Дзауы поселочы уагъд æрцыд 10-æм æхсæнадæмон турнир шахмæттæй ирон энциклопедийы автор, национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Челехсаты Хъазбеджы цытæн. Ацы аз ерысты хайад райстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны 10 командæйы. РЦИ-Аланийæ турнирмæ æрцыдысты Горæтгæрон район, Дзæуджыхъæу æмæ Алагиры шахаматисттæ. «Æз фыццаг хатт исын хайад ацы турниры æмæ мын тынг æхсызгон у, ерыстæм æрцæуын та мæ бон кæй ссис, уый», – банысан кодта Алагиры коман-дæйы минæвар Хохты Михаил.

Командæтæ дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Финалмæ ахызтысты фыццаг бынæттæ бацахсджытæ – ПТРК «Ир» æмæ Дзæуджыхъæуы шахматисттæ, кæцыйы сконды хъазыдысты Танделаты бинонтæ, Теделеты хъæуæй рацæугæтæ. Ацы фембæлды æн-тыстджындæр уыдысты дзæуджы-хъæуккæгтæ æмæ систы турниры уæлахиздзаутæ. ПТРК «Ир»-бацахста дыккаг бынат æмæ бронзæ майдантæ та рамбылдтой Горæтгæрон районы шахматисттæ. Хъазтмæ сæ хъус дардтой ин-теллигенцийы минæвæрттæ, уыдоны ‘хсæн уыд профессор Гаглойты Юри.

Турнир уагъд æрцæуы æрвылаз дæр æмæ йæм шахматисттæ рагацау сæхи бацæттæ кæнынц. Горæтгæрон районы командæ цалдæр хатты ссис сæйраг призы хицау. Æмæ ныр дæр тырныдтой уæ-лахиздзау суæвынмæ. «Мах стæм фæлтæрдджын шахматисттæ, фæлæ иннæ хайадисджытæ дæр азæй-аз хуыздæр кæнынц æмæ нын зындæр вæййы рамбулын», – турниры тыххæй загъта йæ  хъуыдытæ Горæтгæрон районы хъазæг Кокойты Георги.

«Ацы ерыстæ сты республикæйы хуыздæр культурон мадзæлттæй сæ иутæ. Азæй-аз тыхджындæр кæны хайадисджыты сконд æмæ турниры популярондзинад. Уый тыххæй мæ бузныг зæгъын фæнды йæ организатортæ æмæ Челехсаты Хъазбегæн», – загъта Гаглойты Юри.

Ерысты хайадисджытæ, уæлахиздзаутæ æмæ призертæн арфæ ракодтой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, спорты фарстаты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим.

«Æз хъуыды кæнын афтæ æмæ хистæр фæлтæрæн æхсызгон уыд скъоладзаутæ кæй рамбылдтой, уый. Уымæн æмæ мах фæнды, цæмæй нæ кæстæртæ уой нæхицæй хуыздæр. Бузныг зæгъын Челехсаты Хъазбегæн, уымæн æмæ йæ фæрцы ам æрæмбырд вæй-йынц Ирыстоны цæгат æмæ хуссары хуыздæр шахматисттæ», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Турниры кæрон Челехсаты Хъазбег йæ чиныг «Осетия и осетины» балæвар кодта турниры хайадисджытæн. Афтæ ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æр-лæууын кодта  турниры фæзынды историйы тыххæй. «Турнир фыццаг хатт уагъд æрцыд 10 азы размæ. Уæд 10 азы сæххæст чиныг «Осетия и осетины»-йы рацыдыл. Уыцы рæстæджы æз сдæн национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат. Æмæ Санахъоты Сослан фæндон бахаста, цæмæй мæ кадæн уагъд цæуа ацы турнир æмæ уæдæй фæстæмæ организаци æрцæуы æрвылаз дæр», – банысан кодта йæ раныхасы Челехсаты Хъазбег. Ерысты хайадисджытæй  призертæ чи не систы, уыдон  банысан кодтой, зæгъгæ, кусдзысты сæ рæдыдтытыл, цæмæй хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдисой фидæн аз 11-æм турниры.

НОМАРÆН ТУРНИР МИНИ-ФУТБОЛÆЙ

Дзауы поселочы уагъд æрцыд РХИ-йы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир мини-футболæй. Ерысты хайад райстой ахуырдзауты 13 командæйы. Уыцы иурæстæджы хъæзтытæ уагъд цыдысты дыууæ спортивон фæзуаты. Иууыл цæттæдæр разынд командæ «Ир», дыккаг ссис гимназ «Альбион» æмæ бронзæ майдантæ та фесты 5-æм скъолайы минæвæртты.

Ерыстæм æрбацыд æмæ  хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. «Фыццаджыдæр мæ бузныг зæгъын фæнды районы къухдариуæгадæн ахæм рæ-сугъд спортивон мадзалы тыххæй. Ирон адæм æвзыгъд сты спортмæ. Уымæ гæсгæ мах æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй ахæм рæсугъд мадзæлттæ арæхдæр уагъд цæуой нæ республикæйы», – загъта Тадтаты Алан.

Ерыстæ сæхгæныны церемонийы рæстæджы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей куыд фехъусын кодта, афтæмæй турнир уагъд цæудзæн æрвылаз дæр.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ кады грамотæтæй.

Бæрæг ма æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ. Хуыздæр кулдуаргæс ссис Са-нахъоты Давид (гимназ «Альбион»), хуыздæр хъахъхъæнæгыл нымад æр-цыд Гасситы Сæрмæт (Дзау), хуыздæр æрдæг хъахъхъæнæджы приз райста Тадтаты Арсен (5-æм скъола), хуыздæр бомбардиры приз лæвæрд æрцыд Джиоты Давидæн (Дзау) æмæ хуыздæр хъахъхъæнæг та рахуыдтой Æлборты Эдуарды (Ир). Приз райста иууыл хуыздæр техникæимæ футболист Къæбысты Арсен (Ир), «приз зрительских симпатий»-йæ хорзæхджын æрцыд Гасситы Сæрмæт (Дзау). Бежанты Зелимы бинонты номæй хорзæх райста  Цхуырбаты Давид куыд иууыл перспективондæр футболист, афтæ.

Сæрмагонд призтæй хорзæхджын æрцыдысты Дзауы скъола-интернаты директор Галуанты Залинæ, Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик æмæ Бежанты Зелимы фырт – Алан. 

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.