Дзауы районы уагъд æрцыд чиныг «Осетия и осетины»-йы саразæг, национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Челехсаты Хъазбегы цытæн турнир шахматтæй. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 11-æм хатт æмæ сæ алы хатт дæр  хайад райсынц республикæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ. Ныр дæр та дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 10 командæйы. Уыдоны нымæцы Цæгат Ирыстон-Аланийы Горæтгæрон районы командæ, кæцыйы сконды архайдта ацы республикæйы адæмон артист Къуыллыты Сергей дæр.

«Уый размæ дæр ма иу хатт хайад райстон ацы турниры æмæ тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Ныр дæр та стыр æхсызгонимæ æрцыдысты ардæм. Уыимæ пандемийы аххосæй РЦИ-Аланийы нал уадзынц ерыстæ», – банысан кодта Къуыллыты Сергей.  

Ерысты хайад райста республикæйы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы турнир ахъаз у республикæйы шахматты рæзтæн.  «Шахматтæй ацы турнир у нæ республикæйы уагъдцæуæг иууыл егъаудæр ерыстæй сæ иу. Уымæн стыр нысаниуæг ис нæ уарзон спорты рæзты æмæ популярондæр кæныны хъуыддаджы. Уымæн æмæ дзы хайад исы республикæйы районты æндæр æмæ æндæр къабæзты архайæг адæм. Афтæ ма дзы сæ арæхстдзинад фæлварынц цæгатирыстойнаг тыхджын шахматисттæ дæр», – загъта Саулохты Георги. 

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ командæтæ дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Иууыл цæттæдæр разындысты Паддзахадон университет æмæ РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы командæтæ æмæ фембæлдысты финалы. Партитæ рауадысты тынг æндыгъд. Фыццаг уал хъазт фæцис 3-аг фæйнæджы фарсмæ. Ам хыгъды размæ рацыдысты цæгатирыстойнаг шахматисттæ. Фæлæ дыккæгæм фæйнæджы фарсмæ паддзахадон университеты минæварæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Турниры уæлахиздзауы ном бæрæг цыд фыццаг фæйнæджы фарсмæ. Фæлæ ам хъазт фæцис æмдыхæй. Уымæ гæсгæ ерысты организатортæ сфæнд кодтой дыууæ командæйы дæр турниры уæлахиздзаутыл банымайын.

Æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæ.

Ерысты хайаджисджытæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, Самарайы областы адæмты цæдисы сæргълæууæг Хуыгаты Ростик æмæ Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

Ерысты хайадисджытæн бузныг загъта æмæ турнир куыд фæзынд, уый тыххæй радзырдта, ерыстæ кæй номыл цыдысты, уый – Челехсаты Хъазбег. Уый ма йæ чингуытæ ба-лæвар кодта къорд хъазæджы. Афтæ ма призтæ радта турниры иууыл асдæр хайадисæг Къæбулты Григори æмæ æвзонгдæр шахматист Болататы Заринæйæн.

Челехсаты Хъазбегæн йæхи та схорзæхджын кодта Зассеты Владимир. 

Кубоктæ, майдантæ, кады грамотатæ æмæ призтæ лæвæрд æрцыдысты ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæн.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 14-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуаты хъазыд Астраханы «Волгарь»-имæ. Ацы дыууæ командæ раздæр хъазыдысты Профессионалон футболон къорды (дыккаг дивизион), кæцыйæ ацы аз рахызтысты фыццаг дивизионмæ.

Фембæлды рæстæджы хуыздæр архайдтой фысымтæ. Бантыст сын дыууæ пурти бакъуырын æмæ 2:0 хыгъдæй рамбулын. 

Ацы уæлахизы фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 26 очкойы æмæ турнирон таблицæйы рахызт 5-æм бынатмæ.

Ныр алайнæгтæ радон туры 13-æм октябры уазæгуаты хъаздзысты Воронежы «Факел»-имæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.