Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы сырæзтыл кæд 23 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр ын ис хъæздыг истори, рацыд уæззау дуджы фæлварæн азтыл. Йæ сырæзтыбоныл нымад æрцыд 1994 азы 16 март – уæд фыццаг хатт рацыд эфиры. Æмæ уæдæй абоны онг нæ телеуынынадæн стыр аргъ æмæ кад кæнынц нæ телекæсджытæ. Бынæттон телеуынынады рæзт æмæ æнтыстытыл æнæрынцойæ фыдæбон кæнынц тележурналистикæйы бæрзонд профессионалон специалисттæ. Æнæ бынæттон телеуынынадæй нæ цард абон нæ уаид цымыдисон. Уый у иууыл æнцонвадат, сæйраг æмæ оперативон информацион ресурс.

16 марты телеуынынады коллективмæ арфæ кæнынмæ æрбацыд бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид.

Телерадиокомпани «Ир»-ы директор Зæгъойты Рада банысан кодта, телеуынынад йæ сырæзтæй фæстæмæ нырма  кæй не схызт фæндиаг бæрзæндтæм, фæлæ æппæтдæр разæй кæй ис, æмæ æнтыстытæ æмæ размæдзыд фæндвидар коллективы руаджы сæ къухты бафтдзæн.

Бæстæйы сæргълæууæг нæ сарæзта официалон ныхас, нæдæр бæрæгбоны охыл цæстмæхъус ныхæстæ, фæлæ йæ ныхасæй саразæн уыд ахæм хатдзæг – зæрдæйæ зæрдæмæ ныхас кæй кæны. Телеуынынады куыст вазыгджын куыст у, æндæр информацион фæрæзты куыстимæ абаргæйæ – уымæн æмæ цæст ахсы экраныл алы згъуыд дæр, ома, æнæраст техникон æмæ грамматикон рæдыдтытæ. Уымæ гæсгæ Тыбылты Леонид банысан кодта алы кусæджы егъау хайбавæрд – директорæй суанг рæнхъон кусæджы онг.

«23 азы сты æнтыстыты азтæ, æмæ ноджыдæр ног нывæзтытæ æмæ ног бæрзæндтæм хи-зæн азтæ. Мæн уырны, паддзахадон телерадиокомпани кæй сараздзæн ноджыдæр фылдæр, уымæн æмæ йæ куыст ахадæн у. Нæ телеуынынад цы куыст кæны, ууыл куы дзурæм, уæд райдианы куыст дæр банысан кæнын хъæуы.

Махæн ис активон телекæсæг. Республикæйы алы районты уæвгæйæ, цæрджыты фыццаг цæмæй бафæрсæм, уый вæййы, телесигнал сæм хæццæ кæны, æви нæ.

Паддзахадон органты хæс та у, цæмæй бакусæм æмæ телеуынынады куыст алы къуымты дæр зына. Бирæ бынæттæм нæма хæццæ кæны телесигнал, уый кæмдæр мах азым дæр у, æмæ мах хъуамæ саразæм афтæ, цæмæй ацы диссаджы коллективы гъæдджын куыст алы ран дæр зына æмæ хæццæ кæна Ирыстоны алы фæрныг хæдзармæ дæр», – дзырдта Тыбылты Леонид.

Ирыстоны бирæ дæрддаг хъæутæ æрцæугæ цаутæ базонынц бынæттон телеуынынады руаджы æмæ уымæй иппæрд ма хъуамæ уой. Президент баныфсæвæрдта, кæй хъомысджын кæндзæн бастдзинады комитеты куыст, цæмæй ацы коллективы куыст ноджыдæр адæммæ хæццæ кæна.

Иумæйагæй сисгæйæ, Тыбылты Леонид райгонд у телеуынынады куыстæй, уымæн æмæ фæстаг рæстæджы телеуынынады куыст кæны мидисджындæр æмæ хъæздыгдæр, пайда кæ-нынц алы методтæй, фæзынд дзы ног алæвæрдтæ.

Президент бацымыдис кодта алæвæрд «Кæфхъуындар»-ы номмæ, цæмæн æй афтæ схуыдтой, кæд проект зæрдæмæдзæугæ у, уæддæр. Йæ мидис æмæ йæ хъуыды гъæдджыныл нымад у. Дарддæр Тыбылты Леонид æрдзырдта, бæрзонд æмвæзадыл уагъд чи цæуынц, уыцы сæрмагонд алæвæрдтыл, сæ авторты ахсджиаг куыстыл – Цæбиты Валя, Джиоты Наталья, Дзуццаты Тамерлан, Хуриты Батрадз, Бестауты Валя, Асаты Вандæ, Са-банты Мадинæ æмæ æндæрты мидисджын æмæ æхсызгонæй кæй бацæттæгонд алæвæрд-тæм фæкæсæм, уыдоныл. Президент алы кусæджы алæвæрд æмæ авторы удыхъæдыл дæр дзырдта парахат зæрдæйæ, алкæй зæрдæмæ фæндæгтæ агургæйæ.

Йæ ныхас уыд ног проекттæ, ног цымыдисон куыстмæ разæнгардгæнæн ныхæстæй конд – уæдæ ма цы хъæуы æндæр сфæлдыстадон кусæджы.

«Паддзахад рæсугъд æмæ аив кæнынц йæ структурæты кусджытæ. Уыдон сæ куыст æмбæлонæй куынæ кæной, уæд иннæты куыст дæр нæ зыны. Ууыл архайут сымах – телекомпанийы кусджытæ.

Критикон фарстытæ рæгъмæ хаст куы цæуынц – уæд нын уыдон бакæнынц нæ цæстытæ бирæ бæстонкæнинаг фарстытæм. Фæлæ нæ иу хъуыддаг ма хъуамæ рох кæна – критикæ хъуамæ уа конструктивон, конкретон æмæ объективон», – банысан кодта Президент.

Уый критикон ныхæстæ загъта паддзахадон чиновникты номыл, уымæн æмæ хатт базивæг кæнынц бынæттон телеуынынадмæ бакæсын æмæ рæстæгыл информаци райсын.

Ныртæккæ, зæгъгæ, нæ республикæ æвзары серьезон рæстæджытæ – разæй ис президентон æвзæрстытæ. Æмæ æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыст куыд æвдыст цæудзæн, уый махæн у ахсджиаг. Телеуынынадыл ацы хъуыддаджы ис бæрнон хæс æмæ нæ, зæгъгæ, ныфс ис, объективонæй кæй дæтдзæн информаци республикæйы цæрджытæн. Уымæй дарддæр ма Тыбылты Леонид банысан кодта бæстæйæн йæ историон ном раздахыны фæдыл референдум ауадзыны ахсджиагдзинад.

Мах, зæгъгæ, æгæр дæр байрæджы кодтам ацы хъуыддагыл. Уый у историон раст фарст æмæ раст уынаффæ, адæмы хъуыды æмæ фæндондзинад.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Тыбылты Алан арфæйæ дарддæр банысан кодта, коллектив бæрзонд социалон бæрндзинадыл хæст кæй сты. Мæнæн, зæгъгæ, æхсызгон у ахæм æмбаргæ коллективимæ кусын.

Дарддæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комтитеты паддзахадон хорзæхтæ – Кадджын ном, Цытджын грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон телерадиокомпанийы къорд кусæджы.

Фембæлд дарддæр цыд фарст-дзуаппы хуызы. Фæндиæгтæ республикæйы къухдари-уæгады номыл загъта Цæбиты Валя. Уый кусы сæрмагонд алæвæрдыл хъæууон хæдзарады фадыджы.

«Ацы коллективмæ æз куы ‘рбацыдтæн, уæд мæнæн сæрибар фæндаг радта телерадиокомпанийы директор Зæгъойты Радæ, нæ хъæууон хæдзарады тыххæй цæмæй ныхас зæгъæм, уый тыххæй. Æргом дзырд сæйраг у нæ æхсæнады. Æмæ уадз, ма тыхсæд уыцы æргом дзырдæй паддзахадон уагдæтты кусджытæ», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Бирæ арфæтæ æмæ хорз фæндиæгтæ райстой уыцы бон нæ зынаргъ коллегæтæ, паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы кусджытæ. Уыцы арфæтæ зæгъæм мах дæр, æн-тыстытæ æмæ ноджы мидисджындæр алæвæрдтæй хъæздыг куыд кæна нæ телеуынынад.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.