Фæстаг азты дунейы бирæ бæстæты цы æбуалгъ митæ сытынг, уыдонæй иутæ сты террористон цаутæ. Цæмæн афтæ у æмæ террористæ чи сты, уый тыххæй нæ уацхæссæг ныхас кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты педагогикæ æмæ психологийы кафедрæйы декан Гæззаты Мадинæимæ.

— Мадинæ, цалынмæ мæ ацы уац ныффыссынмæ не ‘рæвнæлдтон, уæдмæ фембæлдтæн нæ горæты цæрджытæй бирæтимæ. Радтон-иу сæм фарст, чи сты террористтæ. Кæд сæ дзуаппытæ уыдысты алыгъуызон, уæддæр иу уыд сæ хъуыды, зæгъгæ, уыдон адæймæгтæ не сты. Дæ хъуыды та цахæм у ацы фарсты тыххæй?

— Раст дын дзырдтой, уымæн æмæ уыдон æппæт дæр сарæзтой, цæмæй сæ ист æрцæуа адæймаджы кадджын ном. Террористтæ, сæйраджыдæр, свæййынц уыдон, кæцытæм æвзонгæй фæстæмæ вæййы фыдракæндон архайдтытæм æвзыгъддзинæдтæ. Се ’хсæн вæййы алыгъуызон дæсныйæдты адæймæгтæ. Арæхдæр та царды йæ къухты æнтыст кæмæн нæ бафтыд, фæлæ йæ ном хъуыстгонд кæмæн уа, уый кæй фæнды, ахæмтæ. Сæ раздзогтæ арæхдæр вæййынц, политикæ, спорт æмæ æндæр дæсныйæдты минæ-вæрттæй бæрзонд схизын кæй фæндыд, фæлæ уыимæ йе ’нтыстытæй зæрдæ кæмæн нæ барухс, ахæмтæ. Террористон къордты раздзогтæ тынг хорз æмбарынц, цы стыр æнамонддзинады фæндагыл лæуд сты æмæ сæхæдæг сæ сæххæст кæнынмæ нæ цæуынц.

— Афтæ мæм кæсы, æмæ террорист цалынмæ террорист не свæййы, уæдмæ дæр раст зондыл хæст нæ вæййы. Ацы фарсты тыххæй та цахæм у дæ хъуыды?

— Се ’хсæн ахæмтæ дæр вæййы, фæлæ уыдон сты къаддæр. Арæхдæр та хорз аразын кæй бон нæу, фæлæ историйы баззайын кæй фæфæнды, ахæмтæ. Террористтæ арæхдæр фæзынынц, æхсæнад сабыр кæм нæ вæййы, цард кæм сызмæст вæййы æмæ фыдракæнд саразын æнцон кæм свæййы, ахæм бынæтты. Бирæтæ террористон акттæ фæаразынц бинонты æдасдзинады, æхцайы æмæ æндæр ахæм цæйдæрты тыххæй, фæлæ арæхдæр, сæ зондахаст сын æппæтмæ дæр кæй фæивынц, уый тыххæй.

— Афтæ мæм кæсы æмæ террористæн нæдæр ныфс истæмæйты бавæрынц æмæ сæ нæдæр тæрсын фæкæнынц, фæлæ сын сзыгъуыммæ кæнынц сæ зонд, фæзонынц æмæ ма фæуынынц, æрмæстдæр, цы хæс сын бакæнынц, уый æмæ йæ феххæст кæнынц.

— Уымæй раст зæгъыс. Террористон архайдмæ сæ чи цæттæ кæны, уыдон сын сæйраджыдæр фæивынц сæ зондахаст. Уый сæ къухы куы бафты, уæд семæ кусын вæййы æнцондæр. Террористтæн сæ фылдæр хай вæййы, æвзонгæй сидзæр чи баззайы, кæннод та бынтон сидзæрæй бирæ рæстæг чи хъомыл кодта, уыимæ дзæвгар тас æмæ зындзинæдтæ чи бавзæрста, ахæмтæ.

— Раздæр террористон цаутæ уыдысты бирæ къаддæр, стæй ахæм стыр æмæ карз дæр нæ уыдысты. Куыд хъуыды кæныс, цас ахæсдзæнис ахæм рæстæг, уавæр кæд фæсабырдæр уыдзæнис?

— Раст у, раздæр ахæм æнамонды хабæрттæ уыдысты бирæ къаддæр, кæд-иу уыдысты, уæддæр-иу не ’рхастой ныры хуызæн стыр зиæнттæ. Терроризм кæй стыхджын, уымæн сæйрагдæр аххосæгтæй иу у уый, æмæ æхсæнады фæтк æмæ æгъдау бирæбæрцæй кæй фæцудыдта. Бирæтæ банкъардтой уæгъдибардзинад æмæ дзы пайда кæнынц. Ахæм рæстæг цас ахæсдзæнис, уый нæу æцон зæгъæн, фæлæ куынæг кæй æрцæудзæнис, уымæ æз кæсын æнхъæлмæ.

— Террористтæ цы бинонты ’хсæн схъомыл вæййынц, уым цахæм вæййы сæ царды æмвæзад. Чизоны сæ фырмæгуыр æмæ тыхстæй бафтынц ахæм фæндагыл. Сæ хъомылгæнджытæ та куыд фæдарынц сæхи?

— Æцæг мад æмæ фыды алы хатт дæр фæфæнды æмæ сæ кæстæртæ уой æнæниз æмæ цæрой бирæ азты, хорз хъæбултæ хъомыл кæнгæйæ. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ хъомылгæнджытæ сæхæдæг дæр цæттæ сты фыдракæндтæ саразынмæ. Ардыгæй дæр бæрæг у, ахæм хъомылгæнджытæн сæ кæстæртæ цахæмтæ уыдзысты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ахæм хъомылгæнджытæ дæр, кæцытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй сæ кæстæртæ лæуд ма уой фыдгæнæджы фæндагыл. Ахæм кæстæртæ та ныууадзынц сæ бинонты дæр, ацæуынц сæ цурæй æмæ феххæст кæнынц, цы къордмæ бацæуынц, уый разамонæджы домæнтæ. Вæййы ахæм цаутæ дæр, фыдгæнæг бамбары йæ рæдыд, раздæхы æмæ фæцалх вæййы растдæр фæндагыл, фæлæ ахæм цаутæ вæййы хæрзцъус. Ноджы ма йæ зæгъон, террористты ’хсæн вæййынц, уæдмæ дæр хъæздыджы ном чи хастой, ахæмтæ, фæлæ сæ фылдæр хай вæййынц мæгуыр æмæ цардæфхæрдтæ.

— Иу рæстæджы кæйдæрты цур террористы бинонты тыххæй афтæ зæгъын, зæгъгæ, террористау карзæй æфхæрын хъæуы, цы бинонты ’хсæн цард, уыдоны дæр æмæ мын уæд сæ иу афтæ зæгъынц, зæгъгæ, æмæ уæд дæуæй террористæй цы уæлдай ис, ды дæр куынæг кæныс адæмы æмæ уыдон дæр. Цахæм уыдзæнис ацы фарсты тыххæй та дæ хъуыды?

— Кæй зæгъын æй хъæуы, бинонтæ хæсджын сты, цæмæй се ’хсæнæй ма рацæуа адæмы знаг, фæлæ террористы тыххæй бинонты бафхæрын нæу раст. Алкæмæн дæр ис хисæрмагонд уд æмæ цард æмæ искæй тыххæй æндæры бафхæрын æппындæр раст нæу.

Гæззаты иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.