РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта Ленингоры район, цыран уыд Мады Майрæмы аргъуан байгом кæныны церемони.

Аргъуан байгом кæныны цытджын церемонимæ æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, районты администрациты сæргълæуджытæ, аргъуаны службæгæнджытæ, хуссарирыстойнаг æхсæнады минæвæрттæ, аргъуаны аразджытæ æмæ республикæйы уазджытæ.

Аргъуаны байгом кæныны бон баст уыд чырыстон бæрæгбон  Мады Майрæмы бонимæ.

«Мæн фæнды раарфæ кæнын æппæт уыдонæн, кæцытæ махимæ нысан кæнынц ацы бæрæгбон. Тынг символикон у уый дæр, æмæ ацы диссаджы аргъ-уан мах кæй гом кæнæм ацы бæрæгбоны», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, аргъуан арæзт æрцыд рагалайнаг стилы. Уый раарфæ кодта фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонтæн, сæ Райгуырæн бæстæ кæй нæ рох кæнынц æмæ аргъуаны арæзтадмæ сæ хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй.

«Аргъуантæ арæзт цæудзысты æппæт республикæйы. Уый размæ мах аргъуан сарæзтам Знауыры районы, ныр та нæ плæнтты ис Дзауы район æмæ Къуайсайы аргъуантæ саразын», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, аргъуанты арæзтад у историон цау æмæ Ленингоры районы аргъуаны арæзтады идея царды чи ныббиноныг кодта, уыдонæн загъта сабырдзинад æмæ хорздзинæдты фæндиæгтæ.

«Абон махмæ æрцыдысты уазджытæ. Уыдоны ‘хсæн ис Мæскуыйы ирон æхсæнады директор Бедойты Тамарæ, кæцы алыхатт дæр æххуыс кæны йе ‘мфыдыбæстæйонтæн ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр. Мах дын арфæ кæнæм, ахæм диссаджы бæрæгбоны абон немæ кæй дæ, уый тыххæй», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йæхи ‘рдыгæй аргъуан сифтонг кæндзæн æппæт атрибуттæй дæр аргъуаны службæтæ уадзыны тыххæй.

Хуссар Ирыстоны Алайнаг Епархийы аргъуанты хуыцаумæ кувæг, фыд Яков радзырдта аргъуаны арæзтады æмæ Хуссар Ирыстонæй рацæуæгтæ Кæркуысты Дзамболат æмæ Уанеты Æхсары финансон æххуысы тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы ам план кæнынц службæтæ уадзын.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг æмфыдыбæстæйонтæ Мады Майрæмы аргъуанæн балæвар кодтой иконæтæ æмæ лампадæтæ. Уыдоны ‘хсæн сты: Уæрæсейы сумойы федерацийы президент Гæбæраты Алан, Мæскуыйаг ирон æхсæнады сæрдар Бедойты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Саулохты Умар, кæцы раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн ацы нысаниуæгджын цауы тыххæй æмæ бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн æхсæнадæмон аргъуанон мисси «Аланский крест»-ы сорганизаци æмæ ауадзынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.