Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр фæхæццæ кæны йæ 100 азы юбилеймæ. Фæхæццæ йæм кæны стыр хуынимæ, ног сырæзгæ бæстыхайимæ.

Нæргæ коллектив нын ис, се сфæлдыстадон хъару, сæ арæхстдзинæдтæ ног сценæйæ ноджы тынгдæр кæй рарттивдзысты, уый та фидарæй уырны нæ театрдзауты.

Абоны хъазуатон фæлтæрæй иу у, театрæн йæ царды бонтæ чи сныв кодта, дæллаг галы уæз кæмæ хауы, æдзух сценæйы æфсондзы ифтыгъд чи вæййы, уыцы Бибылты Сослан. Нæ ныхасы сæр дæр ууыл у.

Сослан нæ театры сценæйыл архайы 1994 азæй абонмæ.  Ронбæгъдæй нæ бахоста нæ театры дуар – 1990-1994 азты ахуыр кодта Мæскуыйы М.С.Щепкины номыл театралон институты, ссис театр æмæ кинойы актер.

Йæ фыццаг бонты змæлд æмæ йын йæ архайдмæ куы бакаст театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан, уæд ныфсджынæй загъта: «С первых же дней своего пребывания в театр Бибилов С.Г. проявил себя темпераментным, интеллектуальным актером, исполняющим во многих главные роли».

Театры  уæз рог никуы вæййы, уый хорз æмбæрста Сослан, фæлæ ма уыдта, театры сæрмæ дæр сау, мылазон мигътæ кæй æмбырд кæнынц, театрдзаутæ фæдисы дуджы знæт уавæры кæй сты, нæлгоймæгтæ бæсты сæрвæлтау æнæмсæр тохы кæй бацыдысты.

Бирæ тухитæ бавзæрстой уыцы азты нæ театры коллектив дæр, фæлæ сæ уонг нæ ауагътой, нæ сæхгæдтой театры дуæрттæ, сæ аивад ныфс, царддæттæг кæй уыд, уый сæ æнцад бадын нæ бауагъта.

Нæ «уæздан» сыхæгтæ, «чырыстон» сæхи чи хуыдтой, уыдон æдзæсгомæй æрбынат кодтой нæ театры бæстыхайы æмæ адæм кæй не сты, уый равдыстой театры къуымты. «Фæтых» сты Къостайы цыртыл, ныддæрæн кодтой агъуысты рæсугъддзинæдтæ, брæтты сæрыл бадгæйæ,  цæл кодтой. Сæ фидиссаг хъуыддæгтæ дæр уым арæзтой, æхсæв æддæмæ нæ уæндыдысты, афтæмæй.

Тард куы æрцыдысты, уæд нæ актер-тæ, театры къухдариуæгад, бафснайд-той сæ къуымтæ æмæ та бавнæлдтой сæ куыстмæ. Бирæтæ дзы æхсæвбонмæ хъахъхъæнæн бынæтты уыдысты, бон та сæ уарзон сценæйы, театры.

Уыцы бонты, уыцы азты æрлæуд, æрулæфт нæ зыдта Сослан, рæстæджы уæззау хæстæ æмбæрста æмæ сыл куыста йе ‘мбæлттимæ.

Сослан йæ адæмимæ федта кæуинаг æмæ зæрдæрысты  хъуыддаг – басыгъд Хуссар Иры национ драмон театры бæстыхай. Уды зиæнтты фæстæ, Ир ацы хъуыддаг банымадтой стыр трагедийыл. «Мастæн дæр кæрон вæййы», – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд.

Тыхст дуджы уынаффæгæнджытæ, уæды хицауад æмæ театры къухдариуæгад уæддæр ссардтой фæрæз, театрæн бынат, æмæ та ногæй бавнæлдта йæ ахсджиаг куыстмæ. Кæд къуындæг уавæрты сты, уæддæр театрдзаутæн театры дуæрттæ сты гом.

Тугкалд  урæд æрцыд, Уырысы фидар къух Хуссар Ирæн радта цард, сæрибардзинад, цæмæ бæллыдыстæм, уыцы паддзахад.

Фæивта Ирон лæджы хъæлæс, ныззарыд хъæлæсыдзагæй æмæ сфæлхатт кодта куырыхон Илас Æрнигоны ныхæстæ:

«Сæрибар – нæ бæстæ,

Сæрибар – нæ зæхх…»

Бибылты Сослан уыцы уæззау азты уыдис йæ адæмимæ, цардæвдисæг сценæйæ никуы ацыд иуварс, йæхи æппæрста иу ролæй иннæмæ, иу спектаклæй иннæмæ, фылдæр кодта йæ ныфс æмæ йæ тых, уæлдайдæр ын 2011 азы йæ бæрны куы бакодтой театры аивадон къухдариуæггæнæджы куыст, уæд.

Нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан арæх фæзæгъы, зæгъгæ, Бибылты Сосланмæ ис ирд æмæ сценикон миниуджытæ. У иттæг курдиатджын. Уый сарæзта ахæм фæлгондзтæ, кæцытæн стыр аргъ скодтой критиктæ.

Нæ курдиатджын актеры ном раджы ахызт Хуссар Ирыстоны арæнтæй, æрзылд Цæгат Ир æмæ Абхазы къуымты, Цæгат Кавказы сахарты, Уæрæсейы. Уымæн æвдисæн у Дзæуджыхъæу, Сухум, Ульяновск æмæ æндæр горæтты уагъдцæуæг театралон фестивальты «Театр без границ»-ы архайд. Уæд ын æрцыдысты лæвæрд алыгъуызон хорзæхтæ.

Йæ архайд, йе змæлд, йе ‘нувыд куыст æнæ уынгæ, æнæ хатгæ нæ уыдысты нæ республикæйы разамынад. 2004 азы Бибылты Сосланæн президент Кокойты Эдуарды Барамындæй лæвæрд æрцыд РХИ-йы сгуыхт артисты кадджын ном. Уый размæ та йын лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы сгуыхт артисты кадджын ном.

23 азы æнæрулæфгæйæ кусы Сослан нæ театры. Театр у йе скъола, сценæ – йæ авдæн.

Драматургийы жанртæ алыгъуызæттæ сты. Сослан комедион рольты æмрæнхъ арæхстджын у трагедион рольты дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, фылдæр кæй феххæст кæны комедион-юмористон рольтæ.

Куы зæгъæм, хъæзныг у Сосланы репертуар, куыд нацийы цард æвдисæг пьесæтæй, афтæ тæлмацгонд пьесæтæй дæр, уæд уый уырнинаг хъуыддаг у.

Цы ирон пьесæты хъазыд, уыдоны фæлгæндзтæ куыд алыгъуызон сты, афтæ алыгъуызон сты, архайд сæ цы рæстæджыты цæуы, уымæй дæр.

Ирыстоны ивгъуыд цардæвдисæг пьесæтæ йын сты:   Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», Мамсыраты Дæбейы «Хæсанæ», Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон», Уанеты Владимиры «Алантæ», Хуыгаты Георы «Туаллаг рæсугъд» æмæ æндæртæ.

Дзæвгар у сæ нымæц, фæстæдæр дугтыл фыст пьесæты цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдонæн дæр. Ахæмтæ та сты Уанеты Владимиры «Шахматтæ», Хуыгаты Георы «Цола», Хаситы Вильгельмы «Расыггæнджытæ», «Дæ мады лымæн», Хæмыцаты Цæрайы «Чи у аххосджын», «Дыууæ усгуры», Зæгъойты Ростикы «Гыццийы митæ», «Сухтаг фыдсылтæ», Айларты Асæхмæты «Робинзонтæ» æмæ æндæртæ.

Банысанкæнинаг сты, Сослан тæл-мацгонд пьесæты цы рольты ахъазыд, уыдон дæр. Ам дæр, æндæр адæмты цардмæ æвналгæйæ, Сослан разынд арæхстджын. Уæлдайдæр та мæнæ ахæм пьесæты: В.Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ», «Юлий Цезарь», «Гамлет», Пушкины «Маленькие трагедии», Лопе де Вегайы «Иуæндæсæм фæдзæхст», Р. Куни-Ричард «Нæлгоймаг, сылгоймаг, рудзынг, мард», «Чарлейы мады хо», Т.Брантон «Годомæ æнхъæлмæ кæсгæйæ» æмæ бирæ æндæртæ.

Сослан цхинвайлаг лæппу у, йæ царды бонтæ æрвиты нæ сахары, гуыргæ дæр ам ракодта, цæуы йыл 58 азы, уыдонæй 23 азы æвæллайгæйæ лæггад кæны нæ театрæн, нæ театрдзаутæн.

Йæ фыд Георги бирæ азты дæргъы  фæкуыста газет «Хурзæрин»-ы.

Цардбæллон сабийæн йæ ныййарджытæ фæндаг лæвæрдтой ахуырмæ. Сослан æнтыстджынæй каст фæцис Цхинвалы дыккæгæм скъола, стæй ахуыр кодта профтехахуыргæнæндоны Цхинвалы. Дыууæ азы та ахуыр кодта горæт Владимиры политехникон институты, фæлæ йæ ныууагъта æмæ ныллæууыд аивады фæндагыл. Арæх ын хъусæм йæ хъæлæс нæ телеуынынады экранæй, кæсы рæзгæ фæлтæрæн ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Уымæй цайдагъ кæны нæ ахуырдзау фæсивæды ирон æвзаджы рæсугъддзинад базоныныл.

Хæдзарвæндагæн егъау нысаниуæг ис. Бибылты хæдзарвæндаг ирон национ культурæйы хæзнатæ ныббиноныг кæныныл бирæ бакуыста æмæ абон дæр сæ удæй арт цæгъдынц, цæмæй адæмы ‘хсæн зæлой ирон музыкæйы æхцон зæлтæ, не ‘взаджы алгъыл та бадой нæ рæсугъд, хæрзконд, аив æмæ зырнæйзылд дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Ууыл кусы Сослан, æрдхæрæйнаг та нын фæцис йæ цардæмбал Саппиаты Залинæ.

Зард æмæ фæндыры хъæр кæцæй хъуыса, уым цард никуы банымæг уыдзæн.  Сослан, дæ рухс фæндтæ кæддæриддæр æххæст кæнæт, дæ курдиаты тых тынгæй тынгдæр цæхæртæ калæт.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.