РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид хайад райста Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты Зонадон советы рабадты, кæцыйы ма хайад райста Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Рабадт йæ куыст райдыдта университеты сгуыхт кусджытæн зонадон нæмттæ – профессор æмæ доценты нæмтты тыххæй дипломтæ радтыны цытджын церемонийæ.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим зонадон ном – профессоры номы тыххæй дипломтæ радта дыууæ адæймагæн  – Тедеты Анатоли æмæ Плиты Гацырæн. Бесаты Азæ, Сиукъаты Аленæ, Цхуырбаты Мирæйæн та лæвæрд æрцыдысты ахуырадон цин – доценты нæмттæ.

Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, æркæсынмæ хаст æрцыдис республикæйы Президенты цур Уæлдæр аттестацион къамис саразыны тыххæй фарст, кæцы кусдзæн æхсæнадон райдиантыл æмæ архайдзæн ахуырадон нæмттæ радтынмæ æркæсыны фарстытыл. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, абоны бонмæ ацы фарстытæм кæсы Ахуырад æмæ зонады министрады цур специалон къамис.

Ахуырадон советы рабадты организацион фарстытыл уынаффæ кæнынмæ рахизгæйæ, Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, куыст ацæудзæн, раздæры форматмæ гæсгæ нæ, фæлæ æндæр уагыл – Президентимæ рабадты хайадисджыты комкоммæ ныхасы, кæцыйы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг дзуапп ратдзæн, Ахуырадон советы уæнгтæ цы фарстытæм цымыдис кæнынц, уыдонæн.

Йæ арфæйы ныхасы Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, алы хатт дæр стыр æхсызгонæй ауадзы фембæлдтытæ профессортæ æмæ ахуыргæнджыты скондимæ, æмæ цæттæ кæй у, цы фарстытæ сæ цымыдис кæнынц, уыдонæн дзуапп радтынмæ.

«Æз мæхæдæг дæр ахуыр кодтон нæ университеты. Хъуыды кæнын мæ ахуыргæнджыты, кæцытæй, хъыгагæн, бирæтæ абон не ‘хсæн нал сты. Æрæджы ацы залы мæнæн фембæлд уыдис не студенттимæ. Æз стыр æхсызгонæй банысан кодтон, ам кæй кусынц бæрнон адæймæгтæ, кæцытæ нæ ауæрдынц сæ тыхтæ, сæ хъарутыл, цæмæй нæ æрыгон фæлтæр райсой хъæуæг хъомылад æмæ зонындзинæдтæ, кæцытæ сын сбæздзысты фидæны. Сымах стут æцæг патриоттæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет банысан кæндзæн йæ юбилей – йæ сырæзты 85 азы бон. Уый загъта, зæгъгæ, хъæуы серьезонæй бацæттæ кæнын ацы нысаниуæгджын боны цытæн мадзæлттæм. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Президент барамынд радта, ХИПУ-йы 85 азы цытæн юбилейон мадзæлттæ ауадзыны фæдыл къамис саразыны тыххæй.

Тыбылты Леонид ма æрдзырдта æрбалæугæ президентон æвзæрстыты фæдыл темæйыл дæр, æмæ æрсидт æрæмбырдуæвджытæм ахæм куырдиатимæ, цæмæй æмбаргæ ахаст равдисой æрбалæугæ политикон цауты ахсджиагдзинадмæ æмæ сæ æдыхст, стабилон уавæры ауа-дзыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ.

Президент нæ ахызт республикæйы ном аивыны тыххæй референдум ауадзыны фæдыл темæйы иувæрсты, кæцы актуалон у хуссарирыстойнаг адæмæн. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарст дзуапп дæтты Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы интерестæн.

Дарддæр Тыбылты Леонид рахызт, рабадты хайадисджыты ‘рдыгæй йæм цы фарстытæ радтæуыд, уыдонмæ. Ахуырадон советы уæнгтæй бирæтæ бузныг дзырдтой Президентæн, фæстаг фондз азы дæргъы цы куыст бакодта, уый тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн республикæйы æрцыдысты зынгæ позитивон ивындзинæдтæ æмæ загътой ахæм ныфс, зæгъгæ, дарддæр дæр кæй кусдзæн ацы здæхты. Лæгæй-лæгмæ ныхасы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг дзуапп радта ахæм фарстытæн, кæцытæ хаудысты республикæйы дарддæры æндидзынадмæ, Хуссар Ирыстоны хъæуты газификаци кæ-нынмæ, студентты æмдзæрæндоны цалцæг кæнынмæ æмæ æндæр ахæмтæм.

Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æрдзырдта Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады министрадимæ куысты фæстиуджытыл, ахуырад æмæ квалификаци нымайыны тыххæй сразыдзинады фæдыл.

«Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев бахæс кодта Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады министрадæн, цæмæй иумæ сæ къухтæ æрфыссой ацы документыл. Къухтæ йыл æрфыссыны фæстæ астæуккаг иумиаг ахуырады тыххæй нæ атестаттæ, астæуккаг профессионалон ахуырады тыххæй нæ дипломтæ æмæ уæлдæр профессионалон ахуырады тыххæй нæ дипломтæ æмных уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы æнгæс документтимæ», – фехъусын кодта уый.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Ахуырад æмæ зонады министрад бакодта стыр куыст, Уæрæсейы Федерациимæ 2015 азы 18 марты къухтæ фыст кæуыл æрцыдис, Æмцæдисады тыххæй уыцы бадзырдмæ хъусдард аздахгæйæ.

«Афтæ æмæ æппæт сразыдзинæдтæ, кæцытыл къух æрфыстæуыд Уæрæсейы Федерациимæ, къахдзæф къахдзæфы фæстæ йедзаг цæуынц ног мидисæй, кæцыйы фæс-тиуæг у къухтæ кæуыл хъуамæ æрфыстæуа, уыцы документ. Уый у иттæг хорз»,- загъта Президент.

Рабадты куысты кæронбæттæны ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты архайд кæй уæрæхдæр кæны, æмæ цæмæй уæл-дæр профессионалон ахуырад райсой, уый тыххæй азæй-азмæ кæй фылдæр кæнынц абитуриенттæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз боны хайадмæ райстæуыд 25 проценты фылдæр студенттæ, уый размæ азимæ абаргæйæ, æмæ загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, ног университетон комплекс эксплуатацимæ лæвæрд куы ‘рцæуа, уæд уыцы бæрæггæнæн фæфылдæр уыдзæн.

«Æппæт уыдæттæ та сты уый руаджы, æмæ иууылдæр кæй райдыдтой æууæндын нæ республикæйы, нæ университеты абон æмæ фидæныл. Мах размæ кæй цæуæм, уый у республикæйы разамынады архайды фæстиуæг. Уый тыххæй алкæмæн дæр бузныг, бузныг дæуæн дæр, Леонид Харитоны фырт», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.