Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Уæрæсейы сæйраг горæт Мæскуымæ йæ визиты размæ фембæлд газет «Известия»-йы уацхæссæгимæ æмæ йын радзырдта, Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл референдум ауадзыны тыххæй республикæмæ цахæм пълæнттæ ис, афтæ ма УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы сæргълæууæг Александр Бортниковимæ цы фарстытыл уынаффæ цыд æмæ Гуырдзыстонимæ ахастытæ æрнывыл кæнынæн цахæм шанстæ ис, уыдоны тыххæй.

— Леонид Харитоны фырт, Мæскуымæ дæ визит уыд æнæнхъæлæджы.

— Уый уыд кусæгон визит. Уымæ цæттæ кодтам фæстаг мæйты. Мæнæн фембæлд уыд УФ-йы Æдасдзинады Федералон службæйы директор Александр Бортниковимæ. Сæйраджыдæр, дзырд цыд РХИ æмæ УФ-йы ’хсæн Æмцæдисады тыххæй бадзырды фæдыл, кæцыйыл къухтæ фыст æрцыдысты ивгъуыд аз марты мæйы республикæйы æдасдзинад сифтонг кæнын æмæ паддзахадон арæнты хъахъхъæныны тыххæй. Абоны бонмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æмбæлон ведомствоты æмархайд ис бæрзонд æмвæзадыл. Нæ бæстæты æмбæлон службæтæ иумæ хъахъхъæнынц Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæн æмæ уыцы æмархайдæй мах стæм райгонд.

— Мæскуымæ дæ визиты рæстæджы ма дын уыдис æндæр ахсджиаг фембæлдтытæ?

— Фембæлдтытæ ма мын уыд Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг, нæ бæстæты Æхсæнхицауадон къамисы уæрæсейаг фарсы ’рдыгæй æмсæрдар Александр Хлопонин æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæ-дыл министр Лев Кузнецовимæ. Мах æруынаффæ кодтам къорд экономикон æмæ инвестицион проекттыл, сæрмагондæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг бизнесы тыххæй кредиттæ дæттыны фарстыл. Афтæ ма уынаффæ кодтам республикæйы социалон-экономикон рæзты æмæ уыцы проектты фарстытыл, кæцыты тыххæй раздæр, ома, 2009-2011 азты хицæн æрцыдысты финансон фæрæзтæ, фæлæ проекттæ сæхæдæг абоны онг дæр æххæст не ’рцыдысты. Зæгъæм, электродæттæн фæсауæрцон хахх, кæцы сиу кæнид Хуссар Ирыстоны Цæгат Ирыстоны энергосистемæимæ Ручъы тъунелыл. Абон Хуссар Ирыстон электроэнерги исы Кавказы хохы рагъыл цæуæг электроэнергийы хаххæй тынг зынвадат бынæттыл. Электрон хахх куы фехæлы, уæлдайдæр та зымæгон рæстæджы, уæд республикæ баззайы æнæ электрон рухсæй. 2010 азы фæсауæрцон хаххы тыххæй хицæн æрцыд 200 милуан сомæй фылдæр. Пъланмæ гæсгæ уый хъуамæ цыдаид Ручъы тъунелыл. Уый фадат радтид республикæйы æнæкъуылымпытæй электроэнергийæ сифтонг кæнынæн. Фæлæ объект кæронмæ арæзт не ’рцыд. Мах архайæм, цæмæй бавæрд æхцатæ ма фесæфой, æмæ объект та кæронмæ арæзт æрцæуа. Ацы æмæ æндæр фарстыты фæдыл дæр нын ис кæрæдзиæмбарынад.

— Куыд уыдзысты финансон фæрæзтæ ма цы иннæ проекттæн рахицæн кодтой, уыдон та, æхцатæ хардз æрцыдысты, фæлæ уыдон эксплуатацимæ лæвæрд не ’рцыдысты?

— Ацы фарстыты тыххæй æз ныхас кодтон нæ фембæлды рæстæджы Уф-йы къухдариуæгадимæ. Бахатыдтæн сæм, цæмæй нын баххуыс кæной æмæ мæ бамбæрстой. 2012 азы онг республикæйæн хицæн æрцыдысты стыр суммæтæ. 2012 азы майы мæйы, уайтагъд æвзæрстыты фæстæ, мæ хæслæвæрдмæ гæсгæ басгæрст æрцыдысты финанстæ куыд пайда æрцыдысты, уый. Басгæрст ауагътой республикæйы Генералон прокуратурæ æмæ Контролон-нымайæн палатæ. Баконд æрцыдысты 70 уголовон хъуыддаджы, 47 уго-ловон хъуыддаджы та — лæвæрд æрцыдысты Уæрæсейы Генералон прокуратурæмæ, уымæн æмæ уыцы хъуыддæгты фигуранттæ сты УФ-йы цæрджытæ, кæцытæ уыцы азты куыстой Хуссар Ирыстоны. Иумиаг зиан у 460 милуан сомæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах архайæм, цæмæй ацы æхцатæ фæстæмæ здæхт æрцæуой. Уыдон пайдагонд æрцæудзысты ныппырхгонд адæмон хæдзарад сæндидзын кæныны тыххæй. Принципиалонæй, ацы финансон фæрæзтæ хицæн æрцыдысты, номхуындæй, ацы нысæнт-тæн. Мах архайдзыстæм æруынаффæгонд фæндæттæ практиконæй среализаци кæнынмæ.

— Дæ визиты рæстæджы уынаффæ цыд Гуырдзыстонимæ ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй фарстыл?

— Ацы фарстыл нæ уынаффæ кодтам. Абон Гуырдзыстон æппындæр ницы аразы, цæмæй перспективæйы гæнæн уаид ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй цахæмдæр фарстытыл æруынаффæ кæнын. Абоны бонмæ ацы паддзахадимæ махæн ницахæм ахастытæ ис, женевæйаг дискусситы фæлгæтты куысты йеддæмæ. Фæлæ та ам дæр Гуырдзыстон йæхи тылиф кæны фæрстæ (РХИ æмæ Абхаз, уæрæсейаг фарсхæцынадæй) дискусситы цы фарст æрæвæрдтой, уыцы документыл къухтæ æрфыссыны æнæмæнгхъæуындзинадæй, кæцы Гуырдзыстоны хæсджын кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй.

— Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг æхгæд у. Цæмæннæ ис гæнæн æмæ уыцы машинæты Хуссар Ирыстоныл ауадзой? Сæрмагондæй, дзы бирæ машинæтæ ис Сомихстонæй.

— Махмæ ацы фарсты тыххæй, ома, сæ нæ паддзахады территорийыл ауадзыны тыххæй ничи бахатыд. Алцыдæр ис дыууæ паддзахады ахастытæ снормалон кæныны фарсты, фæлæ уыцы уавæры тыххæй æз загътон мæ хъуыдытæ.

— Цахæм у уавæр Ленингоры районы?

— Ленингоры район у вазыгджын район. Йæ хицæндзинад ис уый мидæг, æмæ 2008 азы онг районы иу хай кæй соккупаци кодта гуырдзиаг хицауад æмæ уыд Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын. Районы бирæ ис хæццæ бинонтæ, кæмæндæрты та йæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц Тбилисы, кæмæндæрты та сæ ныййарджытæ сты уым. Ацы бастдзинæдтæ дарддæр дæр функци кæнынц. 2008 азы хæст комкоммæ нæ бавнæлдта Ленингоры районмæ. Фæлæ уыцы 15 азы дæргъы, цалынмæ район уыд ахæм уавæры, йæ территорийыл арæзт ницы æрцыд: ничи арæзта æмæ цалцæг кодта фæндæгты, нæ архайдтой цæрæнуат сцалцæг кæныныл, нæ арæзтой сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ скъолатæ. Районы цы скъолатæ æмæ рынчындæттæ уыд, уыдон уыдысты æдзæллаг уавæры. Æппæт уыдæттæ мах федтам, район республикæйы скондмæ куы раздæхт, уæд. Абон нæ хицауад архайы районы проблемæтæ аскъуыддзаг кæныныл. Нæ хæс у районы цæрæг адæмæн бамбарын кæнын, республикæ кæй у нымад, хæдбар, сæрибар бæстæ. Нæ республикæйы цæрын уыдонæн уыдзæн раздæрæй æнцондæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæты фæнды, цæмæй уайтагъд алцыдæр арæзт æрцæуа, фæлæ афтæ вæййы æрмæстдæр аргъауы.

Ленингоры районы мах реализаци кæнæм бирæ проекттæ: практикон æгъдауæй сарæзтам Культурæйы хæдзар, арæзт цæуы астæуккаг скъола, арæзт æрцыд фæндаг, ахæм фæндаг сæм нæ уыд советон хицауады рæстæджы дæр. 2014 азы мах фестæм фæндаджы арæзтад, уый кæрæдзиимæ бæтты Цхинвал æмæ Ленингоры. Автобусон бастдзинад ис, практикон æгъдауæй, æппæт хъæутæм дæр. Ленингоры цæрджытæн сæ бон у сæрибарæй Цхинвалмæ æрцæуын, республикæйæн æддæмæ ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис арæныл ахизыны проблемæтæ. Гуманитарон æмбарындмæ гæсгæ, республикæйы Хицауады уынаффæйæ бæрæг æрцыд специалонæй районы цæрджытæн уадзæн системæ. Уый арæзт æрцыд, уый тыххæй, цæмæй Ленингоры цæрджытæ æмбæлой сæ хиуæттимæ. Бынæттон цæрджытæй гуырдзиаг паспорттæ чи нæ райста, уыдон исынц республикæйы паспорттæ. Куыдфæстагмæ ацы проблемæ æххæстæй скъуыддзаг æрцæудзæн.

— Уæрæсейы скондмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бацыды тыххæй рефе-рендумы темæйыл уынаффæ цыд æрмæст республикæйы нæ, фæлæ Мæскуыйы дæр. Ныртæккæ ацы фарсты фæдыл ныхæстæ фæсабырдæр сты. Цæимæ баст у, уый?

— Президенты цур политикон советы рекомендацимæ гæсгæ референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы президентон æвзæрстыты фæстæ.

Газет «Известия»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.