УÆРÆСЕЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИДÆН ЗАГЪТА ПРЕЗИДЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТЫ ÆНТЫСТЫ ФÆНДИÆГТÆ

Мæскуыйы, Кремлы, 21 марты фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин. Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд дыууæфарсон ахастыты рæзты перспективæйыл, фыццаджыдæр, социалон-экономикон къабазы, афтæ ма республикæйы æрбалæугæ æвзæрстытыл.

«Иууыл ахсджиагдæр мидполитикон цау у апрелы райдианы Президенты æвзæрстытæ. Мæ цæст дын уарзы æнтыст. Ныфс мæ ис, алцыдæр кæй ацæудзæн архайæг Конституцийы фæлгæтты, Хуссар Ирыстоны закъæтты хъахъхъæнгæйæ, æмæ арæзт кæй æрцæудзæн хæрзвадат уавæртæ рæзтæн», – загъта Владимир Путин.

 

В. ПУТИН РАЙГОНД У, РХИ-йы ÆМÆ УФ-йы ‘ХСÆН БАДЗЫРДТÆ КУЫД РЕАЛИЗАЦИ ЦÆУЫНЦ, УЫМÆЙ

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æрбæстон сты, æцæгæйдæр, æмцæдисон ахастытæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидимæ Кремлы йæ фембæлды рæстæджы.

«Мах нæ ахастытæ рæзын кæнæм нæ базæйон Бадзырды бындурыл, къухтæ ма ноджыдæр æрфыстæуыд секторалон здæхтыты фæдыл документтыл – иумæйагæй сисгæйæ, æппæт дæр реализаци цæуы æнтысгæйæ. Ахæм стыр куысты ис фарстытæ дæр, кæцытæ домынц сæрмагонд хъусдард не ‘рдыгæй», – загъта В. Путин.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, фембæлдтытæ фактон æгъдауæй систы æрвылазон æмæ традицион.

«Æцæгæйдæр, дыууæ азы дæргъы стыр куыст бачындæуыд Бадзырд реализаци кæныны фæдыл, уый баххæст æрцыд ног сразыдзинæдтæй, уыдонæй бирæтæ ныридæгæн кусынц æмæ адæм сæхиуыл æнкъарынц сæ фæстиуджыты. Сразыдзинæдтæ æмæ баныхæстæ æрмæст цавæрдæр здæхтыты фæдыл не сты, фæлæ уыдон сты æдасдзинад, сомбоныл æууæндын, социалон-экономикон рæзты фæдыл куыст дарддæр кæнын», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

 

В. ПУТИН ХЪУСДАРД АЗДÆХТА ДАРДДÆРЫ КУЫСТЫ КЪОРД ФАРСТЫТÆ АСКЪУЫДДЗАГ КÆНЫНМÆ

Фондз азы дæргъы куысты фæстиуджытыл дзургæйæ, Тыбылты Леонид Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ фембæлды банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы масштабон æххуысы руаджы абон Хуссар Ирыстон фæивта.

«Арæх æрымысын нæ фыццаг фембæлды, уæд райдыдтон æз кусын… Хуссар Ирыстоны уæд æз сныв кодтон тар хуызы. Фондз азы рацæуыны фæстæ, куыстæн фæстиуджытæ саразгæйæ, мæ бон у бæрнонæй зæгъон, Уæрæсейы Федерацийы масштабон æххуысы руаджы абон Хуссар Ирыстон кæй фæивта», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент хъусдард аздæх-та уымæ æмæ хорз фæстиуджытæ кæй дæтты уæрæсейаг коллегæтимæ æмархайд бирæ программæты, уыцы нымæцы инвестпрограммæтæ реализаци кæныны къабазы.

«Гæнæн ис æмæ ныр дзурæм сæдæгай арæзт бæстыхæйттыл, социалон нысаниуæджы объекттыл. Горæт Цхинвал, республикæйы столицæ, æндæр цæрæн бынæттæ, районон центртæ сæ хуыз фæивтой, адæм ныр æндæр цæстæй кæсынц цардмæ. Бирæ программæты, уыцы нымæцы инвестицион программæты реализаци кæныны къабазы уæрæсейаг коллегæтимæ, æмбæлон специалисттимæ æмархайд æмæ æмгуысткæнынад дæттынц хорз фæстиуджытæ», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Владимир Путин загъта йæ фæндиаг, цæмæй æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынхъомдзинад бæрзонддæр кæныны фарстытимæ хъусдард здæхт цæуа, хорз фæлтæрддзинад хынцгæйæ, экономикæ æмæ адæмы фæрныгады рæзтмæ.

«Иумæйагæй сисгæйæ, мах райгонд стæм, уæ бæстæйы ситуаци кæй стабилизаци кæны, зæгъæн ис, у стабилон. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сæйраджыдæр, уымæ абон мах сымахимæ нæ хъусдард хъуамæ аздахæм нæ ныхасы рæстæджы. Æдасдзинады, хъахъхъæнынхъомдзинад бæрзонддæр кæныны фарстытимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, боны фæткы сты, фыццаджыдæр, социалон-экономикон нысаниуæджы, адæмы царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны фарстытæ», – загъта Владимир Путин.

Тыбылты Леонид бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта сæрмагондæй Путинæн уыцы аз-ты дæргъы йе ‘ххуысы тыххæй.

«Æппæт æххуыс дæр цыдис Хуссар Ирыстонмæ æмæ алы хатт дæр ардта йæ адресаты. Уый у иттæг ахсджиаг», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

«Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад æмæ Уæрæсейы дидинрафтыд!», – кæронбæттæны загъта Тыбылы фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.