Мах цымыдис кæнæм нæ адæмы историйы сусæгдзинæдтæм, мах сæрыстыр стæм нæ историйæ, нæ фыдæлтæй. Фæлæ абон цæмæй уыцы фыдæлты аккаг адæм уæм, уый тыххæй нæ къух ма хъуамæ исæм фыдæлты æгъдæуттыл, нæ мадæлон æвзагыл уæлæхох ма кæнæм. Ирон адæм хæдбардзинады фæндагыл куы ныллæууыдысты, уæдæй фæстæмæ Ирыстоны уагъд æрцыд Ирон адæмы цалдæр съезды (Уанелы), уыцы съездтæй дыууæ уагъд æрцыд Ирыстонæн йæ хуссар хайы, Цхинвалы. Диссаг уый у, æмæ-иу съездмæ цы туркаг ирæтты фæхуыдтам, уыдон-иу алы хатт дæр ацыдысты хъыгзæрдæйæ. Мах, дам, Туркæй нæ фыдæлты зæхмæ нæхи уый тыххæй раппарæм, цæмæй ирон дзырдмæ хъусынæй бафсæдæм, сымах, та, дам, уырыссагау фæдзурут æмæ уын уæ ныхæстæй ницы фембарæм… Диссаг нæу, сæ фыдæлтæ дæр дард фæсарæнты кæмæн райгуырдысты, Ирыстоны чи никуы цард, ахæм ирæттæ Ирыстоны чи райгуырд æмæ Ирыстоны чи цæры, уыцы ирæтты цæстмæ дарынц, иронау кæй нæ дзурынц, уый… Цæмæн у афтæ, цæмæн баззадысты Туркмæ афтæг ирон адæмы байзæттаг æнувыдæй сæ мадæлон æвзагыл, ирон æгъдæуттыл. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, цы зонæм æмæ цас зонæм мах Турчы цæрæг ирæтты знон æмæ абоны тыххæй? Хæрзцъус кæнæ та бынтондæр – ницы. Уымæ гæсгæ газеткæсджыты зонгæ кæнæм зындгонд ирон ахуыргонд-этнограф, дзæнæттаг Уарзиаты Вилены уацæй скъуыддзæгтимæ уырыссаг æвзагæй ирон æвзагмæ тæлмацæй.

Æнудæсæм æнусы дыккаг æмбисы ирæтты иу хай ныууагътой сæ райгуырæн бæстæ æмæ алыгъдысты æмдингæнæг Туркмæ. Ацы фыдæвзарæн цаутæн цы аххосæгтæ уыд, уыдоны тыххæй ирзонынады дзæвгар ныхас цыдис. Суанг ма паддзахы заманы джиппæй уагъд уыдысты Хъаныхъуаты Инал æмæ Цæлыккаты Ахмæты фыст уацтæ. Советон рæстæджы лигъдæтты тыххæй фыстой Дзагуырты Гуыбады æмæ Тотойты Михал. Мæ уацы æз æркæсдзынæн райхалинаг фарстæн æрмæст йæ этнокультурон здæхтмæ. Ацы аспектæн ис стыр ахадындзинад.

Сæдæ азæй фылдæр, кæм – æнгомæй, кæм та – хибарæй, цæрынц ирæттæ æндæр адæмты ‘хсæн. Кæд сын фидар бастдзинæдтæ нæй Ирыстоны сæ тугхæстæг æфсымæртимæ, уæддæр тынг ныфсджынæй æмæ æнувыдæй хæцынц сæ фыдæлты æгъдæуттыл. Турчы цæрæг ирæттæм сæ этнокультурон æууæлтæ иухуызон не сты. Ахæм уавæрты, уæлдайдæр – фæстаг рæстæджы, ирддæр кæнынц химбарынады рæзты миниуджытæ.

Ацы æппæт хъуыддæгтæм Кавказы цæрæг уæрæх дзыллæтæ сæ хъус дарынц. Уыдæттæ æмæ ма ноджы гуманитарон культурæйы иумæйаг фарстатæ мæн дæр сцы-мыдис кодтой æмæ уымæн аздæхтон ме ‘ргом ирон лигъдæтты цардмæ. Ам зæгъын хъæуы, Чысыл Ази æмæ Хæстæг Хурыскæсæны цæрæг ирæтты ‘хсæн ахуыргæндтæй иртасæн куыст кæй ничи кодта, уый. Мæнæн зындгонд у æрмæст чысыл фыстуац Турчы цæрæг ирæтты æвзаджы норвегиаг ориенталист Ф. Тордарсон (Thordarson Fridrik. Some notes on Anatolian ossetic). Æз ацы уац куы фыстон, уæд пайда кодтон алыхуызон æрмæджытæй. Уыдонæн сæ фылдæр мыхуыргонд уыдысты махмæ Ирыстоны. Уыцы æрмæджытæм æмæ хабæрттæм зонадон цæстæнгасæй æркастæн æмæ скодтон мæхи хатдзæгтæ. Стыр ахъаз мын фесты Стамбулы цæрæг, Турчы ирæтты раздзæуджытæй иу, Асеты Халис (Halis Asetey) æмæ Турчы кæсгон æхсæнад «Адыгэ хасэ»-йы сæрдар Айдемир Изеты (İzet Audemir) хабæрттæ.

Кавказаг лигъдæтты æндæрхуызон æрдзон, социалон æмæ культурон уавæрты цæрын кæй бахъуыд, уый сын бар-æнæбары аивта сæ этникон уагæвæрдты иуæй-иу æууæлтæ. Уыцы ивддзинæдты цыд фæтагъддæр кæнын фæрæвдз кодтой Турчы паддзахады уынаффæтæ. Ирон лигъдæтты цæстытыл цы амондджын æмæ дзæнæтæнгæс дуне уадис, уый бæсты лигъдæтты фылдæр хай сæмбæлди тынг бирæ фыдæбæттимæ æмæ тухитимæ.

Уыцы вазыгджын уавæрты карз фæлварæн уыдис хи этникон культурæ бахъахъхъæныны сæрвæлтау. Раст ахæм этнополитикон æмæ этнокультурон фыдæвзарæнтæй райгуырдис ирон профессионалон литературæ. Фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболаты (1845–1899) сфæлдыстад Ирыстоны рабæрæг ис æрмæстдæр 1920 азы, хицæн чиныгæй та джиппы уагъд æрцыд 1965 азы.

Ам, Ирыстоны, арæх фехъусæн вæййы, ирæттæ Турчы сыгъдæгæй бахъахъхъæдтой нæ адæмон культурæ, зæгъгæ. Бынтон раст мæм нæ кæсы ацы ныхас. Нæ мыггаг ма сыскъуыйа, æндæр адæмы ‘хсæн ма сæмхæццæ уæм, ууыл у сæ сæйраг сагъæс. Иуæй-иу ирон æгъдæуттæ ныр дæр баззадысты, æнусæй фылдæры размæ куыддæриддæр уыдысты, афтæ. Фæлæ бирæ не сты ирон адæм, уымæ гæсгæ арæх нал æмбæлынц кæрæдзийыл. Афтæ-мæй æгъдауæн æмæ æвзагæн æнæфæцудгæ нæй.

Хъыгагæн, бæрæг-бæлвырдæй нæ зæгъдзынæн, æдæппæт цас сты ирон адæм Турчы. Зындгонд францаг ахуыргонд Жорж Дюмезиль  30-æм æмæ 50-æм азты бирæ хæттыты зонадон балцыты уыд Турчы, ахуыр дзы кодта кавказаг адæмты æвзаг æмæ культурæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсизæгтæ (черкестæ) уым цæры минтæ. Се ‘хсæн ирæттæ зынгæ дæр нæ кæ-нынц. Æрмæст фæстагмæ ссардта цалдæр ирон хъæуы.

Дзæуджыхъæуы йæ хæстæджытæм уазæгуаты уыд туркаг æфсады раздæры булкъон Асеты Халис. Цалдæр хатты фембæлдыстæм, æмæ мын куыд радзырдта, афтæмæй æрмæст Стамбулы цæры фондз мины ирæттæ. Иугæр Турчы егъаудæр сахары кой ракодтон, уæд æххæст зæгъон, ирон адæм фылдæр кæй цæрынц горæтты. Ранымайдзынæн ма дзы Анкара, Измир, Иозгат, Тохъат, Суаз æмæ æндæртæ.

Турчы ирæттæм уазæгуаты чи уыд, уыдон æмдзыхæй дзурынц сæ хъæууон царды зын уавæртыл. Фылдæр æмæ нæм æххæстдæр æвдисæнтæ ис гыццыл хъæу Пой-разлыйы тыххæй. Ам цæрынц æрмæст ирæттæ. Ис Анкарайæ 250 километры æддæдæр. Фыдæлтыккон æгъдаумæ гæсгæ дзы алы мыггаг дæр цæры хицæн сыхæй. Йæ хæстæджытæм дзы 1988 азы уыд Моститы-Хъаныхъуаты Ленæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы цæры 142 ирон хæдзары. Уыдонæн культурон-административон уагдæттæй Пойразлыйы æрмæстдæр уыдис мæзджыт, райдиан скъола, дыууæ дуканигонды æмæ цайцымæндон.

Хъæуы цæрынц 18 ирон мыггаджы. Ацы мыггæгтæй махмæ Ирыстоны иуæй-иутæ сты тынг стæм кæнæ бынтон æбæрæг. Мостионы хабæрттæм гæсгæ, хъæуы аст хæдзарæй цæрынц Хъоцхаратæ, иу уыйбæрц сты Кенатæ, стæй ма Дзыхъотæ, Дзансохтæ, Гадотæ, Марсентæ æмæ æндæртæ. Махмæ чи нал æмбæлы, ахæм мыггæгтæ цæрынц Турчы æндæр хъæуты æмæ сахарты. Афтæ уымæн уыдаид, æмæ ацы мыггæгтæ æдæппæтæй алыгъдаиккой сæ рæстæджы. Нал хъуысынц сæ нæмттæ не ‘хсæн æмæ сыл уый адыл дис кæнæм.Туркаг интеллигенцийы ирон минæвæрттæй иутæ, зæгъæм, Бады Елхъан, куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй уым цæры сæдæ ирон мыггагæй фылдæр.

Турчы ирæттæ сæхи мидæг архайынц сæ æцæг мыггæгтæй, ома, иронау куыд хъуысынц, афтæ дзургæйæ. Ныртæккæйы адæм сты фыццаг æрлидзджыты цыппæрæм фæлтæр. Фæлæ уæддæр уыдон хорз зонынц канд сæ ирон мыггæгтæ нæ, фæлæ ма се стыр фыдæлтæ Ирыстоны кæм цардысты, уыдæттæ дæр. Æрмæст бафиппайын хъæуы, уыцы иу рæстæджы официалон гæххæттыты пайдагонд кæй цæуы туркаг мыггæгтæй. Зæгъæм, Кодзыртæ туркагау фыст æрцыдысты Октар (Oktar), Золойтæ – Айдогъан (Aydogan), Кезитæ – Гезай (Gezay), Дзансохтæ – Кылыдж (Kılıc), Pyбайтæ – Езбай (Özbay), Цъæхилтæ – Алпай (Alpay) æмæ афтæ дарддæр.

Иуæй-иу мыггæгтæ фыст æрцыдысты æртæ хуызы. Дзырдæн, зæгъæм, Хосонтæ сæхи фыссынц: иутæ – Албай (Albay), иннæтæ – Егюн (Ögün), æртыккæгтæ – Хошкан (Hoşkan).

Турчы цæрæг ирæтты цардуаг зонадон æгъдауæй никуы ничи иртæста. Чындзæхсæвы хабæрттæ радзырдта Мостион. Измиры сахары Хъуысатæ æмæ Тугъантæ куыд бахæстæг кодтой, уый йæхи дыууæ цæстæй федта, суанг ма дзы кафгæ дæр акодта. Йæ мысинæгтæ уыдысты «Рæстдзинад»-ы (13.05.1988 аз). Цы æрмæджытимæ базонгæ дæн, уыдонæй хатдзæгтæ скæнæн ис ирон æгъдæутты тыххæй. Сæ уагæвæрд цыдæр ивддзинæдтæ баййæфта.

Ахæм ивддзинæдтæ баййæфтой кусарты кадджын хæйттæ дæр. Ома, сæр æмæ бæрзæйы ахадындзинад дæллоз æрхаудис, мах æгъдæуттимæ абаргæйæ. Уыдон дæр фынгыл æрæвæрынц хуымæтæджы хæринагау. Æнæмæнг, æнусæй фылдæр Ирыстоны зæххæй æмæ адæмæй иппæрдæй кæй фæцардысты, уый сыл фæзынд. Уыцы-иу рæстæг пысылмон дин æмæ йæ уагдæтты дæлбар кодтой сæ цардуаг æмæ æгъдæуттæ.

Ам бахахх кæндзынæн иу хъуыддаг. Цымыдисаг уый у, æмæ пысылмон дины фæзындтæн уыд дыууæ хуызы ахадындзинад. Уый зæгъынмæ хъавын, æмæ ирон æгъдæуттыл пысылмон тæваг дыууæрдæм фæзынд. Æз æй куыд æмбарын, афтæмæй иуæй-иу ирон æгъдæуттæ сæфгæ кæнæ ивгæ фæкодтой, иннæтæ та фидардæр фесты. Мах не ‘рвылбон царды куыд зонæм æмæ уынæм, афтæмæй ирон фынгыл рагæй-æрæгмæ зынгæ бынат ахстой карз нозтытæ. Мæхæмæт-пехуымпары фæдонтæн та сæ дин æрмæст сæ кой дæр стыр тæригъæдыл нымайы. Ома, фалæ ирæттæ нозты хабар зонынц, фæлæ йæм æмхиц не сты, мах ыл куыд баст æмæ æнувыд стæм, афтæ.

Иннæмæй та зæгъын хъæуы, æхсæнады мидæг хидарыны æгъдау уыцы ирæттæ бахъахъхъæдтой иттæг хорз, раст фыдæлтау. Мах ма бирæ цыдæртæ хъæуы уыдонмæ, æвзæр нæ уаид, ацы хъуыддаджы сæ куы бафæзмиккам, уæд. Уæлдай ирдæй сæ ирондзинад разыны хистæр æмæ кæстæры, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ‘хсæн ахастдзинæдты æмæ ирон æфсармы æндæр æууæлты. Æрмæст ам æнæмæнг фæзынди туркаг этикеты æндæвд. Фæстаг азты Турчы ирæтты фæдонтæм гуырын райдыдта зæрдиаг цымыдисдзинад сæ истори æмæ сæ культурæмæ. Ацы стыр æмæ ахадгæ хъуыддаджы тынг ахъаз бакодтой туркаг интеллигенцийы ирон минæвæрттæ. Бирæ не сты, фæлæ сæ архайд у хъомысджын. Зонындзинæдтæм ирæтты стыр тырнындзинадæн æвдисæн у Стамбулы цæрæг Сæбæтхъуаты Рамазаны (Aslan) радзырд. Уый райгуырд гыццыл ирон хъæу Къæдзæхысуадоны, сахар Иозгаты цур. Уым цардис 60 ирон хæдзарæй фылдæр. Хъæуы цæрджытæй рацыдысты дыууæ инженеры, иу афицер, æртæ экономисты, астæуккаг æмæ райдиан скъолайы фондз ахуыргæнæджы. Рамазан йæхæдæг каст фæци Измиры университеты биологион факультет. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта сахар Эйслинген Филсы, Германы. Ацы æрыгон адæймаг æмбырд кæны ирон адæмон сфæлдыстад, йæ мадæлон æвзагыл фыссы æмдзæвгæтæ.

Иронау аивадон уацмыстæ фыссын фæлварынц цалдæрæй. Сæ уацмыстæй цыдæртæ мыхуыры рацыдысты махмæ Ирыстоны дæр.

Кæсæг уым тынг бирæйæ цæрынц, милуанмæ æввахс, фæлæ сæ бон баци æрмæстдæр иу скъола байгом кæнын. Уæдæ ирæттæ та куыд архайынц? Ацы фарсты фæдыл æрхæсдзынæн дыууæ хабары. Самы сæйраг сахар Дамаскы цалдæр азы размæ куыста адæмон скъола. Йæхи хъæппæрисæй йæ байгом кодта Æлбегты Азæмæт. Алы майрæмбоны, къуырийы улæфæн бон Дамаскы цæрæг ирæттæ ахуыр кодтой мадæлон æвзаг æмæ нырыккон ирон фыссынад. Стамбулы туркаг æвзагыл цæуы кавказаг альманах «Yamçı» (Нымæт). Хъаныхъуаты Ремзи дзы иу номыры ныммыхуыр кодта, ныртæккæ мах цы абетæ ахуыр кæнæм, уыцы дамгъæтæ (asetin alfabesi) хицæн цæвиттонтимæ дыууæ æвзагыл – туркагау æмæ иронау. Турчы ирæтты ныхæстæм гæсгæ, ацы æрмæг бирæты фæхæстæгдæр кодта, махмæ Ирыстоны цы литературæ уагъд цæуы, уымæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбаргæ адæймæгты бинонты ирон æвзаг зонынц суанг сабитæ дæр.

Турчы цæрæг ирæттæ хорз æмбарынц, нæ гыццыл адæмы тых иудзинады кæй ис, уый. Сæ хæсыл нымайынц кæрæдзийæн æххуыс кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.