Театр кæддæриддæр уыдис æмæ у, адæймаджы удварн чи хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæны, ахæм фæрæз. Ирыстоны профессионалон театры фæзынд тынг рагон нæу. Нæ интеллигенцийы уæды минæвæрттæн ахæм театр саразын сæ къухы бафтыд, æрмæстдæр Октябры революцийы фæуæлахизы фæстæ. Уæд йæ бынатæй фезмæлыд Ирыстоны культурон цард, арæзт цыдис йæ экономикæ дæр.  Зæгъæн ис афтæ, æмæ революцийы фæуæлахиз ирон зæхкусæг адæмæн кæй бакодта рухс, амондджын цардмæ уæрæх дуæрттæ æмæ стыр фæндæгтæ, кæцыйыл ныфсджынæй цыдысты размæ.

30-æм азтæ егъау бынат бацахстой ирон театралон аивады рæзты. Хуссар Ирыстоны театр байгом ис 1931-æм азы, æмæ уæдæй нырмæ иузæрдионæй лæггад кæны сценæмæкæсджытæн. Уæд бындур æвæрд дæр æрцыд профессионалон театрæн. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр цадæггай хызт иу сфæлдыстадон æнтыстæй иннæмæ, цыд аивады тæмæнтæкалгæ бæрзæндмæ. Адæм уæд базыдтой сæ фыццаг уарзон артистты дæр. Театры сценæйыл æвæрд цыдысты Хетæгкаты Къоста æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы, афтæ – уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты драмон уацмысты дæр. Бирæ, тынг бирæ ирон фысджыты пьесæтæ æрцыдысты æвæрд нæ уарзон ирон театры сценæйыл, æмæ сыл хъомыл кодтой Ирыстоны дзыллæтæ. Рæстæг куыд цыдис, афтæ рæзтис æмæ хъæздыгдæр кодта театры репертуар, кæд йæ разы æвзæрдысты цæлхдуртæ, уæддæр.

Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театрыл ивгъуыд аз сæххæст ис 85 азы, æмæ йын йæ юбилей уæрæхæй банысан кæндзысты, ног бæстыхай куы сырæза, уæд. Нæ театр Хуссар Ирыстоны культурон цардмæ бахаста ногдзинад, æмæ йæ байдзаг кодта ног мидисæй. Афтæмæй нæ адæмæн ссис сæ иууыл уарзондæр культурон æмæ уаз бынат, нæ бæстæйы иууыл егъаудæр культурон артдзæст. Уымæй дарддæр ма йæ бæстыхай уыд нæ горæты фидыц æмæ сæрыстырдзинад. Æмæ куы басыгъд, уæд ыл уды зианау, фæмаст кодтам, бирæтæ та йыл куыдтой æргомæй. Ныр та бæстыхай ногæй кæй рæзы ноджы бирæ рæсугъддæрæй, уый стыр хъуыддаг у, æмæ йæ байгом кæныны бонмæ нæ республикæйы адæм се ‘ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц æнæрхъæцæй. Театры ног бæстыхай байгом кæнынмæ бирæ нал хъæуы, æмæ та адæмæн æрхæсдзæн стыр æхцондзинад. Ныридæгæн театры бæстыхайы мидæгæй фæлындзыд цæуынц йæ къултæ, ам сæ бынат ссардтой Нарты эпосæй сюжеттæ, ныв сыл кæнынц ирон орнаменттæ, æмæ хорз уаид, ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъойы тыххæй дæр дзы сæрмагондæй куы бакæниккой исты зонæнтæ. Стæй æрмæст Елбыздыхъойы тыххæй нæ, фæлæ æндæр зынгæ ирон драматургты тыххæй дæр. Уый ма адæймаджы цæстæн дæр хæсдзæнис уæлдай æхцондзинад, адæм та ахæм зонæнты фæрцы зонгæ кæндзысты нæ театр æмæ ирон драматургийы хъæздыг историимæ. Зæгъæм, æрцæуæггаг адæймаг къултыл ахæм æрмæджыты кондæй хуыздæр базонгæ вæййы театры историимæ, æмæ афтæмæй райсы бæлвырд æмæ развæлгъау информаци. Театры фойе рæсугъд фæлыст куы вæййы, уæд адæймаджы зæрдыл кæддæриддæр ныууадзы хорз тæлмæнтæ.  Ацы хъуыддаджы фæдыл арæх Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтæ, ирон литературæйы дæсны специалисттæ фæзæгъынц ахæм хъуыды, зæгъгæ, рæдыд нæ уыдаид, æмæ нæ театр Брытъиаты Елбыздыхъойы ном куы хастаид, уæд.

Елбыздыхъо у ирон драматургийæн бындур чи æрæвæрдта æмæ йæ бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, ирон культурæйы ахæм зынгæ архайæг.  Брытъиаты Елбыздыхъо схъомыл ис мæгуыр, хæххон уавæрты фыдæбонгæнгæйæ, уымæ гæсгæ хорз зыдта ирон хæххон лæджы цард æмæ фыдæбон. Уымæн йæ лæггæдтæ йæ адæмы раз æгæрон сты. Уый йæ цыбыр царды йæ уд хъардта, цæмæй нæ адæмы царды ахсджиаг фарстытæ рæгъмæ хастаид, ирон кад, ирон æгъдау æмæ намыс сæ раны уыдаиккой. Уый ирондзинадыл рыг абадын дæр нæ уагъта, æмæ йæ иннæтæн дæр йæ уацмысты ‘руаджы æмбарын кодта.  Брытъиаты Елбыздыхъойы бынтæ куы нымайæм, уæд ын афтæ бирæ не сты, фæлæ кæуылты сты æмæ сын цы стыр нысаниуæг ис! Никуы рахызтысты ирон театры сценæйæ.  Елбыздыхъойы пьесæтæ се ‘ппæт дæр фыст сты актуалон темæтыл, æмæ сæ сценæмæкæсæг æввахс айсы йæ зæрдæмæ. Æгæрыстæмæй, йæ удæгасæй йæ пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектаклты йæхæдæг дæр иста хайад, куыд режиссер æмæ актер, афтæ.

Брытъиаты Елбыздыхъойæн ивгъуыд аз йæ райгуырдыл сæххæст ис 135 азы. Йæ ном цæры æмæ цæрдзæн нæ дзыллæты ‘хсæн, цалынмæ ирон лæг, ирон театр цæра, уæдмæ.  Нæ республикæйы цæрджытæй ма йын бирæтæ æрымысынц йæ пьесæтæ театры сценæйыл, æмæ сæ ныфс ис, дарддæр дæр æвæрд кæй цæудзысты театры ног бæстыхайы сценæйыл, кæй зонгæ кæндзыстæм мах æмæ нæ фидæны фæлтæртæ дæр, Ирыстоны культурæйы къæбицмæ цы хуынтæ æрбахаста, æппæт уыдонимæ. Елбыздыхъо йæ адæмы патриот кæй уыд, уый тыххæй ирон кад дæлæмæ никуы æруагъта. Уый рахицæн кодта, дарддæры царды цы хъуамæ хæссой ирæттæ семæ æмæ дзы ныууадзинаг цы ис. Зæгъæм, тугисын, чызгскъæфт æмæ бирæ æндæр ахæмтæ.

Елбыздыхъо тынг худтис, ирон æвзаг чи æвидыц кæны, ахæмтыл. Уый ахæмты ныхмæ тохы ныллæууыдис, æмæ сыл фидарæй дзырдта. Абон дæр не ‘хсæн ацы фарст актуалон у, æмæ йæ ныхмæ тох кæнын хъæуы æнæуый дæр æмæ театры фæрцы дæр.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.