РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид кусæгон балцы уыд Знауыры районы, цыран фембæлд бынæттон цæрджытимæ.

Фембæлды ма хайад райстой Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт, Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Рустем, Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим, зынгæ ирон нывгæнæг Козаты Ушанг æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Бынæттон администрацийы бæстыхаймæ æрæмбырд бирæ адæм, кæцытæ æрцыдысты, цæмæй аныхас кæной паддзахады сæргълæууæгимæ æмæ йæм радтой цымыдисгæнæг фарстытæ.

Йæ раныхас Тыбылты Леонид райдыдта Знауыры районы цæрæг сылгоймæгтæн арфæтæй, Сылгоймæгты дунеон боны сæраппонд. Дарддæр паддзахады сæргълæууæг радзырдта иуæй-иу ахсджиаг хæстыл, кæцытæ скъуыддзаг æрцыдысты фæстаг фондз азы æмæ хаудысты æрмæст æппæт паддзахадон инфраструктурæ сæндидзын кæнынмæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы Федерациимæ æмæ æндæр хæларадон бæстæтимæ ахастытæ фидар кæнынмæ дæр.

«Мæ президентон архайды райдиан бынтон æнцон нæ уыд, æз зæгъин – уыдис тынг зын, фæсхæсты рæстæг æмæ æндæр фактортæ хынцгæйæ. Фæлæ, уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уыцы фондз азы дæргъы махæн нæ къухты бафтыдысты бæрæг æнтыстытæ, кæцытæ хаудысты нæ æхсæнады цардархайды æппæт къабæзтæм дæр æмæ æххæст цыдысты Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы бадзырды фæлгæтты. Фæстаг азты республикæ рæзтис, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æххуысы руаджы», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг æрдзырдта, 9-æм апрелы цы президентон æвзæрстытæ уагъд хъуамæ æрцæуой, уый тыххæй æмæ æппæт ирон адæмæн ахсджиаг историон цау – референдумы тыххæй, кæцыйы ауадзыны фæдыл Барамындыл къух æрфыстæуыд 2017 азы 6 февралы.

«Мах иууылдæр æмбарæм, референдум кæй хъæуы ауадзын. Йæ ауадзын та сбæлвырд кодта рæстæг æмæ Цæгат Кавказы хицæн адæмты уагахаст. Уый тыххæй уынаффæ канд рæстæгыл нæу, фæлæ ма, æгæрыстæмæй, цасдæр бафæстиат кодтам, афтæ зæгъынц нæ ахуыргæндтæ. Уымæн æмæ махæн бар нæй фесафæм нæ истори. Æмæ æз, куыд архайæг Президент, афтæ хæсджын дæн, ма ауадзон уыцы шанс æмæ нæ адæмæн фадат радтон, нæ паддзахад  Аланийы рагон ном раздахын, уыимæ уыцы номимæ Республикæ Хуссар Ирыстон дæр бахъахъхъæнын. Æвзæрстыты агъоммæ мæ программæ цæудзæн ахæм лозунджы бын «Размæ, Алани!», – зæгъгæ», – банысан кодта Президент.

Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй æппæт дæр сараздзæн, цæ-мæй æрбалæугæ президентон æвзæрс-тытæ уагъд æрцæуой стабилон уавæры æмæ дестабилизаци ма æруагъдæуа.

«Мах хъæуы бамбарын, республикæйы дарддæры рæзт кæнгæ кæй у æвзæрстыты ахъуыдыгондæй ауадзын. Фæнды мæ зæгъын, ацы æмгъуыды разамынд кæнгæйæ, æз цъус фæлтæрддзинад кæй нæ райстон, æмæ кæд адæм сæ равзæрст мæныл, паддзахадæн мæ разамындыл саразой дыккаг æмгъуыды, уæд æз фæнд кæнын дарддæр дæр уыцы здæхты кусын: æддагполитикон, æхсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ нæ республикæйы рæзтæн æппæт дæр аразын. Афтæ ма мæ фæнды банысан кæнын уый æмæ кæд дыккаг хаттт æвзæрст æрцæуон, уæд Президенты командæйы æрцæудзысты зынгæ ивындзинæдтæ, уымæн æмæ алы командæйы дæр ис йæхи тыхджын æмæ лæмæгъ цæгтæ, æмæ лæмæгъ цæгтимæ мах бахъæудзæн бакусын паддзахады хæрзиуæгæн, перспективон фæсивæды фылдæр æрбахонгæйæ», – загъта Президент.Ныхасы рæстæджы Тыбылты Леонид радзырдта республикæйы разамынады дарддæры планты тыххæй дæр, сæрмагондæй уый фæбæлвырддæр кодта, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты Знауыры районы арæзт кæй æрцæудзæн 16-20 фатерон хæдзар æрыгон бинонтæн.

Абоны бонмæ хуссарирыстойнаг фæсивæд нæ тагъд кæнынц бинонтæ саразыныл æмæ республикæйы разамынад серъезонæй хъуыды кæны, тынг бæллиццаг чи нæу, уыцы демографион ситуацийыл. Растдæр уымæ гæсгæ райцентры арæзт æрцæудзæн бирæфатерон хæдзар сæрмагондæй æрыгон бинонтæн. Инвестпрограммæйы фæлгæтты дарддæр æндидзыд цæудзысты, 2008 азы чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ. Афтæ ма арæзт цæудзысты ахуырадон æмæ æндæр социалон нысаниуæджы уагдæттæ. Инвестицион программæйæн æддейæ та районы сырæздзысты блокæй хæдзæрттæ, иууыл тынгдæр чи тыхсынц, уыцы цæрджытæн», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, 2018-2019 азты республикæ хъуамæ рахиза йæ рæзты ног, серъезон æмвæзадмæ.

«2019 азы стыр куыст æххæст æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны районты газификацийы фæдыл, ацы фарсты æмбæлон бадзырдтæ къухты бафтыдысты акционерон æхсæнад «Газпром»-ы Правленийы сæрдар Алексей Миллеримæ. Республикæйы хъæуты газификаци кæнын зынгæбæрцæй фæбæр-зонддæр кæндзæн нæ цæрджыты царды æмвæзад», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Сæ рады залмæ æрæмбырдуæвджытæ бузныг загътой Президентæн Республикæйы столицæйæ сæм цы фæндаг цæуы, уый саразын æмæ сцалцæг кæныны тыххæй, афтæ ма районы дæрддаг хъæутæм дæр фæндæгтæ, ахуырадон уагдæттæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ, бирæнымæц спортивон залтæ æмæ æндæр ахæмтæ саразыны тыххæй. Уымæй дарддæр ма паддзахады сæргълæууæг дзуаппытæ радта бирæнымæц фарстытæн æмæ алкæмæндæр ныфс бавæрдта, сæ куырдиæдтæй иу дæр æнæхъусдард кæй нæ баззайдзæн, алкæцыйы тыххæй дæр лæмбынæг куыст кæй цæудзæн æмæ æмбæлон уынаффæтæ ист кæй æрцæудзысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.