Фæстаг азты бирæ кæмæйдæрты вæййы фехъусæн, зæгъгæ, горæт цас рæзы, рæсугъддæр кæны, йæ газонтæ æмæ сквертæ та – фылдæр, уый бæрц æм адæмы ахаст дæр кæны хуыздæр. Дзабиты Валентин арæх, куы райсомæй, куы та – изæрырдæм сыгъдæг уæлдæф улæфынмæ фæцæуы «Тулдзы къох»-мæ. Фены дзы, чидæртæ сæ фæстæ брон кæм ныууадзынц, ахæм бынæттæ. Амбырд сæ кæны æмæ сæ фæхæццæ кæны брондонмæ.

Æрæджы та аскъуыддзаг кодта, цæмæй бахата горæты мэр Коцты Аланмæ æмæ  «Тулдзы къох»-ы нысан æрцæуа хъусдарæджы штат. Алан йæ разыйы дзуапп загъта Валентинæн æмæ ацы ног куысты бынаты кусын райдыдта Пухаты Джемал. Джемал ныр æрвылбон дæр ссæуы йæ куыстмæ æмæ дзы кæд исты æнæфснайд бынæттæ фæзыны, уæд сæ бафснайы. Уымæй дарддæр ма йæ хъус дары, цы бæлæстæ дзы ис, уыдонмæ дæр. Ралыг кæны æмæ брондонмæ фæхæццæ кæны хус, æмæ кæрæдзи цы къалиутæ фæхъыгдарынц, уыдон.

                                                                 ТЕДЕТЫ Владимир

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.