Нæ хъæуы хистæртæ-иу дзырдтой 1920 азты гуырдзиаг лæгмартæ Ирыстоны арты хай куыд фæкодтой, цы фыдмитæ кодтой ирон адæмæн, уыцы хабæрттæ.

Мæ фыды æфсымæр Мæргъиты Серож, Феликс æмæ Чермен-иу мын дзырдтой уæды хъуыддæгтæ.

Гуырдзиæгтæ Тлийы коммæ æрбафсæрстой сыхаг хъæу Ципраны фæндагыл. Фыццаг уал Хуссар Ципраны хъæумæ куы ссыдысты, уæд хъæуы кæй баййæфтой, уыдонæй кæй маргæ акодтой, кæй та йæ хæдзары басыгътой. Хъæуы фæсивæдæй æхсæнгарз кæмæ уыд, уыдон сæ ныхмæ бæргæ фæлæууыдысты, фæлæ нæмыгæй цух уыдысты æмæ сын уый фæстиуæгæн тыхгæнджытимæ кæронмæ стох кæнын фæзын. Знæгты къухты æхсæз лæппуйæ бахаудтой, уыдоны ‘хсæн: Гæззаты Аким, Сесе, Къола, Алыксандр, иннæты нæмттæ нал хъуыды кæнын, æмæ сæ Ципраны куыдзæппарæн къæдзæхмæ бастæй бакодтой, цæмæй сæ уым фехстаиккой. Ципраны куыдзæппарæн къæдзæх у стыр айнæг, йæ бæрзæнд сæдæ метры бæрц уыдзæнис, йæ тæккæ бын та зайы нæзы бæлæстæ.

Гæззаты лæппутæ куы бамбæрстой, лæгмартæ сын цы хъавынц, уæд сæрсæфæн былæй баст къухтимæ сæхи аппæрстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм айнæгæй агæпп кæнын æмæ ма сæрæгасæй аирвæзын стыр диссаг у! Хабар афтæ рауад, æмæ Аким, Сесе æмæ Къола удæгасæй баззадысты. Фыдцъæлтæ æмæ тугкалгæйæ куыддæрты æмæ хъæды сæхи бааууон кодтой. Уым цæмæй цардысты, уый зын зæгъæн у, фæлæ дзы æртæ къуырийы бæрц фесты. Хъæуы хæдзар нал баззад, афтæ кæмтты дæр, æмæ куыддæр амæлттæй цæгатмæ фæцыдысты. Уым дзæвгар рæстæджы рынчындоны фæхуыссыдысты æмæ та, Хуыцауы фæндæй, сæ къæхтыл слæууыдысты.

Дзаттиаты Алыксандр йæ мысинæгты куыд фыссы, афтæмæй Ципраны хъæу лæгсырдтæ басыгътой 10 июны, Бадзыгат æмæ комбæсты иннæ хъæуты та – 20 июны.

Ципраны фæндагыл лæгсырдтæ кæй æрбацæуынц, уый Бадзыгатмæ дæр æрбайхъуыстис æмæ хъæуы хæстхъом фæсивæд Мæргъиты Никъала, Тотыри, Къола æмæ æндæртæ æрдæгфæндагыл сæ разы бабадтысты фæндаджы фæйнæфарс æмæ знæгтимæ дыууæрдыгæй схæцыдысты. Фæлæ хуымæтæджы къæрæбинты хæдæхсты ныхмæ цас хъуамæ фæлæууыдаиккой. Кæд цалдæр тыхгæнæджы мæрдтæм барвыстой, уæддæр сæ фæстæмæ алæууын бахъуыд. Лæгсырдтæ ноджы сызнæт сты æмæ хъæумæ куы æрбаивæрзтысты, уæд, удæгасæй кæй уыдтой, уыдоны мардтой. Никæуыл ауæрстой, стырæй, чысылæй, сылгоймагæй, зæронд лæгæй, фыдмардæй сæ мардтой. Сæ иу хай та Тлигомы иннæ хъæутæ судзынмæ аздæхтой. Хъæубæстæ фæлыгъдысты хъæдтæм, сæ мулкæй ма цыдæртæ сæ къухы айстой, афтæмæй. Æнхъæлмæ кастысты, зæгъгæ, фыдгæнджытæ фæстæмæ куы аздæхой, уæд сæ хæдзæрттæм ‘рыздæхдзысты. Фæлæ гуырдзиаг тугдзыхтæ хъæуы хæдзæрттæ иууылдæр арты хай бакодтой, æгас хъæуæй ма æрмæст нæ басыгътой Мæргъиты Карумы хæдзар, уый уыдис Уырысы æфсады офицер æмæ йæ гуырдзыйæ чидæр зыдта, уымæ гæсгæ æвыдæй аивæрзт агъуыст. Хъæуы дзæвгар рæстæг баззадысты æмæ Карумы хæдзары цардысты. Хъæубæстæ уый куы федтой, сæ хæдзæрттæ сыгъд æрцыдысты, уæд ма сæ фосæй сæ къухы цы бафтыд, уыдон сæ разæй скодтой æмæ цæгатмæ ахызтысты. Чи Заманхъулы ‘рынцад, чи – Бирæгъзæнджы, чи та – Хъобаны. Хъæды ма чи баззад, цæгатмæ чи нæ ахызт, уыдон уыдысты Никъала, Тотыри æмæ йæ фыд Хъараман. Иу хъуг сæм уыдис, уый дыгътой æмæ уымæй цардысты. Хъараман иу рæстæджы сусæгæй хъæумæ æрхъуыззыд, уæрмы ма йын картоф аззад æмбæхст. Хъæумæ бæргæ æрхызт, картофтæ сисын дæр ын бантыст. Фæлæ, фæстæмæ здæхгæйæ, хъæугæрон Бæстыхæйтты къуылдымыл (бынаты ном) куы фæцæйхызт, уæд æй гуырдзиаг лæгмартæ суыдтой æмæ йæ фехстой. Хъараман ма йæхи дуры аууонмæ бæргæ баппæрста, фæлæ йæ буар сыхырнайы хуызæн ссис æмæ тугкалгæйæ зæххыл ахауд. Тотыри æмæ йæм Никъала дардæй кастысты, фæлæ йæм æввахс бацæуæн нæ уыд. Куы ‘рталынг, уæд æрхъуыззыдысты æмæ йæ хъæугæрон уæгъд сыджыты тагъдтагъд баныгæдтой.

Лæппутæ æнхъæлмæ кастысты, зæгъгæ, лæгмартæ хъæуæй ацæудзысты æмæ уæд Карумы хæдзармæ ‘рцæудзысты, фæлæ фыдгæнджытæ хъæуы бирæ рæстæг афæстиат сты. Иу рæстæджы дыууæ лæппуйы Балыгайы фæзы был (бынаты ном) бадтысты æмæ сæ хъæумæ кастысты, абырджытæ сæ уырдæм суыдтой æмæ та сыл ныккалдтой. Рог цæфтæ фесты, фæлæ хъæдмæ баирвæзтысты.

Афтæ цалдæр къуырийы бæрц хъæды цардысты, фæлæ абырджытæ хъæу нæ уагътой. Иу сæумæрайсом кæсынц, æмæ Карумы хæдзар дæр сау фæздæг скалдта. Цыбыр рæстæгмæ фæнык фестадис. Гуырдзиаг тыхгæнджытæ та фæстæмæ сæ фæндагыл аздæхтысты. Хъæуæй хæссынæн цы æнтыст, уыдон бæхтыл баккой кодтой, сæ къухы ма цалдæр стур дæр бафтыд æмæ уыдон дæр сæ разæй атæлæт кодтой. Тотыри æмæ Никъалайæн æрлæууæн бынат нал уыд æмæ уыдон дæр сæ хъæуккæгты æмæ бинонты фæдыл цæгатмæ ахызтысты.

Дыккаг аз, уалдзæджы, гуырдзиаг  абырджытæ Хуссар Ирыстонæй сырд куы ‘рцыдысты, уæд та хъæубæстæ фæстæмæ здæхыны фæнд скодтой. Фæлæ кæдæм цыдысты, уæуу, уыцы цыд. Кæмтты хæдзар, агъуыст нал баззад, сыгъд æмæ уырыд. Хæрд дæр кæм уыд. Æрмæст уымæй размæ аз цы хортæ байтыдтой, уыдон æнæкарстæй баззадысты æмæ сæ умæл зæххæй æрдæгæмбыдæй æфсиргай уыгътой æмæ сæ хурмæ сур кодтой. Нæмгуыты æфсиртæй хицæн кодтой æмæ-иу сæ афтæмæй донимæ фыхтой, сæ иннæ хай та сын дурæй дурмæ цъæл кодтой ссадæн æмæ-иу уымæй та хъæбæр кæрдзынтæ кодтой. Уыцы ссадæй кæрдзын зæрдæмæдзæугæ кæм уыдис, йæ сымæры ад «зæрдæ æппæрста», фæлæ сын хуыздæр кæм уыд. Сæ ахуыйæн-иу ивтой ногдзыд, хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæй: пысыра, гæнгæлы, цъоза, хуычъыйы сæр æмæ æндæртæ.

Фосæй дæр ма сæм цы уыдис, сæ фылдæры сын цæгаты фергæвстой, уым дæр хæлцæй цух æййæфтой æмæ ма кæмæ иу, кæмæ та дыууæ стуры баззад. Бадзыгаты дæс хæдзармæ ма дуцгæ хъуццытæ дæр уыд фондзы бæрц, галтæ дæр афтæ: дыууæ æви æртæ, кæцыдæртæм та бынтон ницуал баззад.

Уымæй размæ сæ хæдзæрттæ кæм уыдысты, уыцы бынтæ сыгъдæг кæныныл балæууыдысты, сæ систы дуртæ сын разынын кодтой æмæ уыцы къуымты, чысыл халагъудты рæстæгмæ цардысты.

Рæстæг куыд цыд, афтæ цадæггай æнæбары къуымтæ бацарæзтой æмæ уал сæ зымæг афтæмæй арвыстой. Уый фæстæ аз, се ‘муд куы ‘рцыдысты, уæд цард аразыныл ныллæууыдысты æмæ та ногæй стыр æмæ райдзаст бæстыхæйттæ суагътой.

Нæ дыккаг хæдзæртты лæппу Мæргъиты Феликс та мын радзырдта:

«Бадзыгаты хъæуы хæдфæстæ уыцы бон сыгъд æрцыдысты Тли, Дæллагхъæу, Хъугом, Уисто, Абаза, Тæгæр-джын æмæ Хъæдысæры хъæу. Комбæсты фæсивæдæй æхсæнгарз кæмæ уыдис, уыдон хъазуатонæй сæ ныхмæ бæргæ фæлæууыдысты, фæлæ сæм нæмыг фаг нæ уыд æмæ састы бынаты баззадысты. Комы цæрджытæ Брытъаты рагъыл фалæмæ фæлыгъдысты, сæ къухы ма цы айстой, уымæй дарддæр ницы ахастой семæ, æцæг сæ фос дæр знаджы къухы нæ бафтыдысты, сæ разæй сæ атардтой цæгатмæ. Ацы хъæуты хæдзæртты цыдæриддæр хæссынæн бæззыд, уыдон Тлийы хъæумæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ иу хæдзары байдзаг кодтой, иннæ дыууæ хæдзары та цæргæ кодтой. Зымæг ам лæууынвæнд кодтой. Хъæубæсты цæр-джытæ иууылдæр цæгатмæ ацыдысты æмæ алы бынæтты æрæнцадысты. Мæргъиты Филим бынтон æвзонг лæппу уыдис, æнудæсаздзыд, фæлæ хивæнд æмæ уый цæгатмæ нæ акуымдта, цардис хъæды лæгæты æмæ хъæддаг гагадыргътæ æмæ кæрдæджытæй ахуыйæн кодта. Ныфс æй уыд, гуырдзыйы меньшевиктæ тагъд кæй аздæхдзысты. Фæлæ кастис æмæ цæуынвæнд куы нæ кодтой, уæд иурæстæджы аууæтты-аууæтты хъæумæ æхсæвыгон бахъуыззыд, дыууæ меньшевикы фæсвæд лæууыдысты. Уый сыл йæхи цæргæсау ныздыхта æмæ дыууæйæ дæр зæххыл сымбæлдысты, сæ хотыхтæ сын байста, байста ма сын сæ нæмгуытæ дæр æмæ сæ хъамайæ хуыйы æргæвст скодта. Филим ма хъавыдис меньшевиктæм хæдзармæ бабырсын, фæлæ йæ уæдмæ сæ куыйтæ б-фиппайдтой æмæ сæ рæйынмæ гвардионтæ æддæмæ ракалдысты. Се ‘мбæлттæм хъæр кодтой, фæлæ ма кæцæй, хъæугæрон мæрдвынæй кодтой. Фæйнæрдæм талынджы бирæгътау апырх сты, æмæ сæ мæрдтыл афтæмæй бам-бæлдысты. Уый фенгæйæ, ноджы сыз-нæт сты æмæ фæйнæрдæм æхсын райдыдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, Филим уæдмæ ададжы бамбæхст æмæ йыл нæмыг нæ ауад. Ныфс дзы бацыд, йæ къухы уыд мигæнæнтæ æмæ ссæдз нæмыджы. Алы æхсæв дæр Филим йæ хъæумæ цыд лæгсырдтыл цуан кæнынмæ æмæ дзы алы цуанæн дæр иу кæнæ дыууæ мардта. Æвзонг уæвгæйæ, тынг ныфсхаст æмæ рæстдзæвин уыдис, йæ нæмыг та дзæгъæлы никуы уагъта. Цалынмæ йæ нæмгуытæ фесты, уæдмæ сæ æхсæвæй, бонæй сусæгæй цагъта. Хæмпæлгæрдæджы æхсæнты-иу сæм схъуыззыд æмæ сæ æддæмæ кæсыны бон нал уыд. Филим ма бæргæ архайдта, цæмæй ма нæмгуытæ йæ къухы бафтыдаид, фæлæ йын уый нал æнтыст, уымæ нæ кæсгæйæ, йæ амæттæгты æрдæг фæкодта. Мæйы бæрц ма фесты гвардионтæ Тлийы хъæуы, фæлæ сæ Филим уынгæджы кодта, донмæ рахизын дæр сæ нал уагъта æмæ суынгæджы сты бынтон, стæй нымæцæй дæр авд æви астæй фылдæр нал уыдысты. Иу бон райсомæй тагъдтагъд сæхи ацæттæ кодтой, цы æртæ хæдзар ма дзы уыд, уыдоныл арт бандзæрстой, комбæсты хæдзæрттæй цы мулк æрбамбырд кодтой, уый дæр арты хай бакодтой æмæ сæ сæртæ фесæфтой. Филим ма дзы бæргæ æрфæлдæхтаид, фæлæ йæм нæмыг нал баззад. Комы мидæг хæдзæртæ, æгæрыстæмæй, мæнгагъуыстытæ дæр кæй нал баззад, уымæ гæсгæ Филимы дæр цæгатмæ ацæуын бахъуыд. Стæй дыккаг аз зымæджы Сырх æфсад хуссармæ куы ‘рцыдысты, уæд та комбæстæ сæ сыгъд уæзгуытæм здæхын байдыдтой æмæ та ногæй кæрæдзи фæрцы цард аразыныл ныллæууыдысты».

Мæргъиты Ирбег, ХИЗИИ-йы зонадон кусæгон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.