Æвæдза, цас æнæрастдзинæдтæ ис царды, дуне тæригъæдæй байдзаг ис. Чи куыд тыхджындæр у, афтæ йæхицæй лæмæгъдæрты æфхæры, алы фыдмитæ йын кæны. Ныртæккæ Сирийы цы диссаджы æбуалгъ хæстон архайдтытæ цæуынц, уыдон адæймаджы дисы æппарынц. Фæлæ АИШ æмæ йе ‘мцæдисонтæ куырм æмæ къуырмайы æфсон скодтой. Æрмæстдæр се стыр бæллиц у алы хъуыддаджы дæр Уæрæсейы фæаххосджын кæнын æмæ Башар Асады бæстæйы президенты бынатæй раппарын.

Уый размæ дæр куыд нæ, фæлæ фæстаг  дыууæ къуырийы Уæрæсейы телеуынынады ног хабæртты цы диссæгтæ æвдисынц, уыцы кадртæм кæсгæйæ адæймаджы зæрдæ ныккæрзы. Мæлынæн алчидæр æвгъау у, уæлдайдæр та тугмондаг террористты къухæй. Фæлæ уæддæр мæлынæн уæлдай тæригъæддæр вæййынц æнæхин æмæ цардбæллон сабитæ. Зынгæ уырыссаг фыссæг Николай Островский йæ роман «Как закалялась сталь»-ы æнæхъуаджы куынæ фыста мыййаг: «Самое дорогое у человека – это жизнь. Она дается ему один раз, и прожить ее надо так, чтобы не было мучительно больно…»  Сирийы сбирæ сты сахъатджын сывæллæттæ. 27-æм октябры Алеппойы 10 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæ кæм ахуыр кæнынц, уыцы скъолайы куы фехстой, уæд дзы фæмард сты æртæйæ æмæ цæфтæ та фесты цалдæрæй. Сывæллæтты тугæй сахуырстысты сæ чингуытæ, тетрæдтæ, партæтæ, къласы полыл  лæсæнтæ кодта сæ туг. Зæрдæскъуыд ныййарджытæм кæсгæйæ, уæлдайдæр та нæлгоймаджы кæуынмæ, судзгæ цæссыгтæ махæн дæр нæ рустыл æруадысты. Зæрдæскъуыд фыд хъæр кодта, зæгъгæ, мын амардтой ме ‘ртæ хъæбулы дæр, æмæ ма, зæгъ, ныр мæ цард цы у мæнæн дæр, куыд ма, зæгъ, цæрдзæн дарддæр. Гуырцæй гомыг  чысыл лæппуйæн цыма, æрдзæй рахæсгæ сахъатдзинад фаг нæ уыд, уыйау знаджы аххосæй цæрæнбонтæм баззад иукъахонæй. Гуырцæй æнæ къухтæй чи райгуырд, уыцы чысыл лæппуйæн та лыгкæнинаг фесты йæ дыууæ къахы дæр æмæ йæ тæригъæдæй зæрдæ скъуыдтæ кæны, къуыдыры хуызæнæй баззад. Йе ‘нкъард цæстытæм кæсгæйæ адæймаджы зæрдæйы тугтæ нытæдзынц. «Къухтæ мын никуы уыд, фæлæ мын Хуыцау куы баххуыс кæнид æмæ мын фæстæмæ къæхтæ куы уаид. Арæх уынын иу фын, цыма уынджы футболæй хъазын, фæлæ уалынмæ цыдæр уæрмы ныххауын», – зæгъы чысыл лæппу.

Уæдæ зæрдæ куынæ хъуамæ фæрисса, йæ дыууæ къахы дæр лыгкæнинаг кæмæн фесты, уыцы чысыл чызгмæ кæсгæйæ дæр. Уымæн йæ ныййарджытæ бахатыдысты Уæрæсейы æфсæддонтæм æмæ йæ уыдон фæхæццæ кодтой Мæскуымæ. Чысыл чызг цалдæр мæйы баззад мæскуыйаг рынчындæттæй сæ иуы, æмæ æгæрыстæмæй, райдыдта уырыссагау дзурын дæр. Чызгæн сарæзтой протезтæ æмæ йæхæдæг цæуын кæй райдыдта, уый тыххæй цин кодта. Фæлæ йæ нырма кæронмæ не ‘мбары йе ‘ппæт цард æнæхъæнæй дæр фыдæбойнаг кæй уыдзæн, уый. Куыд рæза, афтæ та йын ивын хъæудзæн йæ протезтæ дæр.

10-аздзыд лæппуйы йæ ныййарджытæ рарвыстой æхсыр æлхæнынмæ, фæлæ фæстæмæ нал баздæхт йæ хæдзармæ. Террористты къухæй фæцæфтæ ис фæндагыл, бæргæ ма йæ æрбаскъæфтой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон дæр ницыуал бацис. Йæ мад æнхъæлмæ каст рынчындоны къæлидоры æмæ йын йæ хъæбулы мард буар йæ цурты куы фæцæйластой простынæйæ æмбæрзтæй, уæд æй зонгæ дæр нæ бакодта. Цалынмæ йæ цардæмбал æрбацыд рынчындонмæ, уæдмæ йын æй не схъæр кодтой йæ хъæбулы кæй никуыуал фендзæн, уый. Мад хъæр кæнын райдыдта, зæгъгæ, нæ, уый, зæгъ, мæ хъæбул нæу, мæ хъæбул мæм ныртæккæ ралидзæн æмæ та йæ мæ хъæбысы акæндзæн, зæгъгæ. Ныййарджытæ ныхаудтой сæ хъæбулы мард буарыл æмæ йын афтæмæй пъатæ кодтой. Уыцы нывмæ кæсгæйæ дойнаг дур дæр фæркай фæхаудаид, фæлæ ныгуылæйнаг бæстæты сæргълæуджытæм æппындæр нæ хъары адæмы тæригъæд. Чысыл лæппуйы кеттæм кæсгæйæ, мæ цыстытыл ауад Зары трагедийы гуырдзиаг лæгхорты къухæй чи бабын, уый – Къæбысты чысыл цардбæллон хъæбул Батрадз. Уый дæр ацы лæппуйы æмцахъхъæн уыд, цыма сæ кедтæ дæр æмийæстæ уыдысты, афтæ мæм фæкаст. Абоны онг дæр Къæбысты Батрадзы ныййарджытæ æвæрдæй дарынц, сæ хъæбулыл 20-æм майы Зары трагедийы рæстæджы цы уæлæдарæс æмæ кедтæ конд уыд, уыдоны. Чизоны сириаг зæрдæрыст ныййарæг мад дæр йæ хъæбулы уæлæдарæс мысынæн ныууадза æмæ-иу æй тынг куы æрбаймыса, уæд та-иу сæ уый дæр Бартадзы мадау йæ риумæ нылхъива. Стыр хуыцау лæгсырдтæн ма ныххатыр кæнæд рæзгæ удты тæригъæд.

Ацы бонты та уæрæсейаг æфсæддонтæ гуманитарон æххуысы хуызы уæрæсейаг ссадæй конд дзултæ уæрстой Алеппойы цæрджытæн. Чысыл чызгмæ дзул куы радтой, уæд æй айста йæ галиу къухæй, уымæн æмæ йæ рахиз фарс нæ кусы, уый размæ нæмыджы схъис йæ сæры кæй ныффидар ис, уымæ гæсгæ. Фæлæ чызджы ныфс ис кæй сдзæбæх уыдзæн æмæ сомбоны ахуыргæнæгæй кæй кусдзæн, уымæй. Уæдæ тугмондаг террористты аххосæй йæ иу цæст цы чысыл лæппу фесæфта, уый дæр тæригъæд нæу? Ау, цы ракодтой æнæаххосджын сывæллæттæ. АИШ цыма дунейы бæстæты гипноз ныккодта, уыйау сæхи ницыуынæг скодтой. Фæлæ рæстдзинад алыхатт дæр фæуæлахиз вæййы, уымæн та æвдисæн Хуссар Ирыстоны цæвиттон.

Сирийы уæрæсейаг æфсæдтæн бирæ бантыст саразын. Сорганизаци кодтой бадзырдон процесс, террористты аппæрстой Дамаскæй, ссæрибар кодтой Латаки, Пальмирайы. Ныртæккæ тохтæ цæуынц Алеппойы сæрыл. Ацы горæтæн йæ фæзуат у 190 кв.километры, (2004 азы онг дзы цард 2 милуан 300 мин адæймаджы бæрц) æмæ ныридæгæн уæрæсейæгты æххуысæй Сирийы хицауады æфсæдтæ ссæрибар кодтой горæты фылдæр районты. Уæрæсе куынæ уыдаид, уæд афонмæ раппæрстаиккой Башар Асады. Уыимæ уæрæсейæгтæ равдыстой сæ гæнæнтæ æмæ ног техникæ. Фæлæ сын Америкæ æппынæдзух ныхдуртæ æвæры йæ разы. Афтæхуыйнæг рæстæмбис оппозици æмæ террористты ифтонг кæнынц алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Уæрæсе АИШ-мæ бирæ хæттыты бахатыд, цæмæй уыдон ахицæн кæной террористтæй афтæхуыйнæг рæстæмбис оппозицийæ. Уыдон кæд баныфсæвæрынц сæ ахицæн кæнынæй, уæддæр æппындæр ницы саразынц. Æрмæст Уæрæсейы аххосджын кæнынц алы хъуыддаджы дæр. Афтæмæй та сæхицæн сæ къухтæ сты дунейы иуæй-иу бæстæты адæмы тугæй ахуырст. Цалдæр азмæ АИШ бирæ бæстæты цард фестын кодтой зындон. Æрæджы Чехийы президент Милош Земан фехъусын кодта, зæгъгæ, Ныгуылæн фидыдады тыххæй, кæцы афтæхуыйнæг рæстæмбис оппозициимæ  фæнды бадзурын, уый хъуыддаджы нæ уæвынад кæны. «Америкæйæгты хъауджыдæр, æз нымайын афтæ æмæ Сирийы кæй нæй рæстæмбис оппозици, фæлæ дзы ис æрмæстдæр пысылмон къордтæ. Уый æддейæ сириаг легитимон хицауад фæхуыдта уæрæсейæгты Сиримæ. Америкæйæгты Сиримæ ничи хуыдта», – загъта уый Прагæйы æрвылкъуырион газет «Парламентская газета»-йæн.

Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм 2011 азы 20-æм октябры Ливийы президент Муамар Каддафийы цы фыдмардæй амардтой, уый дæр. Ливи цард сабыр цардæй, фæлæ иу уысммæ Ливийы адæмы цард дæр фестын кодтой зындон. Каддафийы амардæй рацыд фондз азы, фæлæ абон куыд паддзахад, афтæ Ливи нæ уæвынд кæны. Цалдæр азы размæ  Ливи уыд арабаг бæстæтæй иууыл хуыздæр чи цард, уыдонæй сæ иу. Нефть уæй кæнынæй цы æхцатæ истой, уыдон Каддафи хардз кодта Джамахери саразыныл. Бæстæ дидинæфтыдта. Бензин дзы уыд донæй асламдæр. Бæстæйы уыд лæвар ахуырад, медицинæ, электроэнери æмæ коммуналон фиддонтæ нæ фыстой цæрджытæ, нæ дзы уыд егъау хъалонтæ. Æгуыстдзинады тыххæй пособи уыд 730 доллары. Æвзонг æмкъæйтæн фатер балхæныны тыххæй лæвæрд цыд 64 мин доллары, бинонтæн-иу сывæллон куы райгуырд, уæд-иу паддзахадæй райстой 7 мин доллары. Нефть уæй кæнынæй цы æхцатæ истой, уыдон фаг уыдысты æхсæз милуан ливийагæн, кæцытæн сæ кусгæ бон фæуд кодта 14 сахатыл. «Каддафийы рæстæджы бæстæйы удуæлдай куыст ничи кодта. Уырдæм цыд тынг бирæ кусгæдых Африкæ æмæ æндæр бынæттæй æмæ уыдон куыстой сæ бæсты» – дзуры политолог Тьерри Мейсан.

Абон европæйаг бæстæтæм Африкæйæ мигранттæ кæй цæуынц, уый тыххæй дæр сæ фæдзæхста Муамар Каддафи, фæлæ йæ ницæмæ æрдардтой. «Милуангай мигранттæ-пысылмонты æрбафсæрст Европæйы фестын кæндзæн Африкæ. Ливи у мигрантты уромыны кулдуар». Æрхæсдзынæн ма уын  йæ раныхасæй иу цитатæ: «Иуæй-иу адæймæгтæ мын дзырдтой (æгæрыстæмæй, дæсгай хæдзæрттæ кæмæн уыд, уыдон дæр), зæгъгæ, сæ хиуарзондзинадæй райгонд не сты, æмæ сæ фæнды цæмæй сын цы ис, уымæй сын уа фылдæр. Уыдон загътой америкæйæгтæн, зæгъгæ, сæ хъæуы «демократи» æмæ «сæрибардзинад», фæлæ йæ не ‘мбарынц, уый кæй у ахæм  системæ, цыран иууыл стырдæр куыдз аныхъуыры иннæты».

Каддафийы мæлæты тыххæй АИШ-ы уæды паддзахадон секретарь Хиллари Клинтон куы базыдта, уæд худын райдыдта æмæ загъта: «Мах æрбацыдыстæм. Мах федтам. Уый амард». Амреикæйы Иугонд Штаты президентон æвзæрстыты Дональд Трамп кæй фæуæлахиз, уый æнæнхъæлæджы уыд дунейы бирæ бæстæты лидертæн. Куыд Барак Обама, афтæ уыдон дæр сæ уд скъуыдтой, цæмæй президент суыдаид Хиллари Клинтон, фæлæ сæ фæнд фæсыкк. Трамп йæхи куыд равдисдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Мæ уацы ма мæ фæнды Филиппинты Президент Родриго Дутертейы тыххæй зæгъын. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæйы фæнды Уæрæсе æмæ Китайимæ хъахъхъæнынады æмæ экономикон фадгуыты цæдис саразын. «Уый гæнæн ис æмæ уа æфсæддон цæдис, гæнæн ис æмæ уа экономикон блок». Дутерте ма фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ фæнды Уæрæсемæ визитимæ æрцæуын æмæ Владимир Путинимæ фембæлын. «Гæнæн ис, æмæ æрцæуон Уæрæсемæ, цæмæй аныхас кæнон Путинимæ æмæ йын зæгъон, зæгъгæ,   дунейы ныхмæ чи фæлæууа, уыцы æртæ бæстæйы  сты Китай, Филиппинтæ æмæ Уæрæсе», – загъта Родриго Дутерте.

Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ катайы бахауынц, зæгъгæ, дуне ссис Уæрæсейы ныхмæ æмæ ма, зæгъ, куыд уыдзæн. Уыдонæн та мæ фæнды зæгъын, Стыр Уæрæсейæн цæргæ-цæрæнбонты кæй ничи ницы ракодта, ничи йыл фæтых æмæ ныр дæр уыдзæн афтæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.