Тыбылты Леонид Ленингоры районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй снысан кодта  Дриаты Зазайы – республикæйы Паддзахадон таможнæйон службæйы раздæры кусæджы. Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта районы цæрджытæ æмæ администрацийы кусджытæн Ленингоры районмæ йæ кусæгон балцы рæстæджы.

«Дриаты Заза у нæ республикæйы аккагдæр æмбæстæгтæй иу, æмæ мах уымæй æвæрæм стыр ныфс. Фидарæй мæ уырны, фыдæнхъæл дзы кæй нæ фæуыдзыстæм», – загъта Президент. Куыд зæгъы, афтæмæй æй ныфс ис, Ленингоры районы ног къухдариуæггæнæг цыбыр рæстæджы дæргъы кæй сахуыр кæндзæн районы æмæ цæрджыты проблемæтæ.

«Дарддæр дæр мах кусдзыстæм Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл, æмæ Заза Нодары фырт та, мæн уырны, сараздзæн, цы йæ бон у, уый, цæмæй нæ фæндтæ нæ къухы бафтой», – загъта бæстæйы сæргълæууæг. Уыимæ уый банысан кодта, зæгъгæ, таможнæйон комитеты куысты Дриаты Зазайы фæлтæрддзинад уымæн бабæздзæн йæ ног бынаты кусгæйæ.

«Ленингоры районы хъуамæ конд æрцæуа Паддзахадон таможнæйон комитеты ног хайад. Ныфс мæ ис, Заза Нодары фырт, уыцы структурæйы кусыны фæл-тæрддзинад дæм кæй ис, уый дын дæ куысты кæй фæахъаз уыдзæн», – загъта Тыбылты Леонид.

Йæхи рады Дриаты Заза бузныг загъта Президентæн, йе ‘ууæнк ыл кæй бафтыдта, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, фыдæнхъæл æй кæй нæ фæкæндзæн. «Æз хъуамæ мæ бинонтимæ цæрынмæ рацæуон Ленингоры районмæ. Фæнды мæ кусын æмæ бынæттон цæрджытимæ æнгом ахастытæ саразын, кусæн бынаты бадын нæ, фæлæ», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг ма йæ балцы рæстæджы бабæрæг кодта, Ленингоры сабиты рæвдауæндоны бæстыхай куыд арæзт цæуы, уый. Ныхас кодта кусджытимæ æмæ сын бахæс кодта, цæмæй батагъд кæной объект эксплуатацимæ раттыныл, афтæ ма фæфылдæр кæной кусджыты нымæц.

Уымæй дарддæр ма Президент бабæрæг кодта Захъоры астæуккаг скъолайы дæр, цыран фембæлд скъолайы директор æмæ ахуыргæнджытимæ. Уыдон ын ра-дзырдтой, скъолайы алыварс хæрзарæзт-хъуаг кæй у æмæ сæм нуазыны дон дæрддзæф кæй у, уый фæдыл. «Цæмæй дон баназой, уый тыххæй сывæллæттæ хъуамæ ахизой фæндаджы сæрты, æмæ уый та нæу æдас. Уымæ гæсгæ мах курæг стæм, цæмæй нын дон æрбауадзой скъоламæ хæстæг», – загъта скъолайы директор.

Тыбылты Леонид радта æмбæлон хæслæвæрдтæ, цæмæй æввахс рæстæджы иуварс æрцæуой ацы проблемæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.