Президент Тыбылты Леонид хайад райста Паддзахадон æдасдзинады комитеты хыгъдон æмбырды.

Бæстæйы сæргълæууæг базонгæ кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты разамонæг сконды, «РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Тырыса сфидар кæныны тыххæй æмæ «РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Сæрдары Штандарт сфидар кæныны тыххæй» цы барамындыл йæ къух æрфыста, уыимæ, æмæ цытджын уавæры лæвæрд æрцыдысты Тырыса æмæ Штандарт Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаевмæ.

Тыбылты Леонид Виктор Шаргаевимæ æмбалцæй базонгæ ис, республикæйы ПÆК-йы балансмæ цы ног техникæ ист æрцыд, уыимæ. Президент банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон æдасдзинады кусджытыл ис паддзахады æппæт тæссагдзинæдтæй хизыны бæрн, æмæ сын загъта æнтыстыты фæндиæгтæ сæ вазыгджын куысты.

Дарддæр фембæлд ацыд æхгæд дуæртты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.