20 паддзахады саммиты цымыдисаг цаутæ

Украинæйы конфликт ныссабыр кæныны фæдыл дунейы хъомысджын политиктæй исчи баныхас кæнынмæ куы æрсиды, уæд æнæмæнг исты бæллæх æрцæуы. Ныр дæр та Индонезийы уагъд цæуæг саммиты Китайы лидер Си Цзиньпин æмæ ма æндæр бæстæты къухдариуæггæнджытæ загътой сæ хъуыдытæ, ома, хæст фæуыдзæнис æрмæстдæр бадзырдты фæстиуæгæн æмæ æвæстиатæй æрбадын хъæуы дыууæ бæстæйы къухдариуæггæнджыты, цæмæй аскъуыддзаг кæной хæствæллад адæмы хъысмæт. Ахæм ныхæсты фæстæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд.

15 ноябры дыууæ ракетæйы æрхаудтой Польшæйы Люблинскы воеводствойы Пшеводувы хъæуы æмæ дзы фæмардысты дыууæ адæймаджы. Ракетæтæ сæмбæлдысты хойрагсургæнæн бæстыхайыл æмæ ма дзы бахъыгдард ис хъæууонхæдзарадон техникæ дæр. Фæмардуæвджытæ разындысты бынæттон цæрджытæ – фермер æмæ бригадир. Пшеводувы хъæу ис Украинæйы арæнмæ ‘ввахс. Горæт Львовы та ПВО-йы хæстæ æххæст кæнынц ракетон комплекстæ «С-300», кæцы хæрзæввахс у Польшæйы арæнмæ.

Трагикон цау куыддæр æрцыд, афтæ хурныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ ма Уæрæсейы æвзæрмæбæлджытæ æмхъæлæсæй райдыдтой аххосджын кæнын Уæрæсейы, ома, уæ ракетæтæ уыдысты. Афтæмæй та интернеты тыгъдады цы къамтæ апарахат ис трагеди æрцæуыны бынатæй, уыдонæн анализ саразыны фæстиуæгæн æфсæддон специалисттæ развæлгъау сбæлвырд кодтой, уæрæсейаг ракетæты пырхæнтæ кæй не сты. Уымæй уæлдай ма рабæрæг кодтой, ракетæйы схъиуæггæгтæ кæй сты украинæйаг ракетон комплекс «С-300»-йы æнгæс.

Фæлæ ма уыдæттæ кæй æндавынц – диссаджы фадат та сын фæцис Уæрæсейы афхæрынæн. Æгæрыстæмæй ма Латвийы къухдариуæгад официалонæй фæазымджын кодта Уæрæсейы. Æмæ уый диссаг нæу, стæй сын фыццаг хатт дæр нæу хурныгуылæйнаг бæстæтæн. 2014 азы Донецкы областы украинаг фашисттæ æрæппæрстой граждайнаг ласæн хæдтæхæг, фæмардис 298 адæймаджы. Уæд дæр æвиппайды аххосджын фестад Уæрæсе, кæд æмæ сæм иу мур дæр æвдисæйнæгтæ нæ уыд, уæддæр. Уый фæстæ бирæ азты дæргъы цыдысты слестгæнæн мадзæлттæ, уæрæсейаг специалисттæ сбæлвырд кодтой аххосджынты, фæлæ уыцы информаци никæйуал хъуыд. Æниу америкæйаг спецслужбæтæ сæхæдæг комкоммæ хайад истой уыцы трагикон цау саразыны æмæ сæхи сæхæдæг кæцæй банымыгътаиккой.

Хуымæтæг европæйаг цæрæджы æнцонтæй бауырндзæнис, ома, Уæрæсе у аххосджын, йæ ракетæтæ бабын кодтой Польшæйы æмбæстæгты. Уымæн æмæ 15 ноябры æгас Украинæйы территорийы стратегион объекттыл æмбæлдысты уæрæсейаг ракетæтæ – æппынкъаддæр 100 бæрц. Украинæйы ПВО архайдта се спырх кæныныл, фæлæ ныридæгæн цы зиæнттæ баййæфтой, уымæй бæрæг у, сæ бон кæй нæ бацис сæ ныхмæ стох кæнын. «С-300»-йы ракетæ дæр, æвæццæгæн, уагъд æрцыд уæлдæфон фæ-дисы рæстæджы æмæ ракетæ æрæппарыны бæсты «адзæгъæл» Польшæйы территоримæ.

Ахæм цаутæ фыццаг хатт не сты украинæйаг æфсæддонтæн – сæ ракетæтæн æмæ ма æндæр æхсæнгæрзты фылдæр хайæн сæ эксплуатацийы æмгъуыды рæстæг раджы фæцис, фæлæ сæ уæддæр пайда кæнынц. Стæй ма сæм фæсарæнтæй цы æфсæддон техникæ æмæ нæмыг ласынц, уыдоны фылдæр хайæн дæр æфсæддон æвзагыл схонæн ис «утиль». Ахæм тæссаг æхсæнгарзæй мысанмæ зынтæй бахаудзынæ æмæ ма уымæй уæлдай фыдбылызы бахауынц семæ архайджытæ дæр. Цалдæр хатты рабæрæг сты ахæм цаутæ – украинæйаг æфсæддонты къухты-иу куы æхсæнгарз срæмыгъта, куы та сармадзан. 15 ноябры ма интернеты тыгъдады фæзынд ахæм видео дæр – украинæйаг ракетæ «С-300» стахт уæрæсейаг ракетæ æрæппарынмæ, фæлæ хæрзцъус стæхыны фæстæ бирæуæладзыгон хæдзæртты сæрмæ срæмыгъта.

Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад официалон информаци радта, зæгъгæ, Польшæйы æрхаугæ ракетæтæ Уæрæсемæ ницы бар дарынц, æмæ чидæртæ барæй гæды ныхæстæ парахат кæнынц, цæмæй уавæр фæкарздæр уа. Фæлæ уыцы информаци гæды ныхæсты ‘хсæнæй нал зыны. Кæрæдзийы дзыхæй скъæфынц дезинформаци, «къæхтæ-къухтæ» йæм æфтауынц, æмæ йæ афтæмæй парахат кæнынц. Нырма бæлвырд ницы æрцыдис, зонгæ дæр æй нæ бакодтой, кæцæй батахтысты ракетæтæ æмæ кæй сты, афтæмæй Польшæйы къухдариуæгад. Уæрæсейы минæвармæ фæдзырдта æмæ йæ официалонæй фæазымджын кодта. Ахæм къахдзæф дипломатийы æвзагыл хонынц «хахуыр кæнын».

Ныры онг æрцæугæ цаутыл куы афæлгæсæм, уæд диссаг нæ уыдзæнис, ацы трагедийы слестгæнджытæ официалонæй Уæрæсейы куы фæаххосджын кæной, уæд. Хурныгуылæйнаг бæстæтæн АИШ-ы сæргълæудæй гæды ныхæстæ æрымысын зын хъуыддаг нæу. Стæй сын сæ ных бакъуырын дæр ничи уæнды æмæ цалдæр хатты æнæфхæрдæй куы баззайай, уæд дын цæсгомы мур нал баззайдзæнис. Иракмæ бабырсынæн æрымысыдысты пробиркæ, АИШ-ы паддзахадон секретарь Колин Пауэлæй тылдта æмæ дзырдта, зæгъгæ, Саддам Хусейнмæ ис массон куынæггæнæн æхсæнгарз. Уый фæстæ ныддæрæн кодтой размæцыд бæстæ амардтой Саддам Хусейны, милуангай адæмы фæцагътой æмæ абоны бон дæр Ирак у лæмæгъ, хæццæ бæстæ. Цалдæр азы фæстæ Колин Пауэл йæ интервьюйы басаст, уыцы пробиркæ кæй уыд æрмæст бабырсынæн æфсон. Афтæ бакодтой Афганистанæн дæр – АИШ-ы спецслужбæтæ сæхи бæстæйы сарæзтой теракт, сæхи спецслужбæйы кусæг Усама бен Ладены террористыл банымадтой æмæ бырсгæ та Афганистанмæ бакодтой. Рагæй фæстæмæ фæстæзад бæстæйыл нымад уыд Афганистан æмæ йæ цалдæр азмæ ноджы раууатмæ æркодтой. Бынтон æнæхъуаджы ма ныддæрæн кодтой Ливийы дæр – абоны бон дæр уым цæуы мидæггагон хæст.

Искæй амæлæт нормалон адæймагæн æхсызгон никуы уыдзæнис, фæлæ Польшæйы æрцæугæ трагикон цауы фæстæ цахæм цъиувæдис сарæзтой æгас хурныгуылæн бæстæты, уый иу диссаг. Адæймагмæ æгад дæр æркастис – уæдæ Украинæйы æмæ Уæрæсейы арæнтæм æввахс цы хуымæтæг цæрджытæ мæлынц алыбон дæр, уыдон удтæ не сты? Уыдон цæмæй хицæн кæнынц Польшæйы цæрджытæй? Фæлæ кæд уырыссаг дæ, уæд дæ цардæн аргъ нæй, дæ амæлæт сæ не ‘ндавы. Украинæйы цæрджыты кой кæнгæ дæр нал кæнын – уыдон сæм нымады никуыуал сты, æрмæст сæ хъæуынц Уæрæсейы ныхмæ амæлынæн.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонæй фæстæмæ Польшæйæ Украинæмæ æнæрлæугæйæ цæуынц æхсæнгарз, нæмыг æмæ алыгъуызон хæстон æххуыс. Æмæ уыдоны æхсæнгæрзтæй æмæ нæмгуытæй ничи мæлы? Стæй ма Польшæйы регулярон æфсæддонтæ дæр комкоммæ хайад исынц хæстон архайдтыты æмæ уыцы æххуырст хæстонты нымæц ахызт 30 минæй. Кæд афтæ хъуыды кæнынц æмæ æвыдæй баззайдзысты, уæд тынг рæдийынц. Польшæйæн сæ ныфс англосакстæ сты, фæлæ йæ истори куыд æвдисы, афтæмæй уыдонмæ дæр Украинæйы уæлдай хуыздæр ахаст нæй. Англосакстæн сæ бæллиц у Уæрæсейы хъæздыгдзинæдтæм баирвæзын æмæ сæ уыцы хъуыддаджы æмцæдисонтæ нæ хъæуынц – æрмæстдæр фæсдзæуинтæ, хæстонтæ æмæ цагъайрæгтæ. Æмæ, æвæццæгæн, Польшæйы цæрджытыл дæр фидæны Украинæйы ми акæндзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр