Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис бирæ фарстытыл. Сæрмагондæй Парламенты Сæрдар Президентæн фехъусын кодта Донецкы Адæмон Республикæмæ хуссарирыстойнаг делегацийы балцы фæстиуджыты тыххæй, кæцы хайад райста Донецкы Адæмон Республикæйы сырæзты 2 азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

«Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыдтæ ды, Анатоли Ильяйы фырт, æмæ дæ номæй мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын делегацийы уæнгтæн иууылдæр, Донецкы Адæмон Республикæйы цытджын мадзæлтты хайад кæй райстат, уый тыххæй. Æхсызгон у банысан кæнын, нæ делегацийæ дарддæр ма бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй райстой делегацитæ Уæрæсейы Федерацийæ, æфсымæрон Абхазæй æмæ æндæр паддзахадтæй. Æз зонын, сымах кæй уыдыстут Луганскы Адæмон Республикæйы дæр. Мах арфæ кæнæм Луганскæй нæ коллегæтæн дæр», — загъта Тыбылты Леонид.

Президент уæлдай тынгдæр банысан кодта Донецкы нæ сывæллæтты ансамбль «Скифтæ»-йы ралæуд.

«Фехъуыстон, нæ сывæллæттæ Аивæдты паддзахадон лицейæ кæй радтой иттæг хорз концерт Донецкы цæрджытæн. Бæдæйнаг. Æз фæцин кодтон уыдоны тыххæй. Хорз у, нæ фæсивæд куы ацæуынц, æмæ, уæлдайдæр та, сæ мисси куы вæййы хæрзаудæн. Хæсты фæстæ адæм хъуамæ хъусой æрмæстдæр музыкæ æмæ æвзарой циндзинад», — загъта Президент.

Бибылты Анатоли Тыбылты Леонидæн загъта Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Александр Захарченко æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Игорь Плотницкийы арфæйы ныхæстæ. Парламенты Сæрдар Тыбылты Леонидмæ радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Кады нысанæй схорзæхджын кæныны тыххæй Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы Барамынд, афтæ ма зæрдылдарæн лæвæрттæ Александр Захарченкойæ.

Дарддæр Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Донецкы Адæмон Республикæмæ официалон визиты рæстæджы бæрæгбонон мадзæлтты хайад исынæй дарддæр уынаффæ цыдис дыууæ республикæйы ’хсæн цардархайды алыгъуызон къабæзты дыууæфарсон æмгуысткæнынады фарстатыл.

«Мах æруынаффæ кодтам кæрæдзиимæ ахастыты æппæт спектрыл, кæцытæ хъуамæ уой дыууæ æфсымæрон паддзахады ’хсæн. Уæлдай хъусдард здæхт цыд дыууæфарсон ахастытæм кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæныны къабазы, куыд закъондæдтынадон хицауиуæгады æмвæзадыл, афтæ æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдты æмвæзадыл дæр. Ахуырады къабазы Донецкы Адæмон Республикæйы Ахуырады министрад фæндон хæссы, цæмæй сæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæной не студентты. Экономикон рæзты къабазы махæн равдыстой проекттæ, кæцытæ цымыдис сæвзæрын кæндзысты нæ амалиуæггæнджытæм æмæ Экономикон рæзты министрадмæ», — загъта уый.

Фембæлды рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт æрцыд мидпаддзахадон фарстатыл æруынаффæ кæнынмæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл референдумы темæмæ. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, референдум ауадзыны тыххæй дзургæйæ, æнæмæнг хынцын хъæуы, фыццаджыдæр, æппæт фæрсты хъуыды. Ацы фарст ма хъуамæ тыхсын кæна не ‘хсæнады æмæ ма хала стабилондзинад. Тыбылты Леонид æрсидт иумæйаг куыстмæ ацы фарст æппæтфарсонæй æмæ лæмбынæг сахуыр кæныны тыххæй, уый фæстæ бакæнгæ куысты фæстиуджыты æхсæнады размæ рахæсгæйæ.

«Мах хъуамæ дарддæр кæнæм референдумы алыварс ситуацийыл уынаффæ кæнын æмæ йæ ахуыр кæнын. Ахæм актуалон фарстатыл хъуамæ уынаффæ цæуа. Афтæ вæййы демократон паддзахады. Парламент æмæ æххæсткæнынадон хицауиуæгад хъуамæ кусой æмархайгæйæ æмæ сæ хъуыды хъуамæ уа иугъуызон, цæмæй нæ адæм хатой æмæ уыной, мах иууылдæр иумæ кæй цæуæм историон æгъдауæй равзæрст фæндагыл. Ныртæккæ хицæн консультацитæ цæуынц нæ коллегæтимæ æмæ æввахс бонты мах хъуамæ рахизæм иумæйаг фæндонимæ, кæцы араза алкæйы къух дæр, фыццаг рады та нæ адæмы къух», — загъта Президент.

Тыбылты Леонид, Бибылты Анатолимæ сидгæйæ, ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, «цахæмфæнды хъуыдымæ дæр хъуамæ байхъуыст æмæ райст æрцæуа иумæйагæй йыл æруынаффæ кæнынмæ».

Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæ рады рахæцыд Президенты æвварс уыцы фарстыты фæдыл, кæцытæ хауынц референдумыл æруынаффæ кæнынмæ.

«Æцæгæйдæр, референдумы тыххæй фарст у иттæг серьезон. Мах хæсджын стæм, ахъаз кæнæм ахæм къахдзæтæн, кæцытæ бæлвырд æрцыдысты 1920 азтæй, 1989-1992 азтыл нал дзургæйæ. Бирæтæ рох кæнынц, цахæм идеятæ æмæ нысæнттæ æвæрд цыдысты, мах куы дзырдтам, хæдбардзинады сæрыл кæй тох кæнæм. Мах нæ хъуыды кодтам Уæрæсейы Федерацийæ хæдбардзинадыл, мах хорз æмбæрстам, дзырд кæй цыдис Гуырдзыстонæй хæдбардзинады тыххæй. Æмæ ныртæккæ уый махæн ис. Нæ адæмы дарддæры хъысмæт ис йæхи къухты», — загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы ма Тыбылты Леонид дзырдта, Мысæн бон — 20 майимæ баст республикæйы цы мадзæлттæ хъуамæ уагъд æрцæуой, уыдоны тыххæй. Уæд æппæт Хуссар Ирыстоны адæм æрымысынц Зары трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

«Æрвылаз дæр мах иууылдæр иумæ æрымысæм Зары трагедийы амæттæгты — сылгоймæгты, сывæллæтты, зæронд адæймæгты. Уыцы æнæаххосæй мард сабыр æмбæстæгты, кæцытæн сæ бон нæ бацис бамбæхсын, алидзын, гуырдзиаг фашистты къухæй аирвæзын. Махæй алчи дæр хъуамæ йæ хæс бафида ацы бон», — загъта Президент.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ мадзæлттæ уадзыны фæдыл къамис бакуыста фыдохы мадзæлтты план, кæцы æрвыст æрцæудзæн æппæт ведомствотæм дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.