Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар, Æппæтуæрæсейаг политикон парти «Единая Россия»-йы Сæрдар Дмитри Медведевæн партийы сырæзтыл 15 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Дмитри Анатолийы фырт,

Æрвитын дæуæн æмæ политикон парти «Единая Россия»-йы æппæт уæнгтæн мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ, партийы сырæзтыл 15 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Парти «Единая Россия», Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины политикон курс æххæстгæнгæйæ, йæ куысты азты дæргъы сси бæстæйы æмбæстæгты æууæнчы аккаг æмæ Уæрæсейы æппæты дзырддзæугæдæр политикон тых.

Парти йæхицæн цы ном скодта, уый у, бæстæйы алы цæрæджы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ здæхт бирæнымæц социалон-экономикон проекттæ, программæтæ саразыны сæраппонд алы фадыджы дæр йæ куыст, йе ‘рвылбонон ахадгæ фæллойы руаджы.

Фидарæй мæ уырны, уæрæсейаг адæмы разыдзинадыл æнцойгæнгæйæ, парти «Единая Россия» дарддæр дæр кæй æвдисдзæн хорз фæстиуджытæ æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы фидардзинад, алывæрсыг размæцыд æмæ дидинæфтыды сæраппонд.

Мæ цæст уарзы дæуæн æмæ «Единая Россия»-йы æппæт уæнгтæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ, æвидигæ хъарутæ æмæ ног уæлахизтæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.