдены, бынтондæр бар кæй нæй хъуыддæгты хизын. Вашингтон та «былы кæрæттæм» Тайваны æнæстабилондзинады ныхмæ у, хъуыддагæй та уавæр цырен кæны. Ноджы ма Вашингтон дзырд радта Пекинæн, Тайваны сепаратизмы ныхмæ кæй у.
Фæлæ зындгонд китайаг политолог, Китайы Æхсæнадон зонæдты академийы Америкæйы хайады специалист Люй Сян «æнæсæрфат» схуыдта АИШ-ы разамынады ныхæстæ, æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, АИШ-ы конгрессы минæвæртты палатæйы сæргълæууæг йæ уынаффæтæ исы æрмæстдæр сыл Америкæйы президент куы сразы вæййы, уæд, æмæ Ненси Пелосийы балцæн æрцæуæн кæй нæ уыд Урс хæдзар йæ фарс куы нæ рахæцыдаид, уæд. Йæ ныхæстæ йын мыхуыр кæны китайаг газет «Глобал Таймс».
Уавæр тынг скарз ис. Синхуайы университеты тайванаг иртæстыты институты директор У Юнпины загъта: «Ненси Пелосийы балц Тайванмæ гæнæн ис æмæ стыр дæрæнгæнæн фæстиуджытæм æркæна куыд Вашингтон æмæ Пекины дыууæварсон ахастытæ, афтæ регионалон сабырдзинадæн дæр æмткæй сисгæйæ».
Афтæ ма æндæр хæстон аналитиктæ дæр фехъусын кодтой, зæгъгæ, Пекинæн йæ бон у æмæ фæкадавардæр кæна уæлдæфон æмæ денджызон тыгъдад Тайваны алыварс æххæстмасштабон хæстон ахуыртæ уадзыны тыххæй.
Тайваны фæсарæйнаг хъуыддæгты «министрад» дæр рапарахат кодта æрт-хъирæнгæнæн хъусинаг, ома, дам, «Китайы разамынады хæстон дзуапп уыдзæн 1995-1996 азты Тайваны донивылды кризисæй гуырахстджындæр æмæ æххæстдæр». Ам хъæуы уæ хъусдард аздахын, Тайван дæр йæхи «Китай» кæй хоны, ома «Китайаг Республикæ». Уый цæмæн афтæ у, ууыл лыстæг æрдзурдзыстæм чысыл фæстæдæр.
Хуыцау хорз, Китайы разамынадмæ уыйас зонд æмæ политикон куырыхондзинад разындис, æмæ хъуыддаг хæстмæ нæ бауагътой. Кæд Ненси Пелоси Тайванмæ йæ балц кæронмæ æнтыстджынæй бакодта, уæддæр Китай нæдæр ын йæ хæдтæхæг фехста, нæдæр АИШ-ы бирæнымæц наутæ æмæ хæдтæхджытæ. Китайæн йæ дзуапп уыдзæн æндæр-политикон-дипломатон æмæ экономикон. Афтæмæй фылдæр рамбулдзæн, ницы фесафгæйæ. Уæддæр, уавæр нырма не ‘рбæстон ис.
Куыд уынæм, афтæмæй АИШ хæцы сепаратистон тыхты фарс Тайваны, цæмæй сæнусон кæной Китайы дихдзинад. Цæмæй сæ фæндтæ сæ къухы бафтой, уый тыхæй цæттæ сты дардмæцæуæг провокацимæ дæр.
Аналитикты хъуыдымæ гæсгæ, Пекинæн йæ бон у, æмæ Пелосийы балцимæ баст чи у, уыды официалон адæймæгты ныхмæ санкцитæ сæндидзын кæна.
Ныр та, цæмæй нæ газеткæсджытæ æмбарой цæуæг цауты историон контекст, уый тыххæй саразæм цыбыр балц ивгъуыд æнусы æмбисмæ.
1945–1950-æм азты Китайы уыд æмбæстагон хæст хицауиуæггæнæг парти Гоминдан æмæ Китайы Коммунистон партийы ‘хсæн. Гоминдан фембылды ис, фæлæ ма дæрæн гоминдайнаг æфсад тард президент Чан Кайшийы разамынадæй фæлыгъдысты Тайванмæ æмæ уый та уырдыгæй дæр уæддæр йæхи хуыдта «Китайы Респуб-ликæйы президент».
Фæлæ уæддæр фылдæр æмæ фылдæр паддзахæдтæ райдыдтой нымайын Китайы Адæмон Республикæ æмæ скъуыдтой дипломатон ахастытæ, Тайваны чи ‘рбынат кодта, уыцы «Китайаг Республикæ»-имæ. Æмæ 1971 азы та «Китайаг Республикæ»-йæ байстой Китайы бынат Иугонд Нациты Организацийы æмæ йæ радтой Китайы Адæмон Репсубликæйæн.
Афтæ Тайван æнæзаконæй Китайæ хицæн æрцыди. Ныртæккæ Тайванæн æнæ Китайы разыйæ, ис «официалон» ахастытæ Иугонд Нациты организацийы 13 уæнгимæ, фæлæ фактон æгъдауæй та – дунейы фылдæр бæстæтимæ йæ минæварадты уылты.
Китайы знæгтæ йæ нырма дæр хонынц «Китайаг Республикæ», провокацион æгъдауæй ахæм хуыз æвдисгæйæ, цыма Тайваны администраци нымайынц æппæт Китайы иунæг легитимон разамынад.
Китайы Адæмон Республикæ та уадзы иу Китайы политикæ æмæ Китайы дихдзинад сæнусон кæныны бафæлвæрд ныхмæ лæууы. Афтæ дæр ма карз дзуапп ратты, куы фæхаты чидæр йæхи тъыссы Тайваны мидæггаг хъуыддæгты, уæд.
Куыд уынæм, афтæмæй, 70 азæй фылдæры размæ цы цаутæ æрцыдис, уыдон абоны онг дæр дзæвгар æндавынц дунеон æхсæнадон-политикон уавæрыл.
Куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Украинæ æмæ Тайваны алыварс уавæр скарздæр кæныныл кусынц уыцы иу дунеон тыхтæ, уымæй дæр, ивгъуыд æнусты 1920-40-æм азты цы историон контекст уыди, уымæй парахатæй пайда кæнгæйæ.
Ацы фарстайы нæ симпатитæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сты Пекины ‘вварс, Тайваны ныхмæ. Æмæ цæмæн – уый та уын радзурдзыстæм нæ радон уацы.

                                                                                        ПЛИТЫ Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.