2018 азы 6-æм январы 27 азы сæххæст, гуырдзиаг тыхгæнджытæ Цхинвалмæ куы æрбабырстой, уыцы боныл.

1990 азы кæрон. 1991 азы райдиан. Хуссар Ирыстоны тыхст адæм дæр кæд фæлмæцыд уыдысты, уæддæр æгъдаумæ гæсгæ сæмбæлдысты сæ Ног азыл. Æмæ уый фæстæ  та сæхи цæттæ кодтой Цыппурсы бæрæгбонмæ. Кæд дуг зæрдæйы фæндиаг нæ уыд, гуырдзиаг абырджытæ сусæг-æргомæй алырдыгæй лæбурдтой Ирыстонмæ, адæмы сæ фæндагыл цæуын нал уагътой æмæ фыдмитæ кодтой бæлццæттæн, æмæ уымæ гæсгæ ирон адæмæн бæрæгбоны зæрдæйыуаг нæ уыдис, уæддæр фыдæлты æгъдауы раз чи лæууы, æмæ мæгуырæй дæр фæнд кодтой Цыппурсы бæрæгбон дæр æмбæлонæй банысан кæнын.

Цыппурсы бæрæгбоны-иу адæм тынгдæр куывтой фидæны бирæ тыллæгæн, бинонты фæфылдæр æмæ хуыздæр амонды тыххæй. Раст ацы рухс бæрæгбоны размæ 6-æм январы райсом æхсæвыцъæхæй, фæлмæцыд æмæ тыхст адæм æхсæвы сæ тæккæ тарфынæйыл куы уыдысты, уæд гуырдзиаг фыдгæнджытæ Уæрæсейы мидæфсæдты дæлхайы командæгæнæг инæлар Малюшкины гадзрахатон архайды руаджы, маргджын кæлмытау, æнæнхъæлæджы æрбафсæрстой Цхинвалмæ. Æмæ райсомæй раджы адæм «æнæхонгæ уазджыты» хъæрахст æмæ куыйты рæйдмæ куы райхъал сты, уæд кæсынц æмæ мæнæ уынгтæ бæз-бæз кæнынц æнæзонгæ, æнæдаст хотыхджынтæй. Сæ уæлæ гуырдзиаг милицийы дарæс. Кæуыл дзы иу пъагон уыд, кæуыл та – дыууæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр цины нысæнттимæ. Семæ хъæхъхъаг куыйтæ. Уый размæ Гуырдзыстоны патриарх Илья II бацыд Гуырдзыстоны ахæстæттæм æмæ йæ тугæй ахуырст къух фыдгæнджыты сæртыл æруадзгæйæ уыдонæн дзырдта, зæгъгæ, ды ам цæмæн хъуамæ бадай, ды хъуамæ сæрибар уай. Уый фæстæ рауагътой ахæстæттæй сæ фыдгæнджыты, скодтой сыл милиционерты дарæс æмæ сæ рарвыстой Ирыстонмæ ирон адæмы марынмæ. Ацы цауæй цалдæр боны размæ та Цхинвалæй сусæгæй ахъуызыдысты гуырдзиаг цæрджытæ. Уыдон афтæ фæлитой разындысты æмæ, æгæрыстæмæй нæ бафæдзæхстой сæ хиуæтты, се ‘ввахс æмгæртты æмæ сыхæгты. Ирон тыхст адæймæгтæй-иу «милиционерты» чи бафарста, ома, цæмæн нæм æрбацыдыстут, чи уæ хуыдта, зæгъгæ, уæд-иу сæ дзуапп уыд – фæтк æвæрынмæ, дам, æрбацыдыстæм. Дыкъахыг сырдтæ апырх сты нæ горæты уынгты æд куыйтæ. Лæууыдысты, Исахъы æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым дæр. Растдæр уыцы ран 6 январы сихорафонмæ æввахс фæмард ирон адæмæй фыццаг адæймаг – Дзæуджыхъæуы арæзтадон техникумы раздæры ахуыргæнинаг, Цхинвалы мидхъуыддæгты милицийы старшина Коцты Гриша. Уый бафæлвæрдта, гуырдзиаг «милици» автобусы цы сывæллæтты бакодта, уыдон ссæрибар кæныныл. 6-æм январы  ма уыцы бынаты фæцæф Тедеты Илык дæр. Ацы æвирхъау хабæрттæ уайтагъд айхъуыстысты горæты цæрджытыл æмæ арвыцæфау фесты. Фæстаг цауы рæстæджы уыцы бынаты уыдтæн мæхæдæг дæр мæ сыхаг Дыгъуызты Юляимæ. Цæрæнбонтæм бахъуыды кодтон нæлгоймæгты тыхст хъæртæ, ома, хæст райдыдта æмæ мах дæр рахæссæм нæ мигæнæнтæ. Нæлгоймæгтæ бæргæ лыгъдысты сæ хæдзæрттæм сæ хæцæнгæрзтæ рахæссынмæ, фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг афтæмæй сæм цæй хæцæнгæрзтæ уыд… Æгæрыстæмæй, мидхъуыддæгты органты кусджыты хæцæнгрæзтæ дæр уый размæ æрæмбырд кодтой æмæ сын сæ нал радтой. Дыккаг бон, 8-æм январы та хъæбатырæй фæмард Тасойты Инал («Коммунист»). Раст æмæ зæрдæхæлар адæймаг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ йе ‘мбæлттæ афтæ хуыдтой. Уыцы бон ма знаджы нæмыгæй фæмард сты Дзæгъиаты Станислав æмæ Габоты Мурат. Фæцæфтæ сты цалдæр ирон æвзонг лæппуйы.

Афтæ райдыдта, дæргъвæтин рæстæджы чи ахаста, уыцы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд, кæцы куыдфæстагмæ рахызт æгъатыр æмæ стыр хæстмæ.

Цасдæр рæстæджы фæстæ Цхинвалы ныгуылæн хай гуырдзиаг фыдгæнджытæй асыгъ-дæг кодтой нæ хъæбатыр лæппутæ, фæлæ уыдон бацахстой горæты скæсæйнаг хай – обком, облæххæстком, театр, милици, бастдзинады, поликлиникæйы æмæ æндæр бæстыхæйтты. Рудзгуытыл самадтой змисæй йедзаг голджытæ, сæ уæлхæ-дзæртты та сын æрæвæрдтой пулеметтæ æмæ Хуссар Ирыстоны обкомы бæстыхайы сæр-мæ та æрсагътой Гуырдзыстоны меньшевикон тырыса. Уынгтæ æрæхгæдтой уæззау транспорт æмæ техникæйæ, самадтой баррикадæтæ… Æмæ райдыдтой сæ фыдмитæ кæнын ирон сабыр цæрджытæн. Сæ Ног аз æмæ сын Цыппурсы бæрæгбонтæ æнæад фæкодтой. Цхинвалы цæрджытæй никуы ферох уыдзысты уыцы уæззау бонтæ. Арæх мæ цæстытыл ауайы, гуырдзиæгты егъау донласæн машинæ сыгъдæй цасдæр рæстæджы дæргъы куыд лæууыд нæ горæты вокзалмæ æввахс, алырдыгæй уынгты æрдæгсыгъд артытæ,  афтæ мæ нæ рох кæнынц нæ хъæбатыр лæппуты тыхст цæсгæмттæ дæр. Уыдон сæ Райгуырæн зæхх, сæ мæдтæ, сæ хоты, сæ цардæмбæлтты æмæ сæ хъæбулты бахъахъхъæныны сæраппонд æппындæр нал хъуыды кодтой сæхи цардыл æмæ сæ къухты хæцæнгарз нæ уыд, афтæмæй удуæлдай тох кодтой знаджы ныхмæ. Æнæхонгæ уазджытæн нæ батад сæ фыдми сæххæст кæнын – тард æрцыдысты, сæ фæстæ æгады фæд ныууадзгæйæ … Чи нæ федта уæд нæ театры бæстыхайы уавæр, афтæ обком æмæ облæххæсткомы уавæр дæр, уый ма æвзæрдæр ныв цы фендзæнис…

Кæд уавæр тынг æндыгъд уыд, уæддæр бынæттон газетты редакцитæ сæ куыст кодтой. Кæд мыхуыры хæдзары бæстыхайы дардæй æхстой, уæддæр журналисттæ сæ куыстмæ цыдысты нæмгуыты бын æмæ «Советон Ирыстон»-ы радон номыры (10-æм январы) ныммыхуыр егъау æрмæг «Тугæйдзаг цыппурс», зæгъгæ. Газеты фæрстыл мыхуыр æрцыдысты, гуырдзиаг æнæадæймæгты къухæй чи фæмард, уыцы цыппар æвзонг нæлгоймаджы, ома, фыццаг амæттæгты нывтæ сæ биографитимæ. Тынг хорз мæ зæрдыл лæууы, ацы цæрынхъуаг нæлгоймæгты биографитæ куы мыхуыр кодтам, уæд нæ цæстысыг æнæвгъау кæй калд, уымæ гæсгæ дамгъæтæ дæр рæстмæ кæй нал уыдтам, уый. Сæ фæстаг фæндагыл сæ куы фæндараст кодтам, уæд адæмы кæуынмæ, æвæццæгæн, къæдзæхтæ дæ рызтысты…

Уыцы уæззау бонтæ нæ ферох кодтой нæ горæты æрбахизæны, Цоцийы фырты уынджы, Æнусон артмæ æввахс цæрджыты дæр. Уыдонæй мын сæ иу афтæ радзырдта: «Гуырдзиаг тыхæйисджытæ куы æрбабырстой, уæд мах дæр бахаудыстæм тынг уæззау уавæры, нал дæр нын æддæмæ ахизæнтæ уыд, уымæн æмæ гуырдзиæгты иу хай æрбынат кодтой чындзæхсæвтæ аразæн хæдзары бæстыхайы, нæ уынджы тæккæ цур.  Æгæрыстæмæй, нын фадат нал уыд дзул æлхæнынмæ ацæуынæн дæр. Иу бон нæ сыхаг лæгтæ цалдæрæй лæууыдысты нæ сыхаг Цоциты Дзамболы хæдзары цур æмæ катайгæнгæ дзырдтой  нæ тыхст уавæрыл, раст уыцы рæстæджы уырдæм æввахс æрхаудта рæмудзæн æрмæг æмæ дзы цалдæрæй фæцæфтæ сты, иу та дзы мæлгæ акодта. Иууыл зындæр та нын уыд, боныгон-иу гуырдзиаг тыхæйисджытæ сæ куыйты Æнусон арты цур, хъайтартæн цы цыртытæ ис, уыдонмæ æввахс кæй бабастой, уый. Мах сыл рыг абадын дæр нæ уагътам æмæ сæ уыдон та хынджылæг кодтой. Рудзынгæй-иу сæм сусæгæй кастæн æмæ иу хатт федтон, чындзæхсæвтæ аразæн хæдзарæй дзаумæтты куыд ластой».

Кæд уыцы бонæй 27 азы рацыд, уæддæр Цыппурсы бæрæгбоны гуырдзыйы фыдмитæ никуы ферох уыдзысты ирон адæмæй æмæ макуы дæр хъуамæ ферох уой. Уадз, æмæ Ирыстоны фæлтæртæ зоной, гуырдзиæгтæ ирон адæмæн цы фыдмитæ фæкодтой, уый.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.