1992 аз, 20-æм май… Ирыстоныл та радон хатт рахæтыд йæ Хуыцау æмæ та йæ «уæздан» сыхæгты къухæй æрцыд уæззау трагеди. Уыц уæззау азты Хуссар Ирыстон æмæ Стыр Уæрæсейы цы иунæг фæндаг иу кодта, æмæ «Царды фæндаг» кæй рахуыдтам, уыцы фæндагыл ралæдæрстис ирон туг æмæ 36 æмбæстагæн ссис мæлæтхæссæг, сæ фæстаджы фæндаг. Нæй ферохгæнæн ахæм уæззау тугуарæн бонтæн, уыдон та Ирыстоны 25 азы геноциды дæргъы цъус не сты.  Гуырдзыйы неформалтæ æгъатырæй æрвылбон дæр иугай дыгай куынæг кодтой ирон адæмы, фæлæ, æвæццæгæн, тугмондаг  лæгджы фыдхортæм уый фаг нæ фæкаст  æмæ та уыцы бон дæр бакодтой ноджы дæр ахæм æбуалгъ ми. Уый Ирыстоны историйы фыст æрцыд æнаххос  æнахъом саби-тæ, зæрæдтæ æмæ сылгоймæг-ты сырх-сырхид тугæй. Уыдонæй уыцы сау бон алчи дæр рараст ис йæ хæдзарæй мæлæты фæндагыл æрвылæхсæв горæтмæ кæй æхстой æмæ тæссаг кæй уыд, уый тыххæй сæхицæн хуыздæр фæрæз агурæг кæд лыгъдысты,  уæддæр æнæнхъæлæджы сæ адзал ссардтой знаджы нæмыгæй. Гуырдзиаг тæппуд фашисттæ сæхи бааууон кодтой хъæды ʻхсæн æмæ уырдыгæй бабын кодтой 36 æнамонд хæдзары би-нонты.

Уыцы сау бон райсомæй Хъоцыты Назирæ Сарбеджы чызг дæр йæ цардæмбал Цхуырбаты Суренимæ  рараст «фæцу æмæ ма ʻрцу»-йы  фæндагыл. Ныу-уагъта йæ иунæг чызг Аллæйæн уæззау маст æмæ судзгæ цæстысыг цæргæ цæрæнбонтæм. «24 азы дæргъы мæ хæдзары бинонтæн 20 май у тынг уæззау бон… гæнæн куы уаид, уæдæй, æгæрыстæмæй, къæлиндарæй дæр фесафин. Уыцы бон æгас Ирыстоныл æрцыд æвирхъау трагеди æмæ уыцы трагедийы амæттаг фæци, мæнæн а-зæх-хыл æппæты зынаргъдæр, æппæты адджындæр чи уыд, уый  ме схъомылгæнæг мад Хъоцыты Назирæ. Æй ме схъомылгæнæг мад уымæн схуыдтон æмæ уый афтæ уыд. Хуыцауы фæндæй афтæ рауад, æмæ мæ ныййарæг мад æндæр сылгоймаг уыд, хъомыл та мæ Назирæ скодта. Æз мæхи тынг амодджыныл нымайын, ахæм сылгоймаг мæ кæй схъомыл кодта,  уымæн æмæ уый уыд, цард иттæг хорз чи æмбæрста, адæймаджы  фидæн цавæр хъуыддæгтæй рæсугъдгæнгæ у, уый тынг хорз чи зыдта,  ахæм сылгоймаг»,-  загъта Назирæйы чызг Цоциты Аллæ.

Назирæ йæ цард хæрзæрыгонæй баиу кодта Цхуырбаты Суренимæ, уыдысты тынг хъæр-муд бинонтæ. Фæлæ сын Мады Майрæм цæмæдæргæсгæ нæ бавзарын кодта ныййарæджы ад. Кæцыфæнды сылгоймагæн дæр ахæм хъуыддаг тынг зын у, фæлæ Назирæ æмæ Сурен сæ ныфс нæ асастой  æмæ се ʻввахс хион Аллæйы схъомыл кодтой сæхи хъæбулау. Аллæ каст фæцис Тбилисы медицинон инс-тиут, бахъахъхъæдта диссертацитæ æмæ ныр у Медицинон зонæдты доктор. Кусы Цхинвалы горæты поликлиникæйы сæйраг дохтырæй.

Коцты Назирæ йæ царды фылдæр æмбис куыста Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæгæй. Уыд тынг  зондджын, æгъдауыл хæст æмæ йæ Ирыстоны патриот. 35 азы дæргъы ацы скъолайы дуæрт-тæй цы хъомылгæнинæгтæ рахызт, уыдонæй алкæйы мысинæгты дæр Назирæ Сарбеджы чызг  баззад,  куыд уæздан сылгоймаг,  æмæ сæйраджыдæр та уый домдта бæрнон ахаст куыд ахуырмæ,  афтæ царды æппæт хъуыддæгтæм дæр. Назирæ кæд тынг домаг уыд, уæддæр уый сæйраджыдæр домдта йæхиц-æй æмæ стæй та æндæртæй. Домдта кæддæриддæр, цæмæй адæймаг цы фæндагыл слæууа, цы хъуыддаджы бæрны бацæуа, уымæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæса.  «Кæд хуыйæг дæ, уæд у тынг хорз хуыйæг, кæд дохтыр дæ – уæд та тынг хорз дохтырон», – уыд Назирæйы принцип.

Назирæ иуæй-иу ахуыргæнджытау хъæр ныхас никуы  кодта, нæ уарзта искæйы хъыджы бацæуын дæр, уый хыгъд уый йæ алы уайдзæф дæр дзырдта худгæбылæй æмæ фæлмæнæй. Уымæ гæсгæ йæм, æвæццæгæн, хъыг дæр никуы ничи кодта. «Æз мæхицæн æппæты тынгдæр æфхæрдыл нымадтон, На-зирæйы фæхъыг кæнын. Куы-иу бамбæрстон, уый æрæнкъард ис мæ аххосæй, уæд-иу æз мæхицæн бынат нал ардтон, кæд мæнмæ уый хыл дæр никуы скодта, уæддæр. Уæлдай тынгдæр та уарзта рæстдзинад, – рæстдзинад  ныхасы дæр æмæ хъуыддаджы дæр»- зæгъы Аллæ.

Назирæ æмгæртты ‘хсæн дæр уыд иузæрдион, нæ уарзта дихтæ кæнын æмæ уыд æнувыд хæлар.

Аллæ куыд загъта, афтæмæй сæ хæдзармæ знаджы дзæгъæл нæмгуытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты, цалдæр хатты та смидæг сты Назирæйы ха-тæны сынтæджы фарсмæ, фæлæ сæ уый нæ тарст. Йæхицæн бар нæ лæвæрдта, цæмæй гуырдзыйы æнæрцæф миты тыххæй уый, æгæрыстæмæй, йæ хуыссæн уат дæр фæива. Йæ Ирыстоны уарзта тынг бирæ æмæ кæддæриддæр архайдта йæ хæрзæ-бонæн.

Назирæ уыд ныфсхаст æмæ зондджын сылгоймаг.

«1990 азы гуырдзиаг неформалтæ нæ горæтмæ куы æрбафсæрстой «фæтк» æвæрынмæ, уæд махмæ дæр æрбадардтой сæ сæр æмæ ракодтой хæдзарæй мæ цардæмбал Тыбылты Сергейы æмæ йе ʻфсымæр Владимиры. Уæд горæты уынгтæ уыдысты йемыдзаг неформалтæй æмæ тынг тæссаг уыд уынгмæ рахизын дæр,  фæлæ Назирæ цавæрдæр амæлттæй æрхъуызыд махмæ æмæ йæ ныфс бахаста, цæмæй нæ ме ʻмкъайы зæронд мадимæ йæхимæ акæна. Уый фæстæ та бацархайдта ме ʻмкъай æмæ йе ʻфсымæры ссæрибар кæныныл»- радзырдта Аллæ.

Аллæ йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй Назирæ йæхи æппæты амондджындæрыл банымадта 1991 азы 4-æм майы Аллæйы фырт Сашæ куы рай-гуырд, уæд. Уый уæд загъта, фыццаг хатт кæй банкъардта хъæбулы ад, чысыл Сашæ та йын уыд йæ царды æппæты зынаргъдæр адæймаг, йæ фидæны царды нывтæ йын йæхинымæры бæстон кодта, хъавыдис дзы Ирыстонæн аккаг фырт схъомыл кæнын, фæлæ йын, хъыгагæн, æнтысгæ нæ бакодта.

Æндыгъд уавæр уыд 90-æм азты Хуссар Ирыстоны, нæ фаг кодтой царды уавæртæ, гуырдзыйы агрессивон архайдтыты фæстиуджытæ дæр тыхсын кодтой адæмы.  Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ иугай-дыгай лыгъдысты хуыздæр рæттæм цардагур. Сурен æмæ Назирæ дæр сфæнд кодтой Аллæ æмæ Сашæйы арвитын, фæлæ Аллæ нæ ацыд æмæ йæ хъæбулимæ арвыста йæ мады. Назирæ æмæ Саша къуырийы дæргъы фесты Дзауы Назирæйы мады хæдзары. Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад телеуынынады куы радзырдта, зæгъгæ, Цхинвалы хæцæнгарзæй нал спайда кæндзысты æмæ æхсæнахастытæ æрбæстон кæныныл куыст цæудзæн, уæд Сурен атагъд кодта йæ бинонты фæстæмæ ардæм æркæнын æмæ сæ 19-æм майы кæнгæ дæр æркодта. Фæлæ гуырдзыйы фæлитой къухдариуæгад, нæ разынд йæ ныхасы хицау æмæ та уыцы æхсæв дæр горæт уыд нæмыджы æхсты бын.

Уыцы сау боны райсомæй Сурен æмæ Назирæ сфæнд кодтой Аллæ æмæ йæ чысыл хъæбулæн Цæгат Ирыстоны цæрæнуат бацагурын æмæ сæ уырдæм арвитын. Тынг æвæндонæй араст сты сæ фæндагыл æмкъæйттæ уыцы æлгъыст бон… Назирæйæн уый уыд йæ царды фæстаг фæндаг, баци тугмондаг лæгхорты æгъатыр нæмыджы амæттаг.

Æвыдæй нæ аирвæзт йæ цардæмбал Сурен дæр. Тынг бирæ цæфтимæ æрдæгмардæй бафтыд дохтырты къухы æмæ аирвæзт мæлæтæй.

«Уыцы цауы фæстæ уый нал уыд раздæры хуызæн. Уыд цавæрдæр мæстыгæр, раздæрау фæлмæнзæрдæ æмæ æмгæрттæуарзаг лæг ныр сси мадзура, æмæ æппынæдзух уыд æрхæндæг. Мах-иу  арæх архайдтам, цæмæй нын уыцы тугæйдзаг хабары тыххæй бæстондæрæй исты зæгъа, фæлæ-иу уый сбустæ кæнгæйæ загъта: «Иронау дзырдтой, мауал мæ фæрсут ныр!», – радзырдта Аллæ.

Бирæ нал рацард Сурен дæр йæ цардæмбалы фæстæ. Фæтых ыл сты бирæ зæрдæйы æмæ нуæртты низтæ, хъыг æй дардтой йæ цæфтæ дæр æмæ 1996 азы уый дæр йæ цардæй ахицæн.

«Республикæйы къухдариуæгад 19 майы ауагъта фембæлд Зары трагедийы амæттæгты хиуæттимæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд æнæ-мæнг хъуыддаг, фæлæ мæ бон нæ бауыдзæн ма зæгъын, мæ зæрдæ кæй фæрыст иуæй-иу æмбæстæгты кæрæф миты тыххæй. Мах фем-бæлдмæ æрæмбырд стæм, цæмæй æрымысæм не сæфт æввахс адæмы нæмттæ, æгъатыр агрессорты амæт-таг  баисты, махæн æппæты зынаргъдæр чи уыдысты, æмæ абон, мæнмæ гæсгæ, мах нæхицæн хъуамæ бар ма радтæм, цæмæй уыдоны хъысмæтыл дур ныффæлдахгæйæ сæ номæй домæм нæхицæн цавæрдæр уавæртæ. Хъыгагæн, мах абон ивгъуыд афоны дзурæм уыдоны тыххæй, фæлæ сæ нæмттæ  ма хъуамæ уой рох. Уый æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ уыдон баисты трагедийы амæттæгтæ, фæлæ уыцы сау боны онг уыдонæй алчидæр цард Ирыстоны æмæ уыдысты не ʻмбæстæгтæ»,- загъта Аллæ.

Баззад Ирыстоны адæмæн дудаг цæфæй ацы трагеди, нæ разындзæн ахæм адæймаг, чи нæ фæхъыг кæны ацы уæззау бон Ирыстоны сæфт хъæбултыл.  24 азы дæргъы  20-æм май у Зары трагедийы амæттæгты мысæн бон æмæ баззайдзæн æнус-тæм нæ зæрдæты, нæ историйы тугæйдзаг фыстæй.

Рухсаг ут…

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.