РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд хуссарирыстойнаг зарæггæнæг, шансон æххæстгæнæг Тасойты Игоримæ, кæцы Латвийы уагъдцæуæг XIII Æхсæндунеон музыкалон фестиваль «Юрмала-Шансон 2016»-ы конкурсон программæйы æвзарæн туры ссис уæлахиздзау æмæ бацахста фыццаг бынат.

Фембæлды уыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Культурæйы министр Остъаты Мадинæ, афтæ ма Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солисттæ: Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Санахъоты Инал æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артисткæ Хуыгаты Олеся, кæцытæ Тасойты Игоримæ хайад райстой фестиваль «Юрмала-Шансон 2016»-ы.

Паддзахады сæргълæууæг зæрдиагæй райста артистты æмæ сын раарфæ кодта, конкурсы кæй фæуæлахиз сты, уый сæраппонд.

«Фæнды мæ уæ уæлахизы тыххæй уын раарфæ кæнон Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады номæй, æмæ, куыд бæстæ, афтæ Хуссар Ирыстоны номæй фестивалы хайад кæй райстат, уый тыххæй,  цыран зарынц, стыр аргъ кæнынц æмæ уарзынц культурæйы», – загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, конкурсы хайад райсын хуымæтæг хъуыддаг кæй нæу, фæлæ «нæ артисттæ сæ хæс сæххæст кодтой тынг хорз».

Йæ рады Тасойты Игорь бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн сæ фарсхæцыны тыххæй.

«Æз уæ стыр бузныг дæн, Хуссар Ирыстоны Тырыса ныл кæй баууæндыдыстут, уый тыххæй, ма хæй алкæмæй уæлдæр систам конкурсы. Нæхиуыл æнкъардтам стыр бæрндзинад, уымæн æмæ фæсарæнты фыццаг хатт ралæууыдыстæм нæ бæстæйы номæй. Бантыст нын фæуæлахизуæвын æмæ Хуссар Ирыстонæн скад кæнын», – загъта уый.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, нын фидар ныхмæлæуджытæ уыд, конкурс та уагъд цыд дыууæ этапæй. Конкурсы фыццаг хай æмбæрстгонд уыд, Хуссар Ирыстоны артисттæ финалы хайад кæй райсдзысты, уый.

«Фæлæ фыццаг æмæ дыккаг туры ‘хсæн æрцыд иу æнæзæрдæмæдзæугæ нюанс, конкурсы президент нæм куы æрбацыд æмæ нын проблемæйы тыххæй куы загъта, уæд. Æз фыццаг ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, цыдæр техникон рæдыд у, фæлæ мын уый фæстæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, нæ, гæ-нæн ис, сисой конкурсæй, мадзалы организатортæм Гуырдзыстоны минæварад кæй бахатыд, уымæ гæсгæ», – загъта Тасойты Игорь.

Артисты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонæй зарæггæнæг фестивалы хайад кæй исы, уый Гуырдзыстоны минæварад куы базыдта, уæд бахатыд музыкалон фестиваль «Юрмала-Шансон 2016»-ы организатортæм, цæмæй хуссарирыстойнаг зарæггæнæг ист æрцæуа конкурсæй. Фæлæ Тасойты Игорь йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй фæуæлахиз рæстдзинад, æмæ ацы хатт аивады политикæимæ нал схæццæ кодтой.

Уый фæстæ Президент Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствойæн радта æмбæлон хæслæвæрд, цæмæй аккаг дзуапп радта уыцы инциденты тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, культурæйы политикæимæ хæццæгæнæн нæй.

Фестивалы тыххæй йæ тæлмæнтæ радзырдта Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солисткæ Хуыгаты Олеся дæр.

«Фестивалмæ куы араст стæм, уæд нæ разы уыд бæрнон хæс – фестивалы Хуссар Ирыстоны аккагæй равдисын. Мах уыцы хæс сæххæст кодтам. Латвийы ныл зæрдиагæй сæмбæлдысты. Залы адæмы энергетикæ нын ныфс лæвæрдта», – загъта уый.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг ноджыдæр раарфæ кодта артисттæн, бафæндыд æй уыдонæн дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.