Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы фæлгæтты фембæлд УФ-йы Федералон æдасдзинады службæйы разамонæг, армийы инæлар Александр Бортниковимæ, — фехъусын кодта Президенты пресс-нымæрдар Гана Яновская.

«Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд бæстæты æмархайды æмæ æдасдзиады фарстытыл. Уыцы нымæцы 18 марты 2015 азы Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл къухфыст цы Бадзырдыл æрцыд, сæрмагондæй та, арæнтæ хъахъхъæныны æдасдзинадмæ цы хауы, уыцы хай куыд æххæст цæуы, ууыл», — загъта Гана Яновская.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.