Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковы визиты фæстиуджытæ æмæ республикæйы мидæггагон боны фæткы актуалон фарстыты тыххæй Президент Тыбылты Леонид цыбыр комментари радта Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон порталæн.

– Леонид Харитоны фырт, цахæм сты нæ республикæмæ Владислав Сурковы визиты фæстиуджытæ?

Фыццаг рады, Владислав Юрийы фырт Хуссар Ирыстоны адæм æмæ къухдариуæгадæн загъта Владимир Путины фарсхæцынады ныхæстæ. Уæрæсейы уæлдæр æмвæзады тынг хорз уынынц, аивгъуыйгæ 5 азы Хуссар Ирыстон куыд фæивта, уый. Мах æруынаффæ кодтам социалон-экономикон фадыджы дыууæварсон æмгуыстады сæйраг параметртыл æмæ плæнттыл куыд ацы азæн, афтæ уый фæстæ азтæн дæр. Фондз азы дæргъы бакæнгæ куысты руаджы, абон Хуссар Ирыстонмæ  Уæрæсейы ‘рдыгæй ис æууæнчы стыр кредит, кæцыйæ мах, æнæмæнгæй, спайда кæндзыстæм дарддæры рæзты æмæ нæ адæмы фæрныгад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Экономикон проблемæты фоныл, нæ республикæйæн Уæрæсейы æххуысы гуырахст нæ фæкъаддæр, фæлæ уый хыгъд, къорд здæхтыты фæфылдæр. Фæнды мæ банысан кæнын Владислав Сурковы хисæрмагонд хайбавæрд Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастыты рæзтмæ: Владислав Юрийы фырт тынг бирæ аразы уый тыххæй, цæмæй республикæйы раз сæвзæргæ проблемæтæ тагъдыл æмæ гъæдджынæй скъуыддзаг цæуой. Æввахс азтæн мах нæ разы æвæрæм серьезон, амбициозон нысæнттæ, кæцытæ, мæн уырны, æнæмæнгæй бафтдзысты Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ къухдариуæгады къухты.

– Сымах, æвæццæгæн, уынаффæ кодтат Президентон æвзæрстытыл дæр, кæцытæ уагъд æрцæудзысты апрелы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæрстыты темæмæ ныртæккæ здæхт цæуы уæлдай хъусдард, æмæ æз системон æгъдауæй ууыл уынаффæ кæнын мæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Нæ ахаст ацы цаумæ дæр у иу: æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой сабыр уавæры, архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ алкæйы зæрдыл дæр лæууы, махмæ 2011 азы цы цаутæ цыд æмæ Хуссар Ирыстоны адæм уыцы кризисы фæстиуджыты сæрты цахæм архайдтыты аргъæй ахызтысты. Уымæ гæсгæ дестабилизацимæ чысылдæр архайд бынтондæр райсинаг нæу Президентæн, уый тыххæй чифæнды ма архайа, уæддæр.

Азы райдианæй хуссарирыстойнаг æхсæнады уынаффæ кæнынц 2017 азæн бюджеты темæ, кæцы ист нæ цыд дæргъвæтин рæстæджы дæргъы. Уыимæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы парламентон фылдæр хай бюджеты райст баста тæрхондонон реформæимæ, кæцы республикæйы цæрджытæм расайдта бæрæг æнæмбæрстдзинад. Цахæм стадийыл ис бюджетимæ фарсты уынаффæ?

Æз лыстæггай нæ дзурдзынæн тæрхондонон реформæйыл, кæцыйæ æвзæрстыты размæйы агъоммæ чидæр тынг рæузондæй æмæ æнæнтыстæй фæнд кодта политикон бонустæ бакусын. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ адæмæн цымыдисон не сты юридикон нормæтæ æмæ барадон коллизиты быцæудзинæдтæ. Парламент не ‘ркаст бюджетмæ декабры мæйы, нæ йæм æркаст суанг январы кæронмæ, æмæ уымæй бандзыг кодта хицæн службæты æмæ ведомствоты куыст. Паддзахады сæргълæууæг куыд хъуамæ саргъ кæна ахæм уавæрæн, парламентон фылдæр хай йæхи фæндонмæ гæсгæ, тæрхондонон реформæ ауадзын адæмон бюджеты райсты домæнтимæ куы æвæра, æмæ йæ уый фæстæ дæр гуымир фæткхалæнтимæ куы райса, уæд? Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд Хуссар Ирыстоны адæмы интерестæн, Уæрæсеимæ нæ æмгуыстады интерестæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм архайдыл.

Бюджеты тыххæй Закъоны проект ныртæккæ ис Президенты Администрацийы, фæлæ уый ахæм хуызы ист куыд æрцыд, уый мæнæн у зын базонæн. Закъонмæ «бахастой» «Иугонд Ирыстон»-ы редакцийæ тæрхондонон реформæйы тыххæй статья, иу документы хуымæтæджы æмæ конституцион закъæтты нормæтæ баиу кæнгæйæ. Партитæ «Дзыллæты иудзинад», «Ныхас» æмæ «Адæмон парти»-йы депутатты хъуыды «Иугонд Ирыстон»-ы традицимæ гæсгæ ницæмæ æрдардтой.

Уайы афтæ, æмæ бюджетмæ, кæцы æвдисы Хуссар Ирыстоны адæмы интерестæ æмæ Уæрæсеимæ æмгуыстады нæ социалон-экономикон сæйраг уагæвæрдтæ, хаст æрцыдысты, растдæр зæгъгæйæ, кæйдæр хисæрмагонд фæндæттæ. Уыимæ иумæ, бюджеты райстæн дарддæргæнæн нæй, парламентон фылдæр хайы архайдтытæй мах æнæуый дæр æнæбыхсгæйæ фесæфтам бирæ рæстæг. Дзырд цæуы адæмы интерестыл æмæ Уæрæсеимæ нæ ахастыты тыххæй, кæцытæ мæнæн сты алцæмæй уæлдæр. Фæлæ, æз ратдзынæн æмбæлон органтæн хæслæвæрд бюджеты тыххæй Парламентæй æрбацæугæ закъоны 7-æм статья закъондæттынадæн æмбæлон у æви нæ, уый сбæрæг кæныны фæдыл.

Никæйы къух аразы, Парламент æппынæдзух цахæмдæр быцæутæ кæй кæны, уый, кæцыйы фæстиуæгæн закъондæттынадон орган фактон æгъдауæй фестад æнæстабилондзинады гуырæн. Дыууæ азы æмæ æрдæгмæйы дæргъы æз быхстон æмæ æнхъæлмæ кастæн,   паддзахадон фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ Парламент бæрнон ахаст кæй равдисдзæн, уымæ. Хъыгагæн, парламентон фылдæр хайы архайдтытæ здæхт сты аразынмæ æмæ рæзтмæ нæ, фæлæ конфликт æмæ æнæконструктивон архайдтытæм.

Апрелы мах уадзæм Президентон æвзæрстытæ. Æмæ уыдоны фæстæ, æппæтыл æртæрхон кæнгæйæ, бахъæудзæн ныртæккæйы хуызы Парламенты дарддæры архайды нысанмæздæхтдзинадмæ æркæсын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.