Хуыцаубоны-иу изæрæй сцæттæ кодтой  дзаджджын фынг æмæ-иу сæхи хорз федтой. Цæвиттон дæ къæхтыл дæр ма гуыбынтæ куы уаид, зæгъгæ-иу ахæм фырхæрд бакодтой. Иннæ райсом-иу райдыдта Комбæттæн. Афæдзы дæргъы æфсæст уыдзынæ æви нæ, уый уыцы бонæй аразгæ у, зæгъгæ, нымадтой.

Ацы бæрæгбон аразыны фæтк æмæ æгъдæуттæн уыд карз культон нысаниуæг, æмæ уыдон уыдысты æнæмæнг æххæст кæнинаг. Тутыры æндæр бæрæгбонтимæ иумæйаг æгъдæуттæй уæлдай арæзтой, æрмæст Тутырæн чи уыдис характерон, ахæм сæрмагонд æгъдæуттæ дæр. Зæгъæм, Тутыры фыццаг къуыри райсомæй дардтой мархо, фæлæ-иу сихормæ алы хæдзар дæр скодтаид æртæ уæливыхы, скодтой ма-иу нартхоры цæкуытæ, уæливыхтæ – Тутырæн, цæкуытæ – Уастырджийы бæхæн. Ӕгас хъæу-иу æрæмбырд бæрæг фæзуатмæ, уым-иу сæмбæлдысты хъæуы таурæгъгæнджытæ. Адæм-иу семæ æрхастой хæрд æмæ нозт æмæ-иу изæ-рæй сбадтысты фынгыл, бадтысты, æрмæст бинонтæ кæмæн уыд,  уыцы нæлгоймæгтæ. Фынджы хæрд – нозт хъуамæ уыдаит бæркадджын æмæ хæрзад. Тутыры номыл хæрд-нозт цы фсинæн сгуыхт, уымæн æмбал нæ уыдис, хорз æрмыконд ын ис, зæгъгæ-иу дзырдтой хъæубæстæ.

Тутыры цытæн кодтой задынтæ æмæ дæргъдымбыл тыппыртæ, уыдон кодтой, бинонтæ цал уы-дысты, уал. Уæлладжыры комы та кодтой тæнæг луаситæ. Бирæ хатт -иу хыссæйæ чысыл хай рахицæн кодтой æмæ-иу æй Хор-хоры бæрæгбоны схæццæ кодтой, задынтæ цы хыссæйæ кодтой, уыимæ. Ӕртæ задынæй-иу дыууæ бахордта гутондар, æрттыккаг-иу уыдис ссадæй змæст, æмæ-иу æй тауинæгтимæ æппæрстой ног конд хуыммæ. Ссадæй змæст-иу уыд фыдуынд конд, уымæн æмæ, дам, уый йæ фыдуынд бакастæй хъуа-мæ фæтæрсын кæна фыдбылызты, æмæ уыдон тыд хуымтæй алидзой. Фыййауы уæззау куыстæн тынг аргъ кодтой ирон адæм, уымæ гæсгæ фыййæуттæ Стыр Тутыры фыццаг бон, къуырисæры дардтой æнæмæнг Тутыры цытæн мархо.

Тутыры бæрæгбон уалдзæджы хæдзарадон куыстытæ райдианмæ кæй æййæфта, уымæ гæсгæ адæм уыцы бонты табу кодтой, хæдзарадон куыстытæн исты къуылымпы кæнæ фыдбылыз йæ бон æрхæссын кæмæн уыдис, уыдо-нæн иууылдæр – (сырдтæ, цæрæгойтæ), цæмæй сын сæ тыд хуымты æвыдæй ныууагътаиккой. Ахæм цæрæгойтыл нымадтой бирæгъы. Куывтой Тутырмæ, цæмæй фос бахъахъхъæна бирæгътæй (бирæгъты Тутыры къæбылатæ хуыдтой ирæттæ).

Цæмæй сын бирæгъ сæ фос ма ныццагътаид, уый тыххæй-иу фыййæуттæ сæ худтæ систой, сæ рæттæ-иу райхæлдтой, худы мидæг-иу дур нывæрдтой, уый фæстæ-иу худы кæрæттæ ронæй бабастой, стæй-иу æй фæхты нывæрдтой æмæ-иу дзырдтой “афтæ баст уæт бирæгъы дзых дæр, йæ комы – дур, афтæмæй.” Уыдис ма æндæр фæрæз дæр. Зæгъæм, фос æхсæв æддæ баззадысты, уæд-иу сæрвасæн æмæ хæсгард иумæ бабастой. Уый фæстæ-иу фыййау фæхтæй систа йæ баст худ æмæ-иу дзырдта: “О Хуыцау хæлар Тутыр! Дæ рахис цæстæй нæм ракæс æмæ кæрæдзийыл абар, мах дæ номыл цы мархо дарæм, уый дæхи мархоимæ. Дæ хорзæх ратт.  Сараз афтæ, цæмæй дæ къæбылатæн, бирæгътæн ацы худы комæй  баст уой сæ дзыхтæ, сæ кæмтты дуртæ куыд уа, æнæзмæлгæ æмæ æдас куыд уой мæнæ ацы хъæдын фæхтау, ахæм арфæ ракæн, бахиз нын нæ фос бирæгътæй.

Уастырджийы номыл-иу уыцы бонты арæзтой куывдтæ, хъæуы-иу ногбонæй фæстæмæ лæппу кæмæн райгуырд, уыцы бинонтæ. Тутыры бæрæгбонты сывæллæт-ты хæдæттыл рахизæрдыгæй хуыдтой сырх æндахæй дзуары хуызæн сынчытæ. Нæ фыдæлты ныхæстæм гæсгæ, уыдон сабиты хъахъхъæдтой фыдбылызæй æмæ фыдцæстæй.

Уыцы бæрæгбонты рæстæг ма  тынг ахсджиаг уыдысты магион архайдтытæ. Куырдтæ-иу сарæзтой æфсæйнаг дзуæрттæ æмæ æртæтигъон апотрпеятæ, ома амондхæссæг дзаумæттæ.  Ирæтты уырнындзинадмæ гæсгæ уыдон уыдысты фыдбылызæй хизæг  хъомысæй хайджын.  Сабиты-иу бакодтой куырдадзмæ, сæ къухтæ-иу сын æрæвæрын кодтой хъæсдарæгыл æмæ-иу сæ куырд чысыл дзæбугæй дыууæ хатты æрцавта, уыцы рæстæг-иу дзырдта арфæйы ныхæстæ:” Уацхуас, Тутыры фæдзæхст фæут”. Тутыры æртыццæг бон мархо дардтой æр-мæст чызджытæ. Хистæр кувæг-иу куывта Тутырмæ, зæгъгæ нын хъæддаг мæргътæ нæ хуымтæн знаггад ма кæнæнт. Уыцы бон-иу иуаздзыд байрæгтæн ралыг кодтой сæ къæдзилты æмæ сæ бæрцыты хъæбæр хъистæ,  галтæн та-иу æлвыдтой сæ бæрзæйты æмæ сæ ныхы хъуынтæ.

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, уыцы бон хъæдæрмæгæн цы бæлас ракалай, уый вæййы фидардæр, рæмпæг дæр æй нæ хæры æмæ йæм фыдбылыз дæр æмхиц нæ вæййы. Уымæ гæсгæ хæдзар аразынæн æмæ кусæнгæрзтæн (дзывыр сагæйттæ, æфсондз, тæбынгтæ). Бæлас калдтой ацы бон. Уымæй уæлдай ма арæзтой дзуæрттæ, дины уырнынадмæ гæсгæ кадджын бæласы мыггагæй, кæрзæй, хæрисæй, æхсæрæй æмæ бæрзæй. Ранымад бæлæстæн (уæлдайдæр та кæрз æмæ хæрис, уыдысты скифтæм дæр тынг кадджын бæлæстыл нымад – сæ къабузтæй сын-иу дæсны фарстой), ирæтты уырнынадмæ гæсгæ сын уыдис алæмæты магион тых, уыдон, дам фыдбылызты æмæ æвзæргæнджыты æввахс нæ уагътой. Ацы хъæдтæй арæзт дзуæртты æвæрдтой хордонты, тауинæгты æвæрæн бынæтты, ссаддоны. Ацы дзуæртты-иу тауинæгтæ æмæ æвзалытимæ хæццæ кодтой, афтæмæй-иу сæ бантыдтой, кæнæ-иу сæ æрцауыгътой дзывырыл, æфсондзыл, нымæтты гæппæлтимæ сæ æвæрдтой галы бæрзæй æмæ æфсондзы æхсæн. Хуымгæнæны фыццаг бон-иу сæ хуымзæххы тæккæ астæу æрсагътой. Тутыры бонты-иу сæ æвæрдтой хæдзары къæсæргæрон, скъæты æмæ мусы чъилыл. Фольклорон уацмысты дæр арæх вæййы ахæм кусæнгæрзты кой. Ӕвдыст дзы цæуы уыдон магион тых. Кусæнгæрзтæ аразынæн ацы бон иууыл хуыздæрыл нымад кæй цыд, ууыл ис адæмон зарджытæ дæр.

Тутыры бонтæ нымад цыдысты удæнцой æмæ фарнхæссæг бонтыл. Бæлвырд  æвдисæнтæ  нын фадат дæттынц афтæ хъуыды кæнынæн: Стыр Тутыртæ  сты, бæрæгбонты иу циклæн йæ кæрон чи нысан кæны, иннæмæн йæ райдайæн, ахæм бæрæгбон. Уый ахсджиаг у фыдæлтæй баззайгæ  æгъдæуттæ  кæнæг æхсæнадæн. Тутырты æртæ боны уыдысты зымæгæй уалдзæгмæ хизæн рæстæг фиппайæг, уæларвон буарадты ног нывтæ æвдисæг, тырныдтой, дунеæмбарынад ма йæ сæрысæйраг уавæры куы уыди, уæды уæлфæдзæхстон  сыгъдæг ахаст райсынмæ. Уалдзыгон куыстытæм бацæттæ кæныны æмæ уыдон райдайыны руаджы-иу сног ис, бæрæгбонты къордтыл дих кæнынæн  цы нысаниуæг уыди, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.