Калоты Хазби – 100 азы

Афтæ зæгъын кæмæй рантыст – «æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл», уыцы фæрнджын поэт Калоты Хазби хайджын уыд нæртон æхсар æмæ хъæздыг сфæлдыстадон курдиатæй. Йæ рæсугъд цард, æцæгæйдæр, нæ бавгъау кодта, радта йæ фыдыбæстæйæн, снывонд æй кодта сæрибардзинад æмæ поэзийæн.

Калоты Хазби гуыргæ Захъайы ракодта, цæргæ та – Къостайыхъæуы. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны пединституты филологон факультеты. 1941-1942 азты йæхи хæстмæ цæттæ кодта Камышины танкистты скъолайы, уырдыгæй йæ фæндаг ацыд хæцæг æфсадмæ. Хъæбатырæй хæцыд æппæты карздæр хæстыты, уыд танчы командир. Фæмард, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ танчы мидæг басыгъд 1943 азы Курскы къæлæтауы. Ныгæд дæр æрцыд уыцы сыгъд зæххыл, хъæу Красная Полянайы.

Советон дуджы æртынæм азты кæрон ирон литературæмæ цы сфæлдыстадон фæсивæд æрбацыд, уыдоны ‘хсæн Калоты Хазбийы поэзи уыд ахсджиаг фæзынд. Уый уыд, уæды онг ирон чиныгкæсæг ахуыр кæуыл нæ уыд, ахæм ног фæзынд: йе ‘рмдзæфæй æмæ йæ хæдгъуыз аивадæй. Æвзонг поэт ахызт ихсыд темæты, хус риторикæ æмæ стауæн лозунгты иувæрс-ты, æмæ ныллæууыд йæхи, рæстаг æмæ æрвонг поэзийы фæндагыл. Уый нывгæнæджы дардмæуынаг цæстæй ныккаст æрдзмæ, æппæт дунемæ, адæймаджы цардмæ æмæ сæ æвдыста хуызджын поэтикон нывтæй. Уый царды æддаг æмæ иударон æууæлтыл дзурынæй рахызт адæймаджы хъысмæт фæлгъауынмæ, уды змæлд иртасынмæ, нывæфтыд сæ кæнынмæ. Уымæ гæсгæ йæ поэзи фæлыст у ирд ахорæнтæй, ныфсхаст æмæ хигъæдон фæлгонцтæй. Уыцы поэзи у, Хазби бирæ цы цард уарзта, уыцы царды æххæстбарджын минæвар, йæ айдæн, йæ рæсугъдгæнæг. Йæхæдæг цæйау фыста:

«Æгас цæуай, цард!.. Дæуæй адджындæр ницы ис хæстоны удæн, цæстыгагуыйау дæ хъахъхъæны зындоны сау тыхтæй, бындзарæй сафы, дæ фæндагыл цы цæлхдуртæ ис, дæ алыварс цы хъылма æрæмбырд, уыдон. Ды дæ, хæхты хъæбысы къæйтыл чи æрзад, ахæм уагъылыйы дидинæгау. Дæхимæ ивазыс хуры тынтæй нывæст арвы сыгъзæрин фæдджи. Ды тæрсыс фыдбоны тымыгътæй, мылазон мигътæй, фæлæ æнцон басæттæн нæ дæ, сындзджын уагъылыйы дидинæг æнцон æртонæн куыд нæ у, афтæ».

Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. Хазби у лирик æмæ йæ уацмысты нæй æнæхъуаджы фæдисы хъæртæ, бæгънæг лозунгтæ. Советон поэзи цадæггай, цауты æддаг фарс цы жанртæ æвдыстой, уыдонæй, æмæ сюжетон æмдзæвгæтæй раздæхт сыгъдæг лирикон æмдзæвгæмæ… Хæст нæ поэзийы бауагъта лирикон уддзæф, фæарфдæр ис йæ эмоцион зæлынад, æрбаввахсдæр æй кодта адæм æмæ йæ хъайтармæ. Уыцы миниуджытæ Хазбийы лирикæйы æрбынат кодтой суанг йæ райдайæнæй. Хазби уыд уалдзæджы нывгæнæг æмæ хуры зарæггæнæг:

 

Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй

Мæ зæрдæ цины арт суагъта.

Уымæн уалдзæг у царды поэтикон фæлгонц, сæрибар æмæ æвзонгады символ. Йæ лирикæйы уалдзæджы нывтæ зынынц бирæ æмæ алыгъуызон хуызты, ивынц кæрæдзи, иу дзы æххæст кæны иннæйы, фæлæ дзы иу иннæйы нæ фæзмы, нæ фæлхатт кæны, афтæмæй сæ æвзæры зæрдæрайы поэзи.

Уалдзæг æмдзу кæны хуримæ, хурæн та ис арты æрдзысконд, æмæ иумæ уымæн сты фарны символ. Хазбийы поэтикон рæнхъыты тæмæнтæ калынц хуры тынтæ, судзынц, арт уадзынц, уыдон сты рухсы гуырæнтæ, уды рухсгæнджытæ, цард зынаргъдæргæнджытæ. Уымæн у поэтæн царды алы чысыл риссаг фарст дæр бæстыдзаг рыст æмæ трагеди, уарзты рыст куыд риссаг у, афтæ:

 

Зæрдæ – сайд, фыдуаг сæнттæ нæ сысынц,

Зæрдæ ацыд, ахицæн мæнæй…

Цæй, фыссон æмæ йæм ныр цы фыссон

Исты йæ, мыййаг, мæ мæт куы нæй.

Балладæ «Кард» чысыл иуварсдæр лæууы иннæ уацмыстæй. Уый у традицион, æвдисы фæлтæрты иудзинад, нывæфтыд кæны, нæ зæххыл хъайтарон æмæ патриотон фæтк кæй хæлы, уыцы хъуыды. Традицион у «Фæстаг салам» дæр. Фæлæ ам хæстон энтузиазм ис лиризмы дарæсы. Иугæр хæст цæуы, уæд патриоты амонд ис карз тохы, «нæй йын фæсвæндагмæ здæхæн». Амондыл хъæуы тох кæнын, уымæ гæсгæ поэт зæгъы:

 

Æз лæгæй лæджыхъæд домын,

Хорзы агурын æмбалæн.

Ахæм у йæ эпикон зондахаст, уымæн уыд цард æмæ уарзты поэт. Йæ цыбыр царды афтæ цардмондаг уыд, æмæ бафсис нæ зыдта дунейы фидауцтæй, зæххы хъарм улæфтæй, уарзондзинадæй. Хазби уыд ног дуджы фæдисон, табу кæны уды сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадæн, уарзт æмæ намысæн. Уый у сæрыстыр, нæртон, ныфсхаст. Йæ уарзт – æрхæндæг, фæлæ рухс æмæ уæздан. Поэт царды агуры æмæ уыны æрмæстдæр рæсугъддзинад, уый у гуманист, зынаргъ ын у адæймаг, уымæ гæсгæ йæ зæрдæмæ арф исы искæй рыст, хъыг кæны фидауцы сæфтыл, тыхсы адæймаджы хъысмæтыл.

«Цард у мæлæтæн æвгъау» – уыцы хъуыды Хазбийы этикæйы бындур у. Фæлæ мæлæт æрдзон фæзынд у, нæй дзы ирвæзæн, æмæ поэт цы трагедитæ уыны, уыдонæй риссы йæ уд, ныппарынц æй арф психологон мидхъуырдухæнты. «Мæ зæрдæ сау дзæнгæрæг цагъта». Ацы æрвон загъды зыны бæрзонд уды хъыгзæрдæ равг, уый нын æвдисы поэзийы æрдз дæр, уæлæнгай æмæ æнæуд афыстæй нæ, фæлæ нывæфтыд символтæй.

Хазби æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын байдыдтой ирон газеттæ æмæ журналты 1936 азæй фæстæмæ. Хæсты агъоммæ Хазби ныффыста драмæ «Бæтæйы фырттæ», фронты уæвгæйæ та – пьесæ «Тугæйдзаг фæндаг». 1956 азы Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны хицæнæй рацыдысты Хазбийы уацмыстæ, «Хуры тын», зæгъгæ, ахæм номимæ. Йæ уацмысты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд джиппы уагъд æрцыди 1976 азы – ис дзы æмдзæвгæтæ, фыстæджытæ, пьесæтæ. Йæ поэзи зындгонд у уырыссаг чиныгкæсæгæн дæр (чиныг «Советские поэты, павшие в Великой Отечественной войне». Сери «Поэты библиотекæ». Чиныгуадзæн «Советон фыссæг», 1965). Чиныгуадзæн «Современник»-ы та 1937 йæ уацмыстæ рацыдысты Кочысаты Мухарбегимæ иумæ, «Побратимы», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Цардæн аргъ кæнын чи зоны, йæ сæрвæлтау тох дæр уый кæны. Хазби уыди поэт æмæ хæстон. Уый йæ граждайнаг, патриотон æмæ гуманистон хæс æххæст кæнынмæ цыдис сæрыстыр æмæ разæнгардæй:

 

Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон

Æмæ тымыгътæм æнхъæлмæгæс лæууын.

Æмæ йæ фæстæдæр уыцы хъуыды зæгъын бахъуыд бæлвырддæрæй – «Æз фæцæуын уæ сæрвæлтау, адæм».

Хазбийы лирикæ риуыдзагæй улæфы патриотизмы пафосæй. Фæлæ дзы нæй патетикæ, нæдæр дзы одæйы æууæлтæ ссардзынæ. Лирикон герой у хъайтар, фæлæ йæ лæгдзинад æвдыст цæуы лиризмы дунейы. Æгæрон у «зæххы зæрдæйы маст», поэт æй æнкъары æмæ йæ хæссы йæхи зæрдæйы. Хазби лирикон нывæн хатгай ратты космикон тыгъдад:

Æз кæуын… Æрзоныг кодтон зæххыл æмæ йын йæ риуæн пъа кæнын. Ма хъæрз, зæхх, мæ уд фæрыст дæ мастæй…

Поэт йæ уарзт æмæ йæ зондæй удджын кæны зæххы, зæххы æмсæр æвæры адæймаджы дæр. Ам бердзенаг мифау зыны зæхх æмæ адæймаджы хæстæгдзинад, скæнæг æмæ сфæлдисæджы бастдзинад. Уыцы иудзинад поэт æмæ хæстонæн дæтты ныфс æмæ тых – уыдоны фæрцы йæ бон у ныййарæг зæхх хъахъхъæнын, цард аразын, уарзт æмæ сæрибарыл зарын.

Хазбийы, поэт-лирикы курдиат æххæстбæрцæй раргом ис йæ хæстон æмдзæвгæты. Уыдоны ис арф мидис, сты нывæфтыд, нывтæ сты царды хуызтæй фæлыст. Арæх дзы алы хуызты æмбæлы дыууæ фæлгонцы – туг æмæ хур – мæлæт æмæ царды символтæ. «Худы туджы ‘ртæхты хуры тын» – уый поэтæн пейзажон хай нæу, символикон ахаст æм дары, æвдисы дзы цард, рухс æмæ сæрибары уæлахиз. Хъысмæт ын йæ ныхыл ныффыста, цæмæй йæ поэзийы хуры тынтæ тох кæной туджы ‘ртæхтимæ. Æмæ сæйраг уый у, поэтæн туджы ‘ртæхтæ дæр кæй нæ сæттынц йæ ныфс, туджы ‘ртæхты дæр царды рухс кæй агуры.

Йе ‘мном, Цгъойты Хазби дзы хуымæтæджы нæ зæгъы афтæ:

«Хазби стъалыйау ссыгъд æмæ царды судзгæ ацыд… Йæхæдæг нал ис, фæлæ йæ рухс нæ ахуыссыд, нæ мынæг кæны æмæ рухс кæны адæмы зонд, æнкъа-рæнджындæр сын кæны сæ зæрдæтæ. Хурмæ бæллыд æмæ хуры тыхæй фæхъæстæ, йæ хъарм ын райста æмæ дзы хъарм кæны нæ удты, цæры немæ. Куы йын бакæсæм йæ фыстытæй, уæд та йын фехъусæм йæ зæрдæйы цæлхъытæ, йæ зонды  тæрхæттæ. Æмæ ныл цæрыны ныфс, рæсугъд хъуыдытæ бафтауы».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.