31 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид ПАО «Газпром»-ы централон офисы фембæлд Правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-секретарь Гана Яновская.
Фембæлды рæстæджы ныхас цыд газы сферæйы дыууæфарсон æмгуысткæнынады фарстытыл. Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд республи-кæйы уæрæсейаг æрдзон газæй ифтонг кæныны фарстатæм.

Дыууæ фарсы æркастысты Хуссар Ирыстоны газотранспортон инфраструктурæйы рæзты перспективæмæ республикæйы газификацийы «Газпром»-ы арæзт Генералон схемæйы фæлгæтты, кæцыйы 2015 азы кæрон сфидар кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид.
Банысан æрцыд, зæгъгæ, Генералон схемæйы реализаци фæахъаз уыдзæн республикæйы цæрджыты магистралон газæй сифтонг кæнынæн.

Фембæлд ацыд кæрæдзиæмбарынад æмæ дарддæры æмгуысткæнынады уавæрты. Банысан æрцыд, цæмæй лæмбынæг куыст æрцæуой фарстатæ, кæцытæ хауынц Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæр газификацийы программæйы реализацимæ, сæрмагондæй та республикæйы хъæутæм газ бауадзыны фарстатæм.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы районон центртæ æрдзон газæй сифтонг кæныны программæйы реализацийы фарст у ахсджиаг æмæ паддзахады къухдариуæгадæн у приоритетон здæхт.

«Бæстæйы къухдариуæгад йæ тыхтыл нæ ауæрды æвзонг паддзахады экономикæйы рæзтæн ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæныны тыххæй.

Мах хъуамæ фæрог кæнæм республикæйы районты, хъæуты цæрджыты царды уавæртæ. Уый æнæмæнг ратдзæн ног импульс хъæутæм цæрджыты раздахынæн, ахсджиаг здæхтыты рæзтæн. Уымæй мах бахъахъхъæндзыстæм нæ рæсугъд бæстæйы æрдз дæр», – бахахх кодта Президент.

Газификацийы фарстытæй дарддæр ма Тыбылты Леонид дзырдта æндæр ахсджиаг фарстыл дæр, кæцы хауы республикæмæ Газпром кæй рауагъта, уыцы оптофæскъауы (оптоволоконного) каналы фæрæзты руаджы республикæмæ ног Интернет провайдерты æркæнынмæ. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, уый фæахъаз уыдзæн Интернеты хъомысад фæтыхджындæр кæнынæн æмæ уый фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг базары арæзт æрцæудзæн конкуренци.

Банысан æрцыд, цæмæй ацы фарстыл бакусой специалисттæ дарддæр æй аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

БÆЛВЫРДГÆНÆН

2010 азы УФ «Газпром» æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад сæ къухтæ æрфыстой æмгуысткæнынады тыххæй Сразыдзинадыл 2029 азы æмгъуыдмæ.

2009 азы августы Уæрæсейы Федерацийы территорийæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ комкоммæ газ рауадзыны нысанæн ПАО «Газпром» эксплуатацимæ радта газуадзæн магистраль «Дзуарыхъæу-Цхинвал». Республикæйы цæрджытæй æрдзон газæй пайда кæныны фæрæз кæмæн нæй, уыдонæн та «Газпром» æрвиты æлхъывд æвзалыдонгуыры газтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны газификацийы Генералон схемæйы нысан ис 200 цæрæн пункты газификаци, 520 километры æхсæнпоселокон æмæ 370 километрæй фылдæр та – поселокты мидæг газуадзæнты арæзтад.
2009-2015 азты республикæмæ æдæппæт æрцыд 169,7 милуан кубикон метры газ, уыцы нымæцы 2015 азы – 34,1 милуан кубикон метры.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.