РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ-хайадисджытæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæр Олег Говорунимæ.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта, Хуссар Ирыстоны Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады боны цытæн æм цы арфæйы фыстæг æрæрвыста, уый тыххæй.

«27 азы рацыд, гуырдзиаг æнæформалтæ Хуссар Ирыстонмæ «сабырадон» митинг уадзыны фæндимæ æрбацæуынмæ куы хъавыдысты, уыцы бонæй, æмæ æнæхъæн республикæйы адæм нысан кодтой ацы нысаниуæгджын бон», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент ма йæ ныхас загъта 2016 азæн Инвестпрограммæйы æххæст кæныны фæдыл дæр.

«Афæдз фæуд кæны, æмæ мах æнтыстджынæй æххæст кæнæм Инвестицион программæ, нæ зæрды ис иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл æй бахæццæ кæнæм кæронмæ», – загъта уый.

Йæ рады Олег Говорун дæр бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, афтæ хъармзæрдæйæ йыл кæй сæмбæлд, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, кæддæриддæр æхсызгонæй кæй цæуы Хуссар Ирыстонмæ.

«Фæнды мæ раарфæ кæнын дæуæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн аивгъуыйгæ нысаниуæгджын боны цытæн, æмæ уын зæгъон хæрзæбоны æмæ фарны фæндиæгтæ, цæмæй уæм макуыуал æрхауа ахæм фыдæвзарæнтæ. Фидарæй уæ уырнæд, Уæрæсейы Федерациимæ æмархайгæйæ, сымахæн кæддæриддæр уыдзæн æууæнкджын æмцæдисон», – загъта Олег Говорун.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Инвестпрограммæ æххæст цæуы иттæг æнтыстджынæй.

«Развæлгъау хатдзæгтыл куы дзурæм, уæд мах куыстыты фæудмæ фæхæццæ кæнæм ныфсджынæй. Аразджыты куысты гъæд кæны хуыздæр, афтæ ма размæцыд ис нæ бадзырдон æмахастытæн дæр. Махæн не ‘нтыстытæ уыдзысты иттæг хорз», – банысан кодта Олег Говорун.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй ма фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.