21 июны киноконцертон зал «Чермен»-ы уыд бæрæгбонон мадзал, кæцы ауагъдæуыд Медицинæйы кусджыты боны цытæн. Хуынд æм æрцыдысты медицинæйы фадыджы кусджытæ æппæт медицинон уагдæттæй, медиктæ-ветерантæ. Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ республикæйы æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Мадзал байгом кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр, РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Кулиджанов Григори. Бæрæгбоны цытæн уый раарфæ кодта медицинон кусджытæн æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынимæ баст чи у, уыцы адæймæгтæн. Æрæмбырдуæвджытæн уый цыбыртæй радзырдта бæрæгбоны историйы æмæ ацы профессийы бæрндзинады тыххæй.

«Ацы бон нын фадат фæцис урс халатты адæймæгтæн раарфæ кæнын сæ бæрзонд профессионализмы æмæ цæсгомджын куысты тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн уыдон бахъахъхъæнынц адæймагæн дыууæ æнæмæнгхъæуæг æрмæджы — йæ цард æмæ æнæниздзинад. Медиктæ бирæ азты дæргъы, сæхи цардыл нæ ахъуыды кæнгæйæ æмæ Гип-пократы сомыйыл æнувыд уæвгæйæ, хъахъхъæнынц искæй цардтæ, кæцы сын лæвæрд вæййы иу хатт æмæ цæргæцæрæнбонтæм.

Медицинон кусæджы професси у иууыл хæрзиуæгон æмæ гуманондæр професситæй сæ иу. Уый домы, æрмæст арф зонындзи-нæдтæ нæ, фæлæ æгæрон бæрндзинад æмæ бæрзонд арæхстдзинад, уыимæ иумæ ма йæм хъуамæ уа уæлдай моралон-хæрзæгъдауы миниуджытæ дæр — аудаг зæрдæ, зæрдæмæисаг, искæй зындзинад æмæ рисыл фæриссын», — банысан кодта министр.

Кулиджанов Григори куыд радзырдта, афтæмæй абоны бонмæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы кусы 1696 адæймаджы, уыдонæй 305 — дохтыртæ, 747 — медицинон хотæ, 423 та — кæстæр медперсоналы кусджытæ. Уыдонæй алкæмæн дæр раарфæ кодта министр сæ цæсгомджын куысты, адæймаджы цардмæ хæларзæрдæ, аудгæ ахаст кæй дарынц, уый тыххæй.

«Медицинон кусджытæ уыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты. Кæд нæ хæдбардзинады сæрыл хæцæнгæрзтимæ нæ тох кодтам, уæддæр нæ куыст тынг ахсджиаг ролы ахъазыд. Æхстыты бын æмæ ныккæндты республикæйы медиктæ сæ æмбæстагон хæс æххæст кодтой, уыдонæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой нæ уæлахизы сæрыл. Уыдонæн сæ ном рох макуы уæнт!» — бахахх кодта министр.

Министр бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн дæр, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыгмæ йæ хъус лæмбынæг кæй дары, уый тыххæй æмæ цыбыртæй радзырдта, 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыд æмæ цæуы, уыдоны тыххæй.

«Инвестицион программæйы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд æмæ ноджыдæр рæзынц æнæниздзинад хъахъхъæныны бирæ объекттæ, уыдон ифтонг цæуынц нырыккон техникæйæ. Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн сывæллæтты рынчындон, арæзт цæуы республикон гуырæн хæдзар æмæ операцион корпус. Ацы объекттæ ифтонг æрцæудзысты иууыл нырыккондæр ифтонггæрзтæй, æмæ уæд нæ рын-чынты нал хъæудзæн хос кæнынмæ республикæйæн æддæмæ ацæуыны сæр», — загъта уый.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбæрцæй фæхуыздæр медицинон уагдæтты реактивтæ æмæ æндæр хъæуæг медицинон препараттæй ифтонг кæныны хъуыддаг.

«Æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы хорзæрдæм, гъæдджын ивындзинæдтыл дзурæг цæвиттонтæ бирæ æрхæссæн ис», — банысан кодта уый.

Уый ноджыдæр раарфæ кодта медиктæн, загъта сын фидар æнæниздзинады, сæ хæрзиуæгон куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.

Дарддæр раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Уый раарфæ кодта медицинон уагдæтты кусджытæн æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта сæ æмбæстагон æмæ профессионалон хæс кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

«Адæймаджы цард фервæзын кæнын, уый хæрзиуæгон хъуыддаг у. Мæн фидарæй уырны уый, æмæ сымахæн дарддæр дæр фадат уыдзæн йæ адарддæр кæнын. Уымæн æмæ, цы хъизæмайраджы рæстæджы рацардыстæм, уыцы уæззау азты сымах фæрцы медицинæйы фадыг хъахъхъæд æрцыд. Мах никуы ферох кæндзыстæм медикты, кæцытæ æххæст кодтой сæ æмбæстагон хæс æмæ хъахъхъæдтой сæ адæмы. Мах æй зонæм, уыдонæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой уыцы хæрзиуæгон хъуыддагæн», — банысан кодта Президент æмæ бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу минут æмырæй алæугæйæ, ссарой уыдоны рухс нæмттæ.

«Мах, республикæйы къухдариуæгад, стыр аргъ кæнæм уæ куыстæн, уымæн æмæ республикæйæн уæззау рæстæджыты сымах æп-пæт дæр арæзтат, куыстат æгæрон уæз-зау уавæрты, цæмæй бахъахъхъæнат, фервæзын кæнат нæ адæмы, не ’мбæстæгты цард. Уый тыххæй уын стыр бузныг», — загъта уый.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны сæйраг проблемæ Тыбылты Леонид схуыдта, иуæй-иу уæззау рынчынтæн хос кæнын республикæйы æддейæ кæй фæхъæуы æмæ сæ уый фæстиуæгæн «нæ хуссайраг бæстæйы медицинон уагдæттæм æрвитын кæй бахъæуы», уый.

Уый тыххæй æрсидт медицинон кусджытæм, цæмæй кусой уыцы фарст аскъуыддзаг кæныныл æмæ рынчынтæн хос кæной нæхи медицинон уагдæтты.

«Мах абон нæ цард аразæм æфсымæрон Уæрæсеимæ æмæ нын æппæт фадæттæ дæр ис, цæмæй уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнæм æрмæстдæр Уæрæсейы Федерациимæ. 2008 азы августы фæстæ медицинæйы фадыг сæндидзын кæнын, æнæниздзинад хъахъ-хъæныны системæйы модернизаци, медицинон уагдæтты арæзтад, медицинон препараттæй ифтонг кæнын — æппæт уыдон арæзт цæуынц Уæрæсейы Федерацийы æхуысы фæрцы. Рæзы медицинæ дæр. Абон мах кусæм не ’мбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл Президентон программæйыл», — загъта Президент.

«Президентон программæйæ пайда кæндзыстæм, цæмæй нæ адæм стырæй чысылмæ уой æнæниз», — бахахх кодта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн дæр сæ алыварсон æххуысы тыххæй.

«Инвестпрограммæйы фæлгæтты медицинон центрты арæзтад кæронмæ фæуыдзæн. Республикæйы цæрджытæ бынаты исдзысты бæрзондквалификацион æххуыс», — бамбарын кодта Президент.

Тыбылты Леонид ноджыдæр раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыр»-ы кадджын нысанæй схорзæхджын кодта, æнæниз-дзинад хъахъхъæныны фадыджы кусджытæй йæ куысты хуыздæр йæхи чи равдыста, уыдоны. Бирæтæ та хорзæхджын æрцыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хорзæхтæй.

Цытджын мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбонон концерт равдыстой адæмон кафты ансамбль «Амонд», Гатыгкоты Нинæ, Саппиты Зæлинæ, Къæбысты Сæрмæт, Харебаты Злата æмæ æндæртæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.