(Йæ райгуырдыл сæххæст 130 азы)

 

Нæртон зиууон уыд Тыбылты Алыксандр йæ адæмæн. Йæхи базонынæй йæ байсæфты бонмæ уыдис йæ адæмæн цырагъдар, рухсмæ фæндагамонæг.

Уый хорз æмбæрста, ног дуджы ног Ирыстонæн кæй хъæуы амæлттæ агурын, цæмæй йæ къæхтыл слæууа: «Хъæуы нæ иу зæрдæ, иу уынаффæ дарддæры цардæн, Ирыстоны фарн æмæ фæрныгады сырæзтæн».

Алыксандр уыд æвзагзонынады дæсны, ирон литературæйы истори иртасæг, зынгæ фольклорист æмæ публицист, куырыхон зондамонæг, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг.

Дзырд дæр ыл нæй, куырыхон адæймаг уыд Алыксандр, базырджын уыд хæххон цæргæсау, зылд Ирыстоны къуымты, не ‘взаджы ратæдзæнтæм, не ‘гъуыстаджы фольклормæ. Алыксандр раджы бамбæрста, кæй нын ис хъæздыг, фидауцджын æвзаг, хъæздыг фольклор, зæрингуырдтæ литературæйы фадыджы.  Тох кодта, цæмæй нын уа иууон литературон æвзаг.  «…Æрмæст хъуамæ уый зонæм, – фыста Алыксандр, – æмæ хицæн литературон æвзæгтыл куы ныххæцæм, уæд уый уыдзæн не сæфты нысан. Уæд нæ тыхтæ ны-къаппа-къуппа уыдзысты. Уæд культурон æвзаджы уæз нал афæраздзыстæм».

Къостайы бакæнгæ хъуыддæгтæн табу кодта Алыксандр. Къостайы æвзаг та нæ дарæг, уромæг, нæ хъуыдыты ратæдзæн кæй у, уый дæр æргомæй зæгъы: «Къоста дзуры сыгъдæг ирон кусæг лæджы æвзагæй. Цыфæнды арф æмæ бæрзонд хъуыдытæ куы сæвзæры Къостайы сæры, уæддæр сæ зæгъы хуымæтæджы ирон æвзагæй. Иунæг тыхаразгæ ныхас нæ разындзæн Къостайы зарджыты».

Æвзаджы   æмрæнхъ Алыксандр стыр куыст кодта ирон литературæйы историйы фарстытыл. 50 уацæй фылдæр ныффыста ирон литературæйы рæзты тыххæй, амыдта йын, куыд йæ рæзты фæндæгтæ, афтæ йæ къуылымпыдзинæдтæ дæр, тынг райгонд æмæ зæрдæ-рухсæй æмбæлд алы ирон чиныг, алы ирон журнал æмæ газеты фæзындыл.

Алыксандр цæстуарзонæй фыста Æгъуызаты Иуане, Къоста, Секъа, Арсеныл, Елбыздыхъо, Цомахъыл, Къубалты Алыксандр, Гулуты Андрей, Дзесты Куыдзæг, Хъуылаты Созырыхъо, Болайы фырт, Фæрнион æмæ æндæр фысджыты сфæлдыстадыл.

Стыр аргъ кодта, йæ размæ чи фыста, уыдонæн, йæ дуджы чи фыста, уыдонæн та уыдис сæ хъомылгæнæг, фæндагамонæг. Æцæг литературон критик уыд Алыксандр, цæстуарзон критик. Уый кæддæриддæр уыд рæстдзинады фарсхæцæг, нæ быхста æнæраст критикæ.

Литературæйы къæсæрæй фыццаг чи бахызт,   уыдонæн æххуыс хъæуы, уыдоны æвæрын æмæ хъомыл хъæуы – ахæм уыд Алыксандры хъуыды æмæ сын æххуыс дæр кодта. Сæ зæрдæ сын чи мардта, цæлхдуртæ сын чи æвæрдта, уыдонæн та аккаг дзуапп радта йæ уац: «Æвæрын хъæуы ног фысджыты», зæгъгæ.

Къостайы сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, кæуылты у Алыксандры хъуыды: «Ирон литературæйы мæсыгыл ставддæр дур Къоста бавæрдта. Не взаджы Къоста суасын кодта рæсугъд уадындзæй. Ирон кусæг адæмы фыдæлтыккон арф фынæйæ Къоста фестъæлфын кодта. Мæгуыртæн фыййау уый фæцыдис. Сидзæргæсы хъарæг уый ракодта».

Алыксандр никуы сразы, ирон æвзаг мæгуыр чи хуыдта, уыцы интеллигенцийы минæвæртты хъуыдытимæ.  Кæддæриддæр-иу сын дзуапп лæвæрдта, Къостайы саразгæ литературон æвзаджы къæбицмæ амонгæйæ. «Ирон æвзаджы мæгуырæй тонынц. Афтæмæй дзы разынди æвæджиау хæзнаты аивдзинады мадзæлттæ. Уыцы мадзæлттæй уый диссæгтæ кæны».

Стыр дисы æфтыдта Алыксандры Секъайы æвидигæ курдиат. Егъау аргъ ын кодта йе ‘взаг, йæ радзырдтæн. йæ хъуыды ахæм уыд: «у нас до сих пор не было более или менее удовлетворительных опытов в области изящной прозы».

Цæуыл уыд Секъайы сагъæс, йæ радзырдтæ фысгæйæ, ууыл дæр æмбæлон хъуыды загъта Алыксандр: «Они, главным образом, изображают эпоху крепостного права Закавказье, смутное и тревожное время, царившие на Кавказе до момента прихода русских, когда еще не было определенного правопорядка и царил произвол чиновников».

Зæрдæрухсæй сæмбæлд Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы фæзындыл. Куы йæ бакаст, уæд ахæм хатдзæгмæ æрцыд: «Цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уалынмæ нæ амæлдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ». Елбыздыхъойы «Амыран»-ы æмæ Къостайы «Æфсати»-йы цур бынат уыдзæнис «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн ирон литературæйы.

Нæ уыд рох Алыксандрæй Брытъиаты Елбыздыхъо. Сæрыстырæй йæ нымадта ирон театры бындурæвæрæгыл, йæ зæрдæ та йын æууылдта æндæр хъуыддаг: «… худинаг нын у, йæ фыстытæ нырыонг нымæхстæй кæй лæууынц». Алыксандр фæдисы хъæр кодта Ирыстоны къуымты, домдта, цæмæй мыхуыры рацæуой Елбыздыхъойы сфæлдыстадон бынтæ.

Зæгъы йæ хъуыды Коцойты Арсены тыххæй дæр: «Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрывæрдтой». Арсены хъæздыг æвзаг тынг фæцыд Алыксандры зæрдæмæ:

«Цы ирон литературон æвзаг аразæм, уымæн Коцойы фырты æлвæст æвзаг æмæ бæркадджын ныхас стыр æххуыс фæуыдзæн».

Ирон литературæйы Хъуылаты Созырыхъойы фæзынд Алыксандр банымадта æвæджиауы хорздзинадыл æмæ дзы зæгъы, зæгъгæ, «Хъуылаты Созырыхъойы ном æрæджы ферттывта ирон литеретурæйы», фæлæ бонæй-бонмæ тынгдæр рæз хæссы.

Райгонд уыд Алыксандр Созырыхъойы æвзаджы авналæнтæй: «Дзуры Созырыхъо рог арæхсджын æвзагæй. Адæмы æвзагмæ хæрз хæстæг лæууы йе взаг. Йæ хъайтарты ныхас йедзаг вæййы ирон æмбисæндтæй».

Йæ зæрдæ барухс Алыксандрæн, Беджызаты Чермен ирон литературæмæ куы æрбакъахдзæф кодта, уæд дæр. Тагъд бамбæрста æрыгон Чермены хъуыдытæ: «Æвзонг поэтæн йæ зæрдæ риссы мæгуырты рисæй, хæрам цæстæй кæсы фæллойгæнæджы къласон знæгтæм, уырны йæ, сæрибары дуг кæй æрцæудзæн».

Хъаруджын зиууоныл банымадта Алыксандр Фæрнион Къостайы. Сæрыстырæй дзы зæгъы: «Йæ туг æнхъизы Фæрнионæн, æрæнцой нæ зоны. Зæронд надвæндæгтæй ли-дзы дардмæ». Уæлдæр æй загътон: Тыбылты Алыксандр уыдис цæст-уарзон критик. Алыксандры дуджы æнæцæстуарзон критиктæ ирон литературон зиууæттæй бирæтыл цъыф куыд калдтой, æрыгон, райдайгæ поэтты сæ къæхты бын куыд кодтой,уыдæтты уыдта æмæ сæ ныхмæ цыд уæндонæй.

Кæсы æмæ федта Алыксандр, куыд уыд фæцæй хордтой æвзонг Фæрнионы. Уайдзæф сын кæны: «уанцон нæу, гормæттæ! Лæппын фыссæджы дæ быны акæн, дæ къахæй йыл бацу æмæ йæ зæххы æмхуызон скæн, уымæй æнцондæр цы ис». Æмæ ноджы: «Къостайы критиктæм куы байхъусай уæд æм, æгæрыстæмæй, фыссæджы курдиат дæр нал ис».

Алыксандры куырыхон хъуыды уыд: «Æвæрын хъæуы ног фысджыты». Райгонд уыд Алыксандр Гæдиаты Цомахъы бакæнгæ хъуыддæгтæй. Ирыстонæн æй ныфсы, хъуыддаджы лæгыл нымадта, куыста æмæ фыста Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл. Йæ хъуыды та Цомахъы тыххæй уыдис ахæм: «Костайы фæстæмæ нæ фысджытæй ахæм рæсугъд æвзагæй ничи радзырдта йæ зæрдæйы сагъæстæ. Ничи сфæлыста ахæм рæсугъд нывтæй нæ хæххон дуне».

Дзесты Куыдзæг ирон литературæйы къулдуарæй куы æрбахызт йæ радзырд «Хорхæссæг»-имæ, уæд Алыксандры дисæн кæрон нал уыд: «Уыцы таурæгъ уæнгты уый бæрц ахъардта, æмæ хъуамæ йæ кой рæгъмæ рахæсгæ уа».

Алыксандр йæ хъуыды загъта Хъороты Хъазбеджы тыххæй дæр, хоны йæ хæдахуыр поэт. «Уый æрбацыд аив литературæмæ кусæджы тæрхæй. Æрбацыд кусæджы зонд æмæ зæрдæйы ахастимæ».

Райгонд уыд Алыксандр Плиты Хадойы къухайстæй: «Плиты Харитон æвзæры Хуссар Ирыстоны ног поэтты хсæн йæ зарджыты лирикон ахастæй…»

Буц æмæ сæрыстыр уыд Алыксандр Гулуты Андрей æмæ Малиты Георгийы къухайстæй. Бæрзонд сын систа сæ нæмтты дæр æмæ се сфæлдисгæ уацмысты дæр.

Йæ хъуыдытæ загъта Болайы фырты тыххæй дæр. Йæ фыццаг къахдзæфы зыны, Болайы фырт лæмæгъ къахдзæфæй кæй æрбахызт ирон литературæмæ. Фæлæ Алыксандры ныфс уыд, «Болайы фыртмæ фыссæджы курдиат кæй ис. Æрмæст хъуамæ цæуа йæхи фæндагыл, макæй фæзма, кæд фæзма, уæд та Къостайы», – зæгъы Алыксандр.

Тыбылты Алыксандр Залдайаг уыд, Залдайы райгуырд ,Залдайаг уыд Æгъуызаты Иуане дæр. Иуане чи ууыд, ууыл алыгъуызон ныхæстæ цыд нæ аивады. Фарстмæ йæ хъус дардта Алыксандр дæр æмæ сæвæрдта фарст: «Чи уыд Ялгъузидзе?». Йæ дзуапп æргом æмæ уæндон уыд Тыбылы фыртæн: «Куыдфæнды йæ домæм ацы лæджы, уæддæр уый уыдис фыццаг ирон фыссæг æмæ йын хъуамæ йæ царды хабæрттæ æмæ йæ куыст лыстæггй раиртасæм».

Тыбылты Алыксандр ахъаззаджы куыст бакодта Иуанейы цард æмæ сфæлдыстадыл. Ууыл дзурæг сты йæ зынгæ уацтæ: «Чи уыд Ялгъузидзе ?», «Ялгъузидзе-ирон адæмы фарсисæг», «Ялгъузидзе-ирон фысты бындурæвæрæг».

Æмткæй Алыксандры хъуыды ахæм у: «Уыцы уагæй Æгъуызаты Иуане йæхи ирон хæххон адæмæй дæр нæ атыдта: сыгъдæгæй зыдта ирон æвзаг, йæ зæрдæ уыд ирон адæмимæ , йæ бон цас уыдис, уымæй уæлæмæ хæцыдис ирон адæмыл». Кæнæ… «Ирон адæмæй фыццаг хатт (иронау-Г.П.) фыссын байдыдта Ялгъузидзе. Ирон чиныгæн йæ сæр уырдыгæй рацыдис. Йæ ирон тексттæ Æгъуызаты Иуане ныффыста гуырдзиаг дамгъæтæй»… «Уымæй уæлдай Ялгъузидзе равдыста стыр поэты хъару. Фæстаг рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй гуырдзиаг æвзагыл кадæг «Алгъузиани» рацыд Ялгъузидзейы къухæй».

Йæ кæстæртæм рæвдаугæ цæстæй каст Алыксандр. Зæрдæрухс уыд ног литературон зиууæттæй, сæ къахдзæфтæм сын лыстæггай каст æмæ-иу, дзырдта; «Æвзонг поэттæ æмæ белетристтæ  Плиты Геса, Гæззаты Сослан, Козаты Ило æмæ Беджызаты Уасил ралæууыдысты сæ фыццаг уацмыстимæ. Уыцы уацмыстæй зыны ног, хъузæттæ кæй рæзы ирон советон литературæйæ.

Алыксандр стыр аргъ кодта йæ адæмон сфæлдыстадæн. Æппæт йæ тыхтæ лæвæрдта, цæмæй нæ адæмон  сфæлдыстад тымбыл æмæ мыхуыргонд æрцæуа. Уый раджы рахатыд, ирон фольклор хъæздыг æмæ къабазджын кæй у. уый æрæмбырд кæнын, сæ рауадзыны йæхæдæг дæр уыд активон хайадисæг. Цы чингуытæ цыд мыхуыры: «Нарты ккадджытæ» – (1929), «Даредзанты кадджытæ», мифтæ, бынæттон таурæгътæ» – (1929), «Аргъæуттоæ æмæ æмбисæндтæ» – (1930) æмæ æндæртæ, уыдонæн йæхæдæг фыста разныхæстæ.

1936 азы та мыхуыры рацыд «Хуссар Ирыстоны фольклор», уымæн дæр йæ разныхас Алыксандры фыст у.

Тыбылты Алыксандр æмбæлон иртасæн куыстытæ бакодта ирон фольклорыл. Уыдон та сты: «М.В. Рклицкийы чиныг «Нартæ æмæ Нарты кадджытæ», «Нартские сказания», «Нарты кадджытæ», «Ирон аргъæуттæ», «Ног адæмон зарджытæ Хуссар Ирыстоны» æмæ æнд. Дзæвгар у сæ нымæц аивад, рухсад, мыхуыр, æвзаг, истори æмæ æндæр хъуыддæгты фæдыл цы уацтæ фæфыста, уыдонæн дæр.

Тыбылы фырт мадæлон æвзагæй куыд рæвдз уыдис, афтæ арæхстджын уыдис уырыссаг æвзагæй дæр æмæ йын уый фадат лæвæрдта тæлмац кæныны хъуыддагæн. Йæ тæлмацтæ сты гъæдджын, нуарджын. Уыдон та сты: «Хор» – В.Киршоны фарастнывон пьесæ, «Кæлмхæрд» – М.Шолоховы радзырд, «Цæй ныр чи кæй?» – Ф. анферовы роман «Бруски»-йы скъуыддзаг.

Тыбылты Алыксандр хæлардзинады фæндæгтæ-хидтæ аразæг уыд йæ цыбыр царды бонты. Нæ дзы уыдысты рох æфсымæрон адæмты литературæты стъалытæ дæр. Цæстуарзон куыстытæ ныффыста Максим Горькийыл («Максим Горький»-1868-1928), Л.Н. Толстойыл («Л.Н.Толстой  1828-1928», «Л.Толстой»), М.Ю. Лермонтовыл («М.Ю. Лермонтов»), А.С.Пушкиныл («А.С.Пушкины поэзийы тыххæй»), А. Фирдоусийыл («Абульгасим Фирдоуси»-йыл), Важа Пшавелайыл («Важа Пшавела»), Е. Ниношвилийыл («Егнате Ниношвили») æмæ æндæртæ.

Æфсæддонау æмвæтæнæгæй рацыд Алыксандр йæ адæмы царды ахсджиаг фарстатæ банывыл кæнынмæ. Цы фарстатæм нæ бавнæлдта, цынæ фарстатæй йын не ууылдтой йе взонг зæрдæ. Стыр зиууон уыд Алыксандр ирвæдæны арвыл. Махæн ницы фидауы, 1937 аз нæ цæвæгæй кæрдæгау ныккарста, ирвæдæны хуыздæр зиууæттæ бабын сты, сæ сыгъд, сæ фæллад стджытыл ма абон дæр амайæм, цы бынтæ фесæфтам, уыдоны.

Алыксандры ном мысинаг у кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Нæ адæм фаг æмæ рæстмæ нæ зонынц Тыбылы фырты бакæнгæ æмæ саразгæ хъуыддæгты. Нæ университет ын хæссы йæ ном, йæ номыл ис стипенди дæр. Алыксандры райгуырдыл сæххæст 130 азы, 85 азы та йæ саразгæ пединститутыл (Университетыл). Сæ дыууæ дæр кад æмæ цытимæ банысанкæнинаг сты ирон адæмæн Хуссары рдыгæй дæр æмæ Цæгаты рдыгæй дæр. Ахуыр хъæуы Тыбылы фырты сфæлдыстадон бынтæ, æмæ нæм уæд бахъардзæн, цæуыл уыд Алык-сандры сагъæс, цæуыл рысти йæ зæрдæ. Уæд, чи зоны, арф ныхъхъуыды кæнæм: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг».

Университет йæ ног дуæрттæ куы байгом кæна, уæд нæ ныхасы сæйраг уыдзæн Алыксандрыл, уымæн æмæ йæ уый райдыдта аразын, бындур ын уый æрывæрдта.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.