Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы раздæры сæйраг тренер Тедеты Дзамболат «15 регионæн» комментаритæ радта йæ отставкæйы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уадзы дунейы «иууыл æвзонгдæр æмæ тыхджындæр» командæ. «Фæнды мæ бамбарын кæнын æмбырдгонды сæйраг тренеры бынатæй мæ отставкæимæ баст уавæры тыххæй. Командæйы „кураторæй“ мæ снысан кæныны тыххæй нæ, фæлæ мæ отставкæйы тыххæй. Нæ федерацийæн куратор ис, уый дыууæ азы размæ конференцийы сæвзæрста Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци. Æз кæнын уæгъдибар хъæбысхæстæй дыууæ хатты Олимпион чемпион, ФСБР-йы фыццаг вице-президент Фадзайты Арсены кой.

«Цæй кураторы тыххæй цæуы дзырд, кæд æмæ нæ хъæбысæйхæцджытæн ныридæгæн ис закъонæй æвзæрст куратор? Мемæ контракт ма адарддæр кæныны тыххæй 30-æм сентябры иунæгæй уынаффæ райста ФСБР-ы сæргълæууæг Михаил Мамиашвили. Рауад афтæ, æмæ æххæстгæнæн комитеты хъуыды ничи нымайы. Искæмæ ис фарст мæ профессионалон компетентондзинад кæнæ фæстиуджытæм, кæцы уæгъдибар хъæбысхæстæй æмбырдгонд æвдисы 20 азы дæргъы мæ къухдариуæгады бын? Хъуыды кæнын, ахæм фарстытæ никæмæ ис», — загъта уый.

Тедеты Дзамболат ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, национ командæйы къухты цы фæстиуджытæ бафтыдысты, уыдон сты уникалон.

Сусæггаг никæмæн у уый дæр, æмæ 2001 азы æз нысан кæй æрцыдтæн сæйраг тренеры бынатмæ, æнцон рæстæджытæ нын нæ уыд. Мах тренерты штабимæ æмбырд кодтам нæ командæйы бонæй-бонмæ, азæй-азмæ. Абон нæ командæ у иууыл æвзонгдæр æмæ тыхджындæр дунейы. Уый мах ноджыдæр иу хатт равдыстам ивгъуыд аз Олимпион хъæзтыты æмæ дунейы чемпионаты. Мæ хъомылгæнинæгтæй 200 фылдæр абон сты дунейы иууыл бæрзонддæр спортивон хорзæхты хицæуттæ.

«Ивгъуыд аз октябры мæйы ФСБР-ы æххæстгæнæн комитеты рабадты, æмæ фæстæдæр та бæстæйы спорты министрады экспертон советы рабадты мæ куыстæн лæвæрд æрцыд иууыл стырдæр аргъ. Мæ куыстæн мын саргъ кодта президент Владимир Путин дæр æмæ мæ схорзæхджын кодта Кады грамотæ æмæ Александр Невскийы орденæй. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ ацы аз 24-æм февралы уæгъдибар хъæбысхæстæй фыццаг кæй рахæцыдыстæм Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фарс, кæцыйы тыххæй хаст æрцыдтæн Навальныйы санкцион номхыгъдмæ. Уыцы азты уæгъдибар хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонды тренеры бынаты мæ архайд уыд æргом.

Специалисты ныхæстæм гæсгæ, контракт ма адарддæр кæныны тыххæй уынаффæ исгæйæ, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент йæхи сæрмагонд интерестæ, спортсменты æмæ паддзахады интерестæй æвæры уæлдæр. «Нымайын афтæ, æмæ уый у уæрæсейаг спорты историйы фыццаг прецедент, æмбырдгонды бæрзонд фæстиуджытæм стабилонæй чи кодта, уыцы тренеры йæ бынатæй арвитын. Мæхи тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ æз кæй баззайдзынæн æнувыдæй не стыр Райгуырæн бæстæйыл», — банысан кодта Тедеты Дзамболат.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.