Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон политикæ, уыцы нымæцы æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы дæр, рахызт ног æмвæзадмæ, кæцы здæхт у цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæнын æмæ сфидар кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæныныл чи архайы, уыцы сæйраг орган у Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад. Уый ифтонг кæны закъондæттынадон базæ, контроль кæны æнæниздзинад хъахъхъæнынады систе-мæйы куыстыл, бæрæг кæны бакæнгæ лæггæдты гъæд, афтæ ма йæ хъус дары фармацевтон фæрæзты гъæдмæ æмæ сæ рæстæгыл республикæйы медицинон уагдæттæм фæхæццæ кæнынмæ.

 Æнæниздзинады фадыджы хъуыддæгтæ куыд сты æмæ  йæ райрæзты тыххæй цы арæзт цæуы, уый тыххæй радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги.

– Георги Феликсы фырт, дæ хорзæхæй, радзур-ма, министры бынаты кусгæйæ цы проблемæтæ аскъуыддзаг кодтай, уыдонæй кæцы уыд вазыгджындæр?

– Иууыл вазыгджындæр – адæмæн бауырнын кæнын, республикæйы медицинон лæггæдты гъæд, уыцы иурæстæджы йын йе ‘мвæзад æмбæлон стандартмæ схизын кæнын.

– Горæты стоматологон поликлиникæйы акци «Сывæллæттæн æнæаргъ стоматологон хос кæнын» сорганизаци кæныны хъуыды ды æрымысыдтæ. Цæмæ дæм сæвзæрыд уыцы хъуыды?

– Уый у дохтырты стоматологон æмæхсæнады минæвæртты иумиаг хъуыды. Йæ аххосаг уый у, æмæ скъоламæ ахуырдзауты цæттæ кæныны факт (формæ, скъолайон æрмæджытæ æлхæнын æмæ а.д.) æмбарынæй дарддæр æнæмæнгхъæуæг сты хуымæтæджы æмæ уыцы иурæстæджы эффективон хосгæнæн лæггæдтæ стоматологийы фадыджы. Уый тынгдæр актуалон у æххуысхъуаг, бирæсыввæллонджын бинонты сывæллæттæн, кæцытæн дæндæгты дохтырмæ цæуын, уымæйдæр ног ахуыры азы къæсæрыл, гæнæн ис æмæ æргъæвд æрцæуа бирæ рæстæгмæ, уымæй дæр финансон фæрæзты хъуагдзинады аххосæй.

– Сывæллæтты республикон рынчындон кусы ныр фондз мæйы. Зæгъма, дæ хорзæхæй, ацы медицинон уагдон ифтонггæрзтæй куыд ифтонг у, уый дзуапп дæтты нырыккон стандарттæн? Ацы проект йæхи куыд раст кæны?

– Инвестицион программæйы фæлгæтты фыццаг стыр медицинон объект эксплуатацимæ ратгæйæ (рады лæууынц операцион-хирургион корпус æмæ гуырæн хæдзар), бакæнгæ æххуысы гъæд дырысæй фæхуыздæр кæнынмæ кæд цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты, уæддæр диссаг не ‘рцыд æмæ нæдæр æрцыдаид. Иууылдæр æй хорз æмбарынц, медицинон фадыджы, уыцы нымæцы сывæллæты рынчындоны дæр,  кардиналон ивындзинæдтæн хъæуы куысты ног уавæртæй дарддæр персоналы квалификаци фæбæрзонддæр кæнын æмæ æвзæнгты кадрон потенциал æрбаздахын. Нырыккон материалон-техникон базæ, медицинæйы ног технологитæ æмæ дохтырты комплектондзинад ныфс дæттынц фыдыбæстæйон æнæниздзинад хъахъхъæныны рацаразынæн, кæцымæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц нæ бирæ хъизæмæрттæ баййафæг Райгуырæн бæстæйы цæрджытæ се ‘ппæт дæр.

Банысан ма мæ фæнды уый, æмæ мæнмæ гæсгæ, хорз уыдзæн амбулаторон æмæ стационарон службæтæ кæрæдзимæ æввахс куы уаиккой, уæд уый. Ныфс мæ ис, æмæ цæрджытæ дæр æвæрццагæй аргъ кæнынц уыцы фактæн.

– Проблемæ ис ацы уагдоны кадрон ифтонгады?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, ис. Æмæ æрмæст уым нæ. Æгæрыстæмæй медицинæйæ дард чи лæууы, уыцы адæймагæн дæр æмбæрстгонд у, иу кæнæ иннæ уагдоны кадртæй сифтонг кæнын нæ нысан кæны куысты эффективондзинад. Фæстаг 2,5 дæс азы дæргъы объективон аххосæгтæм гæсгæ, хъыгагæн, мах хъусын кæнæм бакæнгæ æххуысы гъæд кæй æвзæрдæр кæны æмæ уый æрмæст медицинæйы фадыджы специалистты аххос нæу. Бирæ рæстæджы дæргъы медицинон кондады нæ уыд финансон-хæдзарадон архайд планкæнынад æмæ цы кадрон политикæйы кой скодтон, уый здæхт у дефицитон дæсныйадты баивынмæ. Æз иу мисхал дæр нæ дызæрдыг кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæныны системон кризис иуварс кæй æрцæудзæн, ууыл, æрмæст уый тыххæй хъæуы министрады, дохтырты æмæ республикæйы къухдариуæгады иумиаг тыхтæй кусын. Ис ма иу æнæмæнгхъæуæг фактор – уый у рæстæг. Иу мæймæ, æрдæг азмæ кæнæ афæдзмæ дæр нæй гæнæн уавæр æнæхъæнæй рараст кæнын. Уый æмбаргæйæ, мах иууылдæр хъуамæ кусæм дывæр энергийæ æмæ хисæрмагонд тыхтыл нæ ауæрдгæйæ.

– Цалдæр мæйы дæргъы республикæйы ис хосгæнæн фæрæзты дефицит. Цæмæн афтæ рауад æмæ ацы проблемæйы куыд аскъуыддзаг кодтат?

– Нырма раджы у дзурæн, проблемæ боны фæткæй ист кæй æрцыд, уый тыххæй. Уыимæ тынг хорз æмбарын, медикаменттæ кæй хъæуы, уыцы пациентты, уæлдайдæр та сæкæры диабетæй, онкологион æмæ æндæр низтæй рынчын чи сты, уыдоны нæ фæнды, цæмæй хъуыды кæной «хосты» проблемæйыл, уымæн æмæ бынтон растæй æнхъæлмæ кæсынц хосгæнæн препараттæ бæстæмæ рæстæгыл æрласынмæ. Æз ныртæккæ бæлвырдæй комментари нæ дæтдзынæн, фæнды мæ æрмæстдæр цæрджытæн ныфс бавæрын,  Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раз республикæйы разамынад цы хæс æрæвæрдта ацы фарсты фæдыл, уый у сæйраг æмæ мах æгасæй дæр кусæм йæ аскъуыддзаг кæныныл. Октябры мæйы мах фæнд кæнæм  сæйрагдæр хосгæнæн препаратты рæстæгыл ласыны проблемæ аскъуыддзаг кæнын æмæ дарддæр фадат мауал уа æвзæрмæбæлджытæн, æххæсткæнынадон хицауиуæгады кæй ницы архайынц, уым аххосджын кæнын.

– Арæх вæййы чрезвычайон ситуацитæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй медицинон æххуыс кæмæн хъæуы, уыдоны хос кæнынмæ Гуырдзыстонмæ куы арвитынц. Фæстаг рæстæджы ахæм цаутæ фæарæхдæр сты. Цæмæн сæвзæрыдис ахæм ситуаци?

– Гуырдзыстонмæ рынчынтæ ласыны ситуацитæ фæзынынц, æндæр гæнæн куынæуал вæййы, æмæ бæстæйы хосгæнæн уагдæтты медицинон æххуыс бакæныны фадат куынæ вæййы, уæд. Ноджыдæр ма фæлхатт кæнын, æрмæстдæр экстренон æххуыс бакæнынæн. Æмбæстæгтæ арæхæй-арæхдæр бахатынц цæмæй æрвыст æрцæуой планон медицинон басгæрстмæ æмæ хос кæнынмæ. Ахæм цауты мах бахъæуы уыдонæн сæ фæндыл не сразы уæвын. Уыимæ уыцы æмбæстæгтæн бар лæвæрд цæуы, цæмæй пайда кæной альтернативон фадатæй  Гуырдзыстонмæ Æфсæддон-гуырдзиаг фæндагыл ацæуынæн. Фыдыбæстæйон медицинæйæн ахæм мæгуырау тенденци фæивæн гæнæн ис зонындзинæдтæ хуыздæр кæнын æмæ медицинæйы специалистты компетенцийы руаджы, афтæ ма медицинон æххуысы гъæд бæрзонддæр кæныны руаджы. Уый та у алы дохтыры намысы хъуыддаг дæр.

– Хуссар Ирыстоны карзæй лæууы туберкулезон æмæ психиатрон рынчындæтты арæзтады фарст. Ацы здæхты исты мадзæлттæ ист цæудзæнис?

– Туберкулезон диспансеры алыварс быцæутæ цырын кæнынц æнæкомпетентон адæймæгтæ кæнæ та, цахæмдæр интерестæй разамынд чи кæнынц, ахæм адæймæгтæ, уымæн æмæ рынчындонон комплексы территорийыл уартæ Советон системæйы рæстæгæй кæй ис, уый мæнмæ ницы дызæрдыгдзинад æвзæрын кæны (санэпидемиологион нормæтæ хъахъхъæныныл контроль уыд бирæ карздæр). Æндæр хъуыддаг у, бæстыхай кæй хъæуы цалцæг кæнын, аппаратурæйæ сифтонг кæнын æмæ уый фæстæ цæттæ уыдзæн æххæстæй рынчынтæн лæггад кæ-нынмæ.

Æндæр ситуаци ис, бæстæйы цæрджытæн дызæрдыгдзинад чи не ‘взæрын кæны, уыцы психиатрон стационары арæзтады æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Ацы фарст нырма кæронмæ скъуыддзаг нæу, ацы здæхты куыст цæуы.

– Республикæйы ис, медицинон уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæн куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уыцы проблемæ. Уæ фидæны коллегæтæ ифтонг æрцæудзысты кусæн бынæттæй?

– Нырма нæй, регионæн æмбæлон чи уа, ахæм ахъуыдыгонд кадрон политикæ. Сусæггаг нæу, бирæ азты дæргъы ахуыр кæнынмæ лимиттæ дæттыны фæдыл лидер кæй уыдис стоматологион здæхт. Æмæ абоны бон, стоматологтæ фагæй фылдæр куы сты, уæд мах æнкъарæм æндæр здæхтыты специалистты дефицит, кæнæ та бынтондæр кæй не сты. Уымæ гæсгæ фидæны дохтырмæ профессионалон домæнтæй дарддæр, кæцытæ кæндзысты карздæр, цæмæй куысты бынæттæ ссарой, уый тыххæй хъæуы дефицитон дæсныйæдты фæдыл компетентон уæвын. Æндæр уавæрты кусæн бынæттæй ифтонг кæнын баст уыдзæн профессионалон конкуренциимæ.

– Медицинон кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл хъуыддæгтæ куыд сты?

– Фыццаг рады  боны фæткы ис нырыккон диагностикон ифтонггæрзтимæ рынчындоны ног операцион-хирургион блокы куыстмæ бацæттæ кæнын. Фыццаградон хæс æз уынын куысты ног уавæртæм архайæг специалистты бацæттæ кæнын æмæ нырыккон технологитæ хынцгæйæ, медицинон æххуыс бакæныны фадæттæ арын. Плангонд цæуынц мадзæлттæ куыд бынаты, афтæ Уæрæсейы федералон медицинон уагдæттæм дохтырты арвит-гæйæ. Уымæй дарддæр ма квалификаци бæрзонддæр кæныны фæлгæтты ныридæгæн реализаци æмæ фидæнмæ план цæуынц куысты бынæтты комкоммæ ахуыр кæныны циклтæ (ома, республикæмæ уæрæсейаг специалистты æрхонгæйæ).

– Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цахæм аргъ кæныс æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйæн ныртæккæйы рæстæджы?

– Этикон цæстæнгасæй æз мæхиуыл фæхæцдзынæн мæ коллегæты куыстæн аргъ кæнынæй, фæлæ системæйы уавæр, иумиагæй сисгæйæ, хицæн здæхтытæй дарддæр тынг дард лæууы æвæрццаг аргъ ын скæнынæй.

Гаглойты Дзерассæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.