Ныр 4-æм аз уагъд æрцыд Ирыстоны хъайтар Тедеты Владимиры номарæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой 172 æвзонг богалы. Турниры призтыл тох кодтой, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Дагъыстаны богалтæ.

«Ныр 3-аг аз фæд-фæдыл æркæнын мæ хъомылгæнинæгты. Турнир тынг цæуы нæ зæрдæмæ. Ам ныл æрмæст хорз нæ сæмбæлынц, фæлæ ма нæ райгондæй фæндараст дæр акæнынц», – банысан кодта Дагъыстаны командæйы тренер Гасан Магомедов.

Ерысты хайадисджытæ архайдтой дыууæ гауызыл. Уыдон сæ тыхтæ фæлвæрдтой 14 уæзы категорийы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ турнир раздæр уагъд кæй цыд Къуайсайы, фæлæ ныр ерысты хайадисджыты нымæц кæй фæфылдæр, уый тыххæй уагъд æрцыд Цхинвалы.

Турниры хайадисджыты архайдмæ бакæсынмæ æмæ сын раарфæ кæныны тыххæй залмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли.

Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы Президенты номæй æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Ерысты хайадисджытæн ма раарфæ кодта æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Ирыстон-Аланийы федерацийы президент Хæдæрцаты Махарбеджы арфæйы фыстæг бакаст Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер Тедеты Марик.

Турнирмæ  æрбацыд зындгонд тренер Биазырты Савели дæр. Уымæн йæ хъомылгæнинæгтæ æрвылхатт дæр хайад райсынц ацы ерысты.

«Æрвылхатт дæр рарвитын мæ хъомылгæнинæгты ардæм. Уымæн æмæ ам хорз турниртæ фæцæуынц æмæ сывæллæттæн сты стыр пайда сæ дарддæры размæцыды хъуыддаджы», – загъта Биазырты Савели.

Турнирмæ ма æрбацыд Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат. Залы уыд ноджы бирæ зындгонд богалтæ. Уыдон ‘хсæн уыдысты дунейы чемпионтæ Æлдаттаты Ибрагим, Фæр-ниаты Ирбег, дунейы чемпионаты æвзист призер Зассеты Ален, Европæйы чемпион Фрайты Сослан, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпионтæ Лалыты Вадим, Хъалæгаты Олег, грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дунейы чемпион Зассеты Тенгиз æмæ æндæртæ.

«Мæхæдæг дæр ахæм ерыстæй райдыдтон мæ профессионалон карьерæ», – зæгъы Фæрниаты Ирбег.  «Хъуыды йæ кæнын, ацы спортивон залы кæй хæцыдтæн 1993 азы».

Турниры кадджын уазджыты ‘хсæн  уыд Украинæйы фæсивæды æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тасойты Вадим.

Ерысты хайадисджыты номыл арфæйы фыстæджытæ æрæрвыстой РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Челæхсаты Рустем æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Гæззаты Валери.

Боны дæргъы цыдысты карз спортивон тохтæ. Спортсментæй алчи дæр тырныдта йæхи хуыздæр равдисынмæ æмæ призтæ рамбулынмæ. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Магомедрасул Магомедов (23 кг, Дагъыстан), Плиты Вадим (32 кг, Цхинвал), Хуыгаты Артур (35 кг, Ногир), Зассеты Давид (38 кг, Дзæуджыхъæу), Къæбулты Алан (42 кг, Цхинвал), Санахъоты Сослан (46 кг, Дзæуджыхъæу), Гæззаты Азæмæт (50 кг, Æрыдон), Цоколаты Алан (54 кг, Алагир), Кокайты Спартак (58 кг, Горæтгæрон район), Бестауты Сæрмæт (63 кг, Дзæуджыхъæу), Хъарданты Магомед (69 кг, Дзæуджыхъæу), Дзæгъиаты Сослан (76 кг, Цхинвал), Биазырты Георги (85 кг, Дзæуджыхъæу) æмæ Плиты Давид (+85 кг, Дзæуджыхъæу).

Радон хатт та хуыздæр богалтæн лæвæрд æрцыдысты кубоктæ, майдантæ  æмæ Кады грамотатæ, афтæ ма æхцайы призтæ дæр. Дыууæ спортсменæн ма сæрмагонд призтæ лæвæрд æрцыдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæй.

Турниры сæйраг приз  лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы спортивон скъола «Труд»-æн, кæцы фæуæлахиз командон хыгъды.

———————-

ГОМ ТУРНИР АИВАДОН ГИМНАСТИКÆЙÆ

Цхинвалы уагъд æрцыд фыццаг гом турнир аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйæ. Ерысты сæ арæхст-дзинад æвдыстой куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны æвзонг спортсменкæтæ. Ерысты байгом кæныны церемонийы РХИ-йы аивадон гимнастикæйы президент Цхуырбаты Земæ æрæмысыд Хуссар Ирыстоны физикон культурæйы сгуыхт кусæг Гæбæраты Людмилæйы рухс ном, кæцыйы фæрцы республикæйы размæ цыд æмæ цæуы аивадон гимнастикæ. Йæ раныхасы РЦИ-Аланийы эстетикон гимнастикæйы президент Елена Чухлебова куыд загъта, афтæмæй фыццаг хатт æр-цыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ йын тынг æхсызгон у, гимнастикæйæ ар-хайынæн дзы кæй ис æппæт уавæртæ дæр.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, йæ уæлахиздзаутæ систы Гасситы Дианæ (Дзæуджыхъæу), Цъæхилты Вероникæ (Цхинвал), Саулохты Настя (Цхинвал), Мамиты Лизæ (Цхин-вал), Кокойты Дианæ (Цхинвал), Туаты Аделинæ (Дзæуджыхъæу) æмæ Инга Березова (Дзæуджыхъæу).

Эстетикон гимнастикæйæ 8-10-аздзыд спортсменкæты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Мæздæджы коман-дæ «Аланочка», 10-12-аздзыд гимнасткæты ‘хсæн та фæуæлахиз Цхинвалы командæ «Ир-Олимп». Хис-тæр кары спортсменкæты ‘хсæн ерысты дæр 1-аг ссис Цхинвалы командæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.