Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви проект «Культурæ»-йы фæлгæты алыг кодтой театримæ баст бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ. Ныхас цыд Ирон театры дарддæры рæзты фарстатыл. Уыдонæн сæ сæйрагдæр у, театры артисттæн æмдзæрæн кæй радтой, уый.

Бæрæг куыд у, афтæмæй артисттæй бирæтæ цæрынц дард рæтты, чи та хъæуты, æмæ сын æнафонмæ репетициты фæстæ сæ хæдзæрттæм бафтын зын вæййы. Ныр сын уыдзæн, æдзух кæм цæрой, ахæм бынат Дзæуджыхъæуы, Ирыстойнаг уынджы. Ныртæккæ бæстыхай цалцæггонд цæуы.

Ныхас ма цыд синхронон тæлмацы аппараттæ самал кæныныл. Ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви куыд бафиппайдта, афтæмæй дзы чии с, уыцы техникæ абоны домæнтæн дзуапп нал дæтты. «Уыдон нæм кæй не сты, уый тыххæй национ театр сафы уырыссаг театрдзауы. Уыдонимæ туристты дæр, кæцытæ фæстаг рæстæг арæх цæуынц Ирон театрмæ. Уыимæ нæ зæрды ис хореографион æмæ æндæр сфæлдыстадон коллективтимæ æмгуыстад кæнын. Уыцы æууæл хъомысджындæр кæндзæн театралон сценæ», – банысан кодта театры аивадон разамонæг.

Уый ма йæ  ныхæстæм куыд  бафтыдта, афтæмæй театрæн æнæмæнг хъæуы уæзласæн машинæ декорацитæ ласынæн, стæй дыууæ микроавтобусы гастролтæм цæуынмæ.

Уыцы фембæлды бирæ ахсджиаг уынаффæтæ æрцыд хаст. Зæгъæм, мæскуыйаг театралон институттæ æмæ уæрæсейаг режиссертимæ æмгуыстад парахат кæныны нысантæ; зындгонд специалистты Дзæуджыхъæумæ спектаклтæ æвæрынмæ хонын; курдиатджын сывæллæттæн æххуыс кæнын; театры бæстыхай сцалцæг кæнын; нæхи аивады дæсныты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ æрвитын æмæ æндæртæ.

Æхсызгон хъуыддаг у республикæйы разамынд фæстаг рæстæг культурæмæ йе ‘ргом тынгдæр кæй раздæхта, уый.

                                                                                        Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.