Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы цыбыр æмгъуыдмæ иууыл фылдæр адæм кæм фæмард, уыдонæй иу уыд, 1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Гдулеты хъæумæ æввахс хъæды æрдузы цы стыр трагеди æрцыд, уый. Абон, 28-æм апрелы, ацы æвирхъау трагедийыл æххæст кæны 31 азы. Кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр уыцы уæззау уалдзыгон боны æнамонд хабæрттæ цъинагайрæгты зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, афтæ. Уыцы бон бершуеттаг гуырдзиаг лæгмарты къухæй иу уысммæ фæмард сты  авд бынтон æнæаххос ирон адæймаджы – Чертхъоты Славик, Бибылты Гиви уыдысты Гдулетæй æмæ Хуыбылты Отар, Зауыр, Дудайты Тенгиз (шофыр), Мæргъиты Тотыр, Хуыбылты Таймураз та – Цъинагарæй.  Цалдæрæй та фесты цæфтæ.

Ацы трагедийы чи бахауд, уыдонæй иу у Цъинагары хъæуы цæрæг Джиголаты Васили. Уый ахæм уæззау цæфтæ фæцис, æмæ йæ райдианы банымадтой мардыл. Немæ ныхас кæнгæйæ та йын сног сты уыцы трагикон цаутæ. Хъæууон лæгæн уалдзæджы æрбалæудимæ йæ куыстытæ фæдывæр вæййынц, кæрон сын нал вæййы. Джиголаты Васили дæр 31 азы размæ 28-æм апрелы, йæ хæдзарон куыстытæ кæнгæйæ, фехъуыста, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ быдырæй атардтой хъæубæсты фос. «Хабар фехъусгæйæ, рахызтæн уынгмæ. Кæсын, æмæ мæ рæзты ралидзы мæ сыхаг зæронд лæг Хуыбиаты Сосе (абон дзæнæттаг) йæ къухты хæцæнгарз, афтæмæй. Æз ын райстон йæ хæцæнгарз, бамбарын ын кодтон, зæгъын, дæ цахъхъæн лæгæн йæ бон не суыдзæн гуырдзиаг неформалты ныхмæ фæлæууын æмæ йæ арвыстон хæдзармæ. Мæхæдæг баиу дæн иннæ нæлгоймæгтæм, кæцытæ сбадтысты Газ-66 гуыффæйы», – йæ зæрдыл æрлæууыд Василийæн.

Фæдисы рацæуджытæм æлгъаг абырджытæ æнхъæлмæ кастысты къутæрты æрæмбæхсгæйæ. Уыдон уайтагъд æхсын райдыдтой цæугæ машинæйы. Гуырдзиæгты фыццаг ауыдта Мæргъиты Отар æмæ фæхъæр кодта, зæгъгæ, «акæсут, гуырдзиæгтæ уæртæ уым сты», фæлæ уайтагъд мæлæтдзаг цæф фæцис, нæмыг сæмбæлд йæ сæрыл æмæ ууыл фæцис йæ цард.

Джиголаты Василийы ныхæстæм гæсгæ дарддæр цаутæ афтæ тагъд цыдысты æмæ зын уыд сæ бахъуыды кæнын. Лæппутæй кæцыдæр рагæпп кодта цæугæ машинæйæ, фæлæ уый дæр уайтагъд фехстой. «Цалынмæ нæ амард, уæдмæ шофырæн йæ бон ссис машинæ æруромын æмæ нæ знæгтæ æхстой 15 минуты бæрц. Мæн фæндыд дзуаппон æхст фæкæнын, фæлæ куыддæр мæ сæр радардтон, афтæ мæ æхсын райдыдтой цуаноны хæцæнгарзæй æмæ сабантъытæ сæмбæлдысты мæ сæрыл, мæ цæсгомыл æмæ мæ туг ныссæххæтт кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, туг куы ауыд-тон, уæд фæтарстæн. Ме ‘мхъæуккæгтæй  иу – Хуыбылты Георги мæм фæхъæр кодта, цæмæй æрæмбæхсон. Машинæйы чи бадт, уыдонæй иутæ фæмард сты æмæ иннæтæ та фесты уæззау цæфтæ. Машинæйæ туг цыхцырæгау калд. Мæ туг схæццæ ме ‘мхъæуккæгты тугимæ, кæцытæ нырма уыцы райсом кодтой сæ царды плæнттæ. Æз уыйас туг никуы федтон, нæдæр ацы цауы размæ æмæ нæдæр уый фæстæ. Уый уыд тынг тæссаг цау, уый уыд бойнæ, дзыхы ныхæстæй йын зæгъæн нæй. Хуыцау бахизæд æмæ ма искуы нæ адæм ахæм тæссаг цаутæ сæхиуыл бавзарой», – радзырдта Джиголаты Васили.

Газ-66 фæстæ чи рацыд, Цъинагары уыцы иннæ цæрджытæ фехъуыстой æхстытæ æмæ тагъд кодтой æххуысмæ. Уæдмæ гуырдзиæгтæ алыгъдысты. Васили машинæйæ рабырыд æмæ йæ фæндыд æххуысмæ фæсидын, фæлæ æгæр кæй ныллæмæгъ, уымæ гæсгæ йæ бон не ссис фæхъæр кæнын. Се ‘мхъæуккæгтæ куы ауыдтой ахæм тæссаг ныв, уæд дзы бирæтæ алыгъдысты гуырдзиæгты фæстæ, иннæтæ та машинæмæ сгæппытæ кодтой,  уым сæрæгасæй искæйы ссарыны ныфсæй.

«Цъинагайрæгтæй иу, Хуыбылты Витали мæм æрбалыгъд æмæ мæ хъавыд къахæй фæцæф кæнынмæ. Уый мæ гуырдзиаг фенхъæлдта, уымæн æмæ мæ цæсгом здыйы схъистæ æмæ тугæй нал зынд. Хæцæнгарзыл фидар хæцыдтæн, афтæмæй мæ фæндыд мæ къух хæрдмæ сисын. Витали ахъуыды кодта, зæгъгæ, йæ фехсынмæ хъавын æмæ мын мæ къухыл ныллæууыд. Хорз уыд, æмæ мæ иннæ сыхаг уым разынд æмæ йæм фæхъæр кодта, ма йæм æвнал, уый Вася у, зæгъгæ. Лæппутæ иу гуырдзиаджы æрцахстой. Машинæйы уый бахъавыд фæрæт фелвасынмæ, фæлæ йын йæ къухтæ ацахстой лæппутæ», – дзырдта æнкъардæй йæ мысинæгтæ Васили.

Фæмардуæвджыты сæвæрдтой хицæн машинæйыл æмæ сæ аластой хъæумæ, æмæ цæфты та нырма баластой Дзукъаты хъæуы рынчындонмæ, фæлæ уæззау цæфтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтой Ленингоры рынчындонмæ сæ аласын.  Василийы цардæмбал Тасойты Венерæ куыд загъта, уымæ гæсгæ Вася хъуамæ аластаиккой Гуры рынчындонмæ, фæлæ йæ уый нæ ауагъта, зæгъгæ, уырдыгæй сæрæгасæй нал рацæудзæн. Ленингоры уæдмæ зыдтой æрцæугæ трагедийы тыххæй æмæ медперсонал йæхи цæттæ кодта цæфты райсынмæ. Рынчындонмæ цæугæйæ фæндагыл цæфтæй иууыл æвзонгдæр – Бибылты Гиви (Джими) лæгъстæ кодта Василийæн, цæмæй йын баххуыс кодтаид, фæлæ йæхæдæг дæр йæ туджы мæцыд æмæ йын цы хъуамæ баххуыс кодтаид. «Джими уыд уæззау цæф, йæ гуыбын иууылдæр уыд нæмгуытæй хуынчъытæ. Никуы мæ ферох уыдзысты, уыцы хъизæмаргæнæг, лæгъстæгæнæг цæстытæ, кæцыты баззад тасдзинад мæлæты размæ. Уый куыд æвзонг уыд, куыд тынг æй фæндыд цæрын… Тынг зын у, ахæм æвзонг лæппутæ куы амæлынц, уый æмæ уымæй дæр ахæм удхайраджы мæлæтæй», – йæ зæрдæ суынгæг Василийæн æмæ йæ цæстытæ баумæл сты.

Бибылты Гиви амард Ленингоры рынчындоны операцион стъолыл. Медперсонал æрæмбырд сты Джиголайы фырты алыварс, цæмæй уый уæддæр аирвæзын кодтаиккой мæлæтæй. Йæ пысултыл туг афтæ тынг ныхъæбæр æмæ  сæ бон не ссис сæ раласын æмæ сæ алыг кодтой хæсгардæй.

«Æппæт уыцы цауты хъуыды кæнын фрагментгай. Цалынмæ мæ рынчындонмæ ластой, уæдмæ мæ иу цæстæй нал уыдтон. Цæфты фæстиуæгæн, уыцы иурæстæджы фесæфтон авд дæндаджы, фæлæ сыл уæд хъуыды дæр нæ кодтон. Цалдæр сахаты фæстæ дохтыртæн сæ бон ссис мæ хъæдгæмттæй тугцыд æруромын, фæлæ мæ фындзы туг уæддæр цыд иу суткæйæ фылдæр. Дохтырмæ диссаг фæкаст сæрæгасæй кæй баззадтæн, уый. Уыдæттæ мын уый фæстæ дзырдтой мæ хиуæттæ, æз мæхæдæг ницы æмбæрстон æмæ ницы хъуыстон. Æгæрон бузныг дæн дохтыр-окулист Д.Ясеновайæ, кæцы мын бакодта фыццаг медицинон æххуыс», – дзырдта дарддæр Васили уыцы æнамонд боны цауты тыххæй.

Джиголайы фыртæн ахæм тыхджын рыстытæ уыд æмæ-иу дохтырты бахъуыд морфитæ йын саразыны сæр дæр. Йæ дохтыр æй хъуамæ арвыстаид Тбилисмæ, фæлæ уæдмæ фехъуыстой гуырдзиæгтæ Василийы амарын кæй фæнд кæнынц, уый. «Дохтыр нæ бафæдзæхста гуырдзиаг фашистты плæнтты тыххæй æмæ мæ ныр та сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ арвитын. Фæлæ мæ уавæр уыд уæззау æмæ цыдæр рæстæгмæ баззадтæн Ленингоры рынчындоны. Мæнæн мæ бон нæ уыд, æгæрыстæмæй, цæуын дæр æмæ-иу мын баххуыс кодта мæ фарсмæ палатæйы чи хуыссыд, уый – Хуриты Важа, уымæн та цæф уыд йæ уæхск, нæмыг ын цæртхуынкъ фæкодта йе уæхск.

Рынчындонмæ-иу мæм сусæгæй, æхсæвыгон æрбацыдысты мæ хиуæттæ – Хъодалаты Маисæ, Быценты Юри æмæ æндæртæ, уымæн æмæ Ленингоры бирæ дзырдхæссæг гуырдзиæгтæ уыд æмæ боныгон тарстысты. Дохтыр тынг тыхст, тарст гуырдзиæгтæй æмæ мын загъта, цæмæй сбадтаин, йæ зонгæйæ цы бæх ракуырдта, ууыл æмæ ацыдаин. Фæлæ нæм цалдæр боны фæстæ хъæуæй автобусыл æрбацыдысты æфсæддонтæ, немæ нын æдас фæндаджы тыххæй амынæттæй сбадын кодтой дыууæ бынæттон гуырдзиаг милиционеры (уый фæстæ сæ ауагътой). Цъинагары нæм æнхъæлмæ каст вертолет æмæ мæ аластой Цхинвалмæ, цыран мæ схуыссын кодтой республикон рынчындоны. Мæ рыстытæ нæ къаддæр кодтой æмæ мын Цхинвалы дæр арæзтой наркотикон буарадтæ. Уый фæстæ мæ аластой Дзæуджыхъæумæ æмæ уырдыгæй та – Мæскуымæ», – загъта уый.

Фæлæ Мæскуыйы дæр Василийæн йæ цæстыл операци нæ сарæзтой, тарстысты, бынтондæр æй куы фесафа, уымæй. Дохтырты бон не ссис  йæ буарæй йын нæмыджы схъистæ сисын дæр. Абоны онг дæр ныр 31 азы  йæ буары хæссы нæмыджы схъистæ. «Кæй зæгъын æй хъæуы, бузныг дæн Хуыцауæй удæгасæй кæй баззадтæн, уый тыххæй, фæлæ  никуы ферох кæн-дзынæн, мæ цуры цы лæппутæ фæмард сты, уыцы æвзонг адæймæгты. Уыдоны тынг фæндыд цæрын, фæлæ …», – йæ ныхас балхынцъ кодта тæссаг трагедийы бахауæг.

Фæстæдæр Джиголаты Васили хорзæхджын æрцыд РХИ-йы паддзахадон хорзæх – «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.