Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры радон уазæг ацы хатт та уыд РХИ-йы Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Гæбæраты Геннади. Уый бынæттон журналисттæн радзырдта йæ дæлбаруæвæг ведомствæйы архайды тыххæй.

Контролон-нымайæн палатæйы сырæзтыл ацы аз сæххæст дæс азы æмæ йæ сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы азты дæргъы æдæппæт ауагъд æрцыд 416 контролон мадзалы, æркастæуыд æмбæстæгты 130 куырдиатмæ, афтæ ма æххæст æрцыдысты Президенты 95 хæслæвæрды æмæ Парламенты 11 хæслæвæрды.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы азты дæргъы басгæрстытæ уагъд æрцыдысты 1 мин объекттæй фылдæры. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ бакондæуыд 42 уголовон хъуыддаджы.

Ацы азы бакæнгæ куысты фæ-дыл дзургæйæ, комитеты сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ауагъдæуыд 40 контролон мадзалы. Анализ сарæзтæуыд æмæ хатдзæгтæ лæвæрд æрцыдысты 8 закъоны проектæн. Басгæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ арвыстæуыд 7 гæххæтты, цыран амынд цæуы, цæмæй цы цухдзинæдтæ раргом, уыдон иуварс æрцæуой. Мидхъуыддæгты министрадмæ, Паддзахадон æдасдзинады ко-митетмæ æмæ прокуратурæмæ цы басгæрстыты æрмæджытæ арвыстой, уыдоны фæдыл баконд æрцыдис дыууæ уголовон хъуыддаджы, 5 бас-гæрсты фæдыл та уадзынц слест кæныны агъоммæ сгарæн куыст.

Гæбæрайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй æппынкъаддæр кварталы иу хатт информаци раттынц Президент æмæ Парламентæн бакæнгæ куысты тыххæй, азы дæргъы куысты фæстиуджыты тыххæй та раттынц хыгъд.

Комитеты сæрдар ахсджиагыл банымадта республикæйы тендерон системæ бакæнын.

«Хуссар Ирыстоны архайы коррупцийы ныхмæ архайды тыххæй закъон, кæцы бæлвырд кæны паддзахадон органты архайды принциптæ æмæ сæйрагдæр здæхтытæ», – загъта уый æмæ, зæгъгæ, ацы закъоны нысан ис закъондæттынадон, административон æмæ æндæр мадзæлттæ исын, кæцытæ здæхт сты, коррупцийæн цæлхдур чи сты, ахæм механизмтæ хуыздæр кæнынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уый хауы арæзтады тендертæм дæр, афтæ ма хосгæнæн фæрæзтæ, ивæн хæйттæ, хæлцадон продукттæ амал кæнгæйæ конкурсы бын-дурыл уыдоны æлхæнынмæ дæр. Ахæм механизм, зæгъгæ, закъондæттынадон уагыл ис Хуссар Ирыстоны, фæлæ дзы нырма нæ пайдачындæуы.

«Фарстыл ныртæккæ куыст цæуы æмæ мæ ныфс ис, ацы нормативон акт ист кæй æрцæудзæн. Чиновникы архайды фæлгæттæ дырысæй бæлвырд куы уой æмæ æппæт йæ архайды сусæггагæй куы ницы уа, уæд уый дæр бæрæг зындæр кæны коррупцион архайд саразын», – афтæ хъуыды кæны Гæбæраты Геннади æмæ цæвиттонæн æрхаста, цæрæнуат райсынмæ рады чи лæу-уынц, уыдоны номхыгъд мыхуыр кæй æрцыдис, уый.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.