РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидæн фембæлд уыд  ахуырады къабазы минæвæрттимæ – республикæйы скъолаты директортæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Фембæлд уагъд цыдис Цхинвалы скъола-интернаты æмæ дзы хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ Ахуырады министры хæдивæг Лолаты Аслан.

Ныхасы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта ахуыргæнæджы дæсныйады ахсджиагдзинад, зæгъгæ, «Ахуыргæнджыты куыстæн нæй саргъгæнæн, уымæн æмæ æрмæстдæр уыдон иу кæнæ иннæ хуызы аразынц нæ фидæн – ахуыр кæнынц сывæллæтты».

«Хицауады рабадтытæй сæ иуы информаци сарæзтæуыд 2016 азæн Ахуырад æмæ зонады министрады архайды тыххæй. Уыцы куысты мах банымадтам рæстæмбисыл æмæ мах райгонд стæм нæ педагогон æмæхсæнады куыстæй, фæлæ, куыд фæзæгъынц, афтæ-мæй алы къабазы дæр хъæуы раст критикæ. Æмæ æвзæр нæ уаид, комкоммæ сымахæй – ахуыргæнджытæй фехъусын лæмæгъдæр бынæтты тыххæй,  цæмæй иумæйаг архайдтыты руаджы фæхуыздæр кæнæм ахуырады гъæд æмæ уавæртæ», – загъта уый.

Цалынмæ бирæнымæц фарстытæн дзуапп кæнынмæ нæ рахызт, уæдмæ Тыбылты Леонид радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы разамынæдты ‘хсæн прогрессивон ахастыты тыххæй, кæцыты руаджы республикæйы хуыздæрæй хуыздæр уавæртæ зынынц нормалон, гъæдджын æмæ æнтысгæ куыстæн.

«Сымах стут не ‘хсæнады иууыл ахуырдæр æмæ прогрессивондæр хай, кæцыйы руаджы мах аразæм нæ фидæн», – загъта Президент.

Дарддæр уый æрдзырдта актуалондæр темæтæй сæ иуыл – аттестацийыл æмæ йæ хъуыды загъта ацы мадзалы тыххæй. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ ахуыргæн-джытæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа фадат аттестаци нормалон режимы рацæуынæн. Уыцы нысанæн Ахуырад æмæ зонады министр йæ къух æрфыста бардзырдыл аттестаци 2017 азы февралмæ ахæссыны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй аттестацийы темæйы фæдыл цы фæндæттæ загъдæуыд, уыдон иууылдæр хынцыд æрцæудзысты æмæ сæм лæмбынæг æркæсдзысты Хицауады æввахсдæр рабадты. Президент ма бацымыдис кодта Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты хуссарирыстойнаг абитуриентты   дарддæры ахуыры нысанæн бынæттæ радих кæныны  хъуыддæгтæ куыд сты, уымæ.

«Мах æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæн уагдæттæм бахауой æрмæстдæр хуыздæрæй хуыздæртæ. Фæлæ, уæддæр, уæвæг информацимæ гæсгæ, нæ рауагъдонтæй иуæй-иутæ уыдонмæ бахауынц, бынтон цæттæ нæ вæййынц, афтæмæй. Сидын сымахмæ, цæмæй сæ æвзарынмæ аздахат стыр хъусдард», – банысан кодта уый.

Йæ раныхасы ма паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз ахуырады къабазы план цæуынц нысаниуæгджын мадзæлттæ, кæцыты нымæцы, æнæдызæрдыгæй, сты республикæйы районты скъолаты æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты арæз-тад.

«Арæзт цæуынц уавæртæ, кæцыты руаджы мах ноджы фылдæр араздзыстæм, цæмæй нæ сывæллæттæ исой иууыл хуыздæр зонындзинæдтæ скъолаты», – загъта Тыбылты Леонид.

Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд Президенты адресыл, ахуырады къабазы кусджытæн сæ куыстмыздтæ кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй. Паддзахады сæргълæууæг йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ куыст цæуы, цæмæй 2018 азы ахуыргæнджыты куыстмызд æрбаввахс уа Цæгат Кавказы Федералон окруджы æмбæстæгты банысангонд категорийы куыстмыздмæ.

Дыккæгæм астæуккаг скъолайы директор Ольга Михайлиди бузныг загъта Тыбылты Леонид æмæ йæ командæйæн фæстаг фондз азы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй æмæ уый фæстæ банысан кодта, цы проблемæйы фæдыл æй фæндыд зæгъын, уый. Уый та у скъолайы актон зал æмæ ма ноджы иу спортивон зал саразыны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Æз зонын, горæтæн кæй ис йæхи плæнттæ дыккæгæм астæуккаг скъолайы тыххæй, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ уыдоны реализаци кæнын нæ аскъуыддзаг кæндзæн ацы проблемæты. Зындгонд у, бæстыхай зæронд кæй у æмæ уый та æвзæрын кæны тас, афтæ ма скъола ис горæты центры æмæ йын ис стыр нысаниуæг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр уаид зæронд бæстыхай ныппырх кæнын æмæ йæ бынаты ног саразын. Æз нымайын афтæ æмæ уый уаид иууыл хуыздæр уынаффæ», – загъта Президент.

Йæ рады 12-æм астæуккаг скъолайы директор дæр бузныг загъта республикæйы разамынадæн, кæй сæргъ лæууы, уыцы иумæйаг ахуырадон уагдоны капиталон цалцæг кæй скодтой, уый тыххæй, афтæ ма, иумæйагæй сисгæйæ, республикæйы масштабты цы арæзт цæуы, уыдæтты тыххæй дæр.

Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайы директор Гобозты Русудан банысан кодта, Тыбылты Леонид æппæт уыцы азты аккагæй кæй лæууыд республикæйы сæргъ. «Ды аразыс æппæт дæр – цы ис гæнæн æмæ цы нæй гæнæн, уыдон. Адæм уый уынынц, мах дæ бузныг стæм æмæ мæ уырны, республикæ кæй цæуы раст фæндагыл», – загъта уый.

Фембæлды кæрон Президент бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, хорз æй кæй райстой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, æхсызгон ын кæй уыд семæ лæгæй-лæгмæ кæй аныхас кодта, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.