25-æм ноябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд РЦИ-Алани, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организациты минæвæрттимæ.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта фæсивæдæн Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады боны цытæн мадзæлтты хайад кæй райстой, уый тыххæй.

«Уыдон уыдысты уæззау, ныхмæлæуды рæстæджытæ. Æз мæхи цæстæй федтон уыцы цауты æмæ зæгъдзынæн уый, æмæ раздæр кæй никуы федтон, уыцы бон нæ адæмы ‘хсæн цахæм æнгомдзинад уыд, ахæм», – загъта уый.

Президент раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн фембæлды инициативæйы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «фæсивæд хъуамæ æрбангом уой, цæмæй бахъахъхъæнæм æмæ адарддæр кæнæм, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ цæуыл тох кодтой, уый – нæ паддзахады фидардæр кæныны хъуыддаг», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Президент загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад уæлдай хъусдард здахы фæсивæдон политикæйы фарстытæм æмæ банысан кодта хуссарирыстойнаг паддзахады цардархайды æппæт фадгуыты дæр фæсивæды потенциалы архайды æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

«Хъæуы спайда кæнын нæ фæсивæды стыр тыхтæ, потенциал æмæ энергийæ æмæ сфидардæр кæныны хъæуы уыцы бындуртæ, кæцытæ æвæрд æрцыдысты нæ республикæйы царды», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

«Цахæмфæнды плæнтты тыххæй куы дзурæм, уæд банысан кæндзынæн уый, æмæ архайгæ Президентæн кæд исты æнтыстытæ уыд йæ куысты, уæд уыдон уыдысты фæсивæды руаджы. Уымæн æмæ нæ республикæйы фидæн уæ къухты ис», – загъта паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн.

Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, фидæн азы уалдзæджы уыдзысты республикæйы Президенты æвзæрстытæ æмæ загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис фæсивæд йе ‘вварс кæй рахæцдзысты, уымæй.

«Фæстаг фондз азы дæргъы мах цахæм куыст бакодтам, уый республикæйы къухдариуæгадæн, архайгæ Президенты номæй фадат дæтты 2017 азы президентон æвзæрстыты хайад райсынæн. Махыл æууæндынц нæ адæм æмæ цы гæнæн ис, уый  сараздзыстæм, цæмæй радон хатт райсæм уыцы æууæнкдзинад. Мах ныфсджынæй цæуæм æвзæрстытæм, уымæн æмæ махæн ис, адæмæн цы зæгъæм, уый, æмæ нæ ныфс ис, нæ алыварс цы фæсивæд сты, уыдон ме ‘вварс кæй рахæцдзысты», – загъта уый.

Йæ рады фæсивæдон инициативæты центр «Ног фæлтæр»-ы минæвар, афтæ ма РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæйраг специалист Хъуылымбегты Александр раарфæ кодта Президентæн йæ хъусдарды æмæ сæ афтæ хъармæй кæй райста, уый тыххæй. Уый радзырдта Хуссар Ирыстон, Абхаз, Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты фæсивæдон организацитимæ æнгом æмархайды тыххæй.

«Дыууæ боны дæргъы мах активонæй æмбæлдыстæм фæсивæды минæвæрттимæ, афтæ ма фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр»-имæ, цыран уыдон равдыстой, архайгæ хицауиуæгады æвварс кæй сты, уый», – загъта Хъуылымбегты Александр.

Уый ма паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта сразыдзыинады тыххæй, кæцыйы бакусдзысты æмæ йыл къухтæ æрфысдзысты Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы Фæсивæдон политикæйы комитеттæ.

«Ацы сразыдзинад фадат ратдзæн нæ абхазаг коллегæтимæ æнгомдæрæй ныхас кæнынæн, кæцы ахсджиаг у дыууæ республикæйæн æмæ фæсивæдæн», – загъта Хъуылымбегты Александр.

Йæ рады Президент баныфс æвæрдта, зæгъгæ, сæ куы  бахъæуа, уæд сын алыварсон æххуыс кæй бакæндзæн, уымæй.

Йæ рады, Республикæ Абхазы Фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Денис Соломко банысан кодта, зæгъгæ, уымæн стыр кад у, Æхсардзинад æмæ  адæмон иудзинады бонмæ йæ кæй фæхуыдтой, уый.

«Ивгъуыд азты ацы цау ссис республикæйы рæсугъд фидæнмæ фæндаджы райдиан. Мæн уырны, уыцы рæсугъд фидæн ныридæгæн абон кæй у. Мах фæрсæй фæрстæм бафæрæзтам хæсты зын рæстæджытæн. Æмæ мах бузныг хъуамæ уæм уыдонæй, ацы рæсугъд фидæн нын чи æрхаста», – загъта уый.

Денис Соломко ма банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у æфсымæрон Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстад кæнынмæ.

«Фæсивæдон политикæйы хаххыл кæд исты æнæмнгхъæуындзинад ис, уæд мах цæттæ стæм программæтæ бакусынæн уын баххуыс кæнынмæ, афтæ ма не специалисты æрæрвитынмæ», – загъта уый.

Уый ма йæ бузныгдзинад равдыста Президентæн уыцы хъусдарды тыххæй, кæцы здахы фæсивæдон политикæмæ.

Йæ рады, паддзахады сæргълæууæг бахатыд абхазаг уазджытæм, цæмæй иууыл хуыздæр фæндиæгтæ зæгъой йæ коллегæ Рауль Хаджимба æмæ Абхазы æппæт адæмæн.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.