2017 азы 12 марты уагъд æрцыдысты VI-æм æрсидты депутатон æвзæрстытæ Республикæ Абхазы уæлдæр закъондæттынадон орган иупалатæйон Парламент – Адæмон Æмбырдмæ.

Адæмон Æмбырды  V-æм æрсидты Парламенты Спикер Валери Бганбайы фæхуындмæ гæсгæ РХИ-йы делегаци йæ хъус дардта, æвзæрстытæ куыд цыдысты, уымæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты номæй, æхсæнадæмон хъусдарджыты хуызы мах РХИ-йы Парламенты депутат Хуыбиаты Аланимæ нæ хъус дардтам, хъæлæслæвæрд куыд цыд, уымæ. Афтæ ма, æхсæнадæмон хъусдарджыты хуызы, хъæлæс дæттыны хъуыддагмæ сæ хъус дардтой цыппор адæймагмæ æввахс алы æмæ алы бæстæтæй.

Адæмон Æмбырды æртын фондз бынатмæ цыдысты сæдæ кандидатæй фылдæр. Архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ, парламентон æвзæрстытæ нымад сты, кæд æмæ чи æрбацыд, уыцы æвзарджыты нымæц регистрацигонд æвзарджыты цыппæрæм хайæ къаддæр нæу, уæд. Республикæйы æвзарджыты номхыгъдмæ æмткæй бахастæуыд 130 мин адæймаджы. Депутаттæм кандидат цæмæй фæуæлахиз уа, уый тыххæй хъуамæ райса йæ фадыджы æвзарджыты хъæлæсты фæндзай процентæй фылдæр. Кæд æмæ кандидаттæй сæ иу дæр нæ райса, цас æмбæлы, уый бæрц хъæлæстæ, уæд дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ уагъд æрцæудзæн æвзæрстыты дыккаг тур. Уым хайад исдзысты, фылдæр хъæлæстæ чи райса, уыцы дыууæ кандидаты.

Æвзæрсыты хæдразмæ, Хуссар Ирыстоны парламентон делегацийы йæхимæ райаста бæстæйы сæргълæууæг, Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба. Уый банысан кодта, нæ дыууæ æфсымæрон Республикæйы ‘хсæн алывæрсыг ахастытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй сты.

Æвзæрстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй дзургæйæ, фыццаджыдæр хъæуы банысан кæнын Республикæ Абхазы Централон æвзарæн къамисы куыст, йæ къухдариуæггæнæг Тамаз Гогияйы разамынадæй. Цы æвзарæн фадгуыты уыдыстæм, уыдонæн се ‘ппæты дæр куыст афтæ арæзт уыд, æмæ дæ куы фæндыдаит æвзæрстыты цыдмæ фау ссарын, уæддæр дзы рæгъмæ рахæссинаг ницы уыд, афтæмæй та мах уыдыстæм Республикæйы фондз районы. Нæ маниторингон къорд хъусдарджытæй, Адæмон Æмбырды депутатты æууæнчы адæймæгтæй нæ фехъуыста иу уайдзæф, фиппаинаг кæнæ хъаст дæр. Æвзæрстытæ уадзыны процессыл чи бандæвтаид, иунæг ахæм фиппаинаг дæр мах нæ фехъуыстам нæ коллегæтæй, иннæ бæстæтæй дзы цы æхсæнадæмон хъусдарджытæ уыд, уыдонæй дæр. Æвзарæн фадгуыты æмæ сæ алыварс не ‘нкъардæуыд æндыгъддзинад кæнæ искæйы тыхæндæвдад. Мах уыдтам иумæйаг, æмбар, комкоммæ æмæ сæрибарæй адæм сæ фæндон куыд æвдыстой.

Афтæмæй Республикæ Абхазы уагъдцæуæг парламентон æвзæрстытæ ацыдысты æвзæрстыты архайæг закъон-дæттынадмæ гæсгæ æмæ иумæйаг æх-сæнадæмон стандарттæм гæсгæ.

Иуæй-иу фадгуыты фондзæй асты онг депутаттæм кандидаттæ кæй уыд регистрацигонд, уый тыххæй хъæлæсдæттыны дыккаг тур аугъдæуыдзæн 22 фадыджы ЦÆК-ы зонæнтæм гæсгæ.

Хицæнæй мæ зæгъын фæнды Ирыстоны адæммæ æппæт Абхазы адæмы ахасты тыххæй. Нæ делегацийыл сæмбæлд Республикæ Абхазы Уæлвæткон уавæрты министр, инæлар Лев Квициния æмæ Республикæ Абхазы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Боциты Олег –  Абхазы стыр патриоттæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Абхазы алы уазæгыл дæр æмбæлынц æхсызгонæй, фæлæ-иу куы базыдтой, мах Ирыстонæй æрцыдыстæм, уæд се ‘ппæтдæр, Паддзахадон Хицауады уа, æвзарæн фадгуыты, æви хуымæтæджы адæм, уæддæр æнæмæнгæй хъуамæ равдыстаиккой махмæ се ‘фсымæрон ахаст.

Æмæ мæ кæронбæттæны фæнды зæгъын, абхазаг адæмы «хорзмæбæлджытæн», официалонæй дæр æмæ æнæофициалонæй дæр, чидæриддæр дзуры æвзæрстытæ нымад не сты, зæгъгæ, уыдонæн: уадз æмæ сымахæн дæр Хуыцау раттæд фадат, цæмæй сахуыр уат Республикæ Абхазы Парламент – Адæмон Æмбырдмæ æвзæрстытæ куыд æргом æмæ цæстуынгæ уыдысты, ахæм бæрзонд æмвæзадыл уадзын.

РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг,

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт,

бастдзинад æмæ æрдзон фæсауæрцты фæдыл

парламентон комитеты сæрдар Тедеты Р.Р. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.