ГÆБÆРАТЫ-ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕЙЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 250 АЗЫ

Ивгъуыд æнусты ирон адæмы æхсæнæй цæуын байдыдтой ахуыргæнджытæ, сауджынтæ, офицертæ. Уыцы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой  адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ.   Уыцы раззагдæр адæмы зынгæдæртæй сæ фыццаг уыди Гæбæраты-Æгъуызаты Иуане. Иры номдзыд фыццаг рухстауæг Æгъуызаты Иуане…

Æгъуызаты Иуанейæн нæм йæ ном, йæ царды хабæрттæ цы чингуытæ хъуамæ æрхастаиккой, уыдон зæххыл нæма уыдысты, йæхæдæг уыд се сфæлдисæг, йæхæдæг лæууыд ирон чиныджы авдæны уæлхъус… Йæхи та не вдæлд йæ хабæрттæ фыссынмæ – раттæг, йæ мæгуыр адæмæн уал архайдта кæсын-фыссын сын бацамоныныл.

Ирон фысджытæй æппæты фыццаг йæ цардвæндаг йæхæдæг æрфыста  Æгъуызаты Иуане  45-аздзыдæй. Уымæ гæсгæ нын бæлвырд æмæ зындгонд сты йæ ахуыры азтæ æмæ рухстауæн куыст. Иуанейæн йæ мыггаг уыд Гæбæратæй, Залдайы хъæуæй рацæуæг. Йæхи хуыдта Æгъуызатæй, Цæразонты къа-базæй рацæуæг паддзахты мыггагæй. Райгуырд 1775 азы. Йæ сабийы бонтæ бæрæг не сты, фæлæ йæхи ныхæстæм гæсгæ æрыгонæй афтыд Калакмæ, æмæ йæ ам паддзах Ерекъле ахуыр кæнынмæ радта гуырдзиаг сауджын Карумидземæ. Дины скъолаты Иуане фæцахуыр кодта 15 азы бæрц, зонгæ кодта философи æмæ æвзагзонынадимæ. Паддзах Ерекъле бæргæ бавæрдта зæрдæ Иуанейæн, йæ ахуыры фæстæ дæр ын кæй баххуыс кæндзæн йæ дарддæры цардвæндаджы, фæлæ паддзах  æнæнхъæлæджы  амард, æмæ: «баззадтæн мæхи бар, мæхи куыстæй цæргæйæ», – фыста Иуане.

Куыста ахуыргæнæгæй Душеты, куыста тæлмацгæнæгæй дæр,  Гуырдзыстоны уырысы паддзахæн цы хицæуттæ уыд, уыдон-мæ.

Иуане уыд йæ райгуырæн бæстæйыл æнувыд патриот. Уый Хуссар Иры хъæутыл зылди, амыдта адæмæн, цæмæй уырысы æфсады ныхмæ тохы сæрыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой. Уый барджын хъæлæсæй домдта хицæуттæй, цæмæй ирон адæм хъыгдард æмæ æфхæрд ма цæуой. Арæх-иу бацыд хицæуттæ æмæ мæгуыр адæмы быцæуты æхсæн. Йæ фæрцы-иу се ‘хсæн тугкæлдтытæ не ‘рцыд.

Иуане йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта ирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг.

Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг чингуытæ уыдысты аргъуаны чингуытæ. Ирон адæммæ 18-19-æм æнусты фæзынд сæхи сауджынтæ, æмæ уыдоны руаджы диныл уырнынады чингуытæ хæццæ кодтой тæлмацгондæй ирон адæммæ. 1820-1823-æм азты Иуане гуырдзиаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта цыппар Евангелийы дæр (Ног фæдзæхст). Евангелийыл нырма кусгæ кодта, афтæмæй йæ кастис адæмæн ирон хъæуты æмæ йын бæрæг кодта йæ хъæнтæ.

Æгъуызаты Иуане фидар бындур сæвæрдта ирон литературон фыссынады традицитæн дæр. Гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл сарæзта фыццаг ирон алфавит. Хуынд хуцури. Фыццаг ирон Абеты чиныджы автор дæр у Иуане, сарæзта йæ 1821 азы. Чиныгмæ бахаста цыбыр, диныл фыст радзырдтæ.

Уымæн хъуыд стыр уарзондзинад, ома ахæм хъуыддагмæ йæ ныфс чи бахастаид, уый хъуамæ æгæрон бирæ уарзтаид йæ адæмы дæр æмæ йæ мадæлон æвзаг дæр. Иуанемæ разынд уыцы уарзондзинад æмæ уыцы ныфс, йæ ном ын мыггагмæ мысинаг дæр уымæн хонæм. Уый йæ уарзондзинад æмæ йæ ныфсхастæй бакодта сгуыхтдзинад нæ адæмы культурæйы историйы æмæ йæ нæ адæм мыггагмæ дардзæн йæ зæрдыл, куыд йæ фыццаг рухстауæджы, йæ зæрдиаг хъæбулы.

Иуане канд тæлмацгæнæг æмæ рухстауæг нæ уыд, фæлæ «Алгъуызы кадæджы» автор. Уацмысы къухфыст мыхуыры фыццаг хатт рауагътой гуырдзиаг ахуыргæндтæ Гамрекъели æмæ Джанашвили гуырдзиаг æвзагыл 1885 æмæ 1897 азты. Фыццаг хатт поэмæ «Алгъуызы кадæг» ирон æвзагмæ ратæлмац кодта ирон культурæйы архайæг Хæныкъаты Никъа, 1962 азы та рацыд поэт Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй.

Равдыста дзы Ир æмæ Кæсæджы паддзах Алгъуызы хъæбатыр фæлгонц. Иуане хорз зыдта æртæ æвзаджы: ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг.

1815 азы Æгъуызаты Иуане кусын рай-дыдта тæлмацгæнæгæй Тифлисы (Калачы) Ирыл динтауæг къамисы. Фæкуыста дзы цыппар азы бæрц, стæй 1820 азы райдианы æрвыст æрцыд ахуыргæнæгæй Калачы дины семинармæ.

Æртæ азы бакуыста Иуане семинары, стæй 1822 азы ныууагъта йæ куыст, йе ‘нæниз-дзинад лæмæгъ кæй уыд, уый аххосæй. Фæлæ, цалынмæ уым уыдис, уæдмæ архайд-та ирон сабиты семинармæ исын æмæ ахуыр кæныныл. Уыдонæн-иу Иуанейы хæдзары дуæрттæ æдзухдæр уыдысты гом. Документтæй куыд зыны, афтæмæй йæм цардысты æмæ ахуыр кодтой Балаты Иуане, Гуыбаты Гаврил æмæ Черменты Гай. Ахуыры фæстæ ма сæ кусынмæ дæр арвитын кодта Нармæ, Нузалмæ æмæ Джинатмæ.

1822 азæй фæстæмæ Æгъуызаты Иуане кусынмæ нал бацыд, рынчынтæгæнаг кæй уыд, уый аххосæй. Йæ тых æмæ йæ рæстæг хардз кодта ирон æвзагмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл. Афтæмæй ма фæцард аст азы.

Æгъуызаты Иуане арф фæд ныууагъта ирон литературæйы историйы. Мæнæ куыд загъта уый фæдыл Джусойты Нафи:

«Искуы Ирыстоны æнæмæнг уыдзæн хицæн цытджын фæзуат – Иры аивады сгуыхт архайджыты скульптурон фæлгонцтæ кæм уой ныхасы бадæгау стыр къордæй. Уыцы ныхасы барджын бынат уыдзæн Æгъуызаты Иуанейы фæлгонцæн, йæ ном та – фидæны ирæттæн мыггагмæ мысинаг».

Æмæ чи зоны, ахæм рæстæг дæр искуы æрцæудзæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.